ХЕСУС МАРТИН | БИОГРАФИ
«Йегъовӕ мӕ фервӕзын кодта, тынг зын мын куы уыд, уӕд»
Ӕз райгуырдтӕн Мадриды 1936 азы. Испайнӕгтӕ уыцы аз никуы ферох кӕндзысты. Уӕд райдыдта мидхӕст. Испанийы зӕххыл туджы зӕйтӕ калд.
Хӕст ахаста ӕртӕ азы бӕрц. Бирӕтӕ сахъатӕй баззадысты ӕмӕ бирӕты зӕрдӕты арф хъӕдгӕмттӕ ныууагъта. Уый зӕгъӕн уыд мӕ фыдӕй дӕр. Мӕ фыд цӕрӕнбонты Хуыцауыл ӕууӕндыд. Фӕлӕ, католикон сауджынтӕ хӕстӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый куы федта, уӕд фӕфыдӕнхъӕл, ӕмӕ-иу дины кой куы фехъуыста, уӕд-иу рамӕсты. Ӕмӕ йӕ нал бафӕндыд, цӕмӕй мӕ кӕстӕр ӕфсымӕримӕ католикон аргъуаны донаргъуыд райстаиккам.
1950 азы нын нӕ дуар дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕрбахостой. Мӕ фыд сӕм байхъуыста ӕмӕ сразы алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕныныл. Уӕд мыл цыди 14 азы ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр уарзтон футболӕй хъазын. Мӕ фыд мын кӕсын кодта, Ӕвдисӕнтӕ йын цы публикацитӕ ныууагътой, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Фӕлӕ мӕн нӕ фӕндыд. Иу бон фӕссихор футболӕй куы ’рбацыдтӕн, уӕд мӕ мады бафарстон: «Ма, уыцы Библи ахуыргӕнджытӕ та ам сты?» Ӕмӕ мын загъта: «О, дӕ фыдимӕ ныхас кӕнынц». Уый куы фехъуыстон, уӕд феддӕдуар дӕн.
Кӕд ӕз рӕстдзинадмӕ ахӕм цӕстӕй кастӕн, уӕддӕр уый мӕ фыды нӕ бакъуылымпы кодта ӕмӕ дарддӕр Библи ахуыр кодта. Цы-иу базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цыд, ӕмӕ 1953 азы донаргъуыд райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Уый мӕм тынг диссаг фӕкасти ӕмӕ йӕм фарстатӕ дӕттын райдыдтон. Суанг ма дзы мӕхицӕн Библи дӕр ракуырдтон. Мӕ фыд баныхас кодта иу ӕрыгон Ӕвдисӕнимӕ Максимо Мурсиаимӕ, ӕмӕ уый мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Дыууӕ азы фӕстӕ, 19 азы мыл куы цыди, уӕд, донаргъуыд райстон, Мадридӕй скӕсӕнырдӕм цы цӕугӕдон ис, уым, Харамӕйы.
Уацамынд диктатор Франкойы рӕстӕг
1950 азты хъусын кӕнын ӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын тынг тӕссаг уыд. Испанийы хицау уыд диктатор Франсиско Франко ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй бӕстӕйы ӕрмӕст католикон дин уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ пъӕлицӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕдыл зылди. Мах ӕмбырд кодтам хӕдзӕртты ӕмӕ архайдтам, цӕмӕй-иу сыхӕгты цӕсты ма бахаудаиккам ӕмӕ пъӕлицӕмӕ ма фӕдзырдтаиккой. Къӕрцхъус уыдыстӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ дӕр. Дыууӕ-ӕртӕ хӕдзары цӕрджытимӕ-иу аныхас кодтам ӕмӕ-иу стӕй уайтагъд ӕндӕр районмӕ ацыдыстӕм. Бирӕтӕ-иу нӕм байхъуыстой, фӕлӕ хорз хабар алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цыд.
Иухатт куы хъусын кодтон, уӕд мӕм католикон сауджын ракаст. Куы йын бамбарын кодтон, цӕмӕн ӕм ӕрбацыдтӕн, уый, уӕд мӕ бафарста: «Чи дын радта бар, цӕмӕй адӕмы хӕдзӕрттӕм цӕуай? Зоныс ӕй, мӕ бон кӕй у, ӕмӕ дыл пъӕлицӕмӕ бахъаст кӕнон?» Ӕз ын загътон, уымӕ цӕттӕ кӕй дӕн. Стӕй ма йын загътон, Йесо Чырыстийы дӕр йе знӕгтӕ ӕрцахсынмӕ кӕй хъавыдысты ӕмӕ диссаг нӕу, йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр ын кӕй ахсынц, уый. Мӕ дзуапп сауджыны зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ мидӕмӕ бацыд, цӕмӕй телефонӕй пъӕлицӕмӕ фӕдзырдтаид. Ӕмӕ ӕз дӕр уайтагъд уырдыгӕй ацыдтӕн.
Уыцы рӕстӕг Испанийы цалдӕр сӕдӕ хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд. Ӕмӕ-иу кӕд ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уӕддӕр-иу ссардтой, хорз хабармӕ-иу чи байхъуыста, бирӕ ахӕм адӕм. 1956 азы февралы, нырма мыл 19 азы цыд, афтӕ мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй a. Уыцы рӕстӕг пионертӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕрыгӕттӕ ӕмӕ сӕм фӕлтӕрддзинад нӕ уыд. Фӕлӕ нӕ цалдӕр миссионеры ахуыр кодтой ӕмӕ нӕ фидар кодтой. Иу ӕрыгон пионеримӕ нӕ снысан кодтой горӕт Аликантемӕ. Уым уӕдмӕ никуы ничи хъусын кодта. Цалдӕр мӕймӕ нын фӕзынд бирӕ Библийы ахуыртӕ ӕмӕ байуӕрстам цалдӕр сӕдӕ публикацийы.
Адӕм уыдтой, цы куыст кӕнӕм, уый. Аликантейы цалдӕр мӕйы куы фестӕм, уӕд нӕ пъӕлицӕйӕгтӕ ӕрцахстой ӕмӕ нын нӕ Библитӕ байстой. 33 боны нӕ ахӕстоны фӕдардтой, стӕй нӕ Мадридмӕ арвыстой ӕмӕ нӕ уым суӕгъд кодтой. Фӕлӕ уӕд ахӕстоны цы рӕстӕг фестӕм, уый ницы уыд, разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уыимӕ абаргӕйӕ.
Мӕ царды ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг
21 азы мыл куы цыд, уӕд мӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Хъуамӕ ацыдаин, горӕт Надоры цы ӕфсӕддон хай уыд, уырдӕм. Уыцы горӕт уыд цӕгат Мароккойы ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыд Испанийы дӕлбазыр. Уым хистӕр лейтенантӕн сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй бамбарын кодтон, ӕфсады кӕй нӕ службӕ кӕндзынӕн ӕмӕ ӕфсӕддон дарӕс дӕр кӕй не скӕндзынӕн. Ӕфсӕддон пъӕлицӕ мӕ арвыста ахӕстон Рострогордомӕ, горӕт Мелильямӕ. Уым мын хъуамӕ ӕфсӕддон тӕрхондон тӕрхон рахастаид.
Цалынмӕ тӕрхонмӕ ’нхъӕлмӕ кастӕн, уӕдмӕ мын, Мароккойы чи службӕ кодта, иу ахӕм испайнаг ӕфсӕддон командир сфӕнд кодта мӕ сӕры зонд бауадзын. Гъемӕ мын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын райдыдтой, 20 минуты дӕргъы мӕ хостой ӕмӕ мӕ къахӕй цавтой, цалынмӕ нӕ бавзӕр дӕн ӕмӕ нӕ ахаудтӕн, уӕдмӕ. Командирмӕ уый фаг нӕ фӕкаст ӕмӕ мын йӕ хъӕбӕр дзабырӕй мӕ сӕрыл балӕууыд. Ныууагъта мӕ, мӕ туг куы ракалд, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уый фӕстӕ мӕ йӕ кабинетмӕ бакодтой. Уым мыл хъӕр кӕнын райдыдта: «Афтӕ ’нхъӕлыс ӕмӕ дӕ ууыл ныууадздзынӕн? Ахӕм митӕ ӕмӕ дын фыддӕр митӕ кӕндзыстӕм алы бон дӕр!» Стӕй хъахъхъӕнджытӕн загъта, цӕмӕй мӕ, зӕххы бын цы камерӕ уыд, уым бакодтаиккой. Уыцы камерӕ уыди уымӕл ӕмӕ талынг. Мӕ фидӕн та мӕм ноджы талынгдӕр каст.
Абоны хуызӕн ӕй хъуыды кӕнын, камерӕйы пъолыл куыд хуыссыдтӕн, мӕ сӕр тугӕй нал зынди, афтӕмӕй. Иу тӕнӕг хъӕццулы йеддӕмӕ мӕм ницы уыд, стӕй ма-иу мӕм иуӕй-иу хатт дыууӕ уырыйы уазӕгуаты ӕрбауадысты. Ӕрмӕстдӕр мӕ бон уыди Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй мын хъарутӕ ӕмӕ фӕразондзинад лӕвӕрдтаид. Уыцы талынг, уазал камерӕйы куывтон ӕмӕ куывтон b.
Дыккаг бон та мӕ ногӕй фӕнадтой – ацы хатт ӕндӕр офицер. Командир та лӕууыд ӕмӕ касти, цӕмӕй мӕ дзӕбӕх фӕнадтаиккой. Раст зӕгъгӕйӕ мӕм уӕд афтӕ касти, ӕмӕ бирӕ нал бафӕраздзынӕн. Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид.
Ӕртыккаг бон та мӕ ногӕй командиры кабинетмӕ акодтой. Ӕз тарстӕн, ногӕй та мӕ куы фӕнӕмой. Кабинетмӕ цӕугӕйӕ Йегъовӕмӕ куывтон. Уым мӕм ӕнхъӕлмӕ касти ӕфсӕддон тӕрхондоны секретарь дон Эстебан c. Уый ӕрбацыд, цӕмӕй мын мӕ хъуыддаг тӕрхондоны ӕвзарынмӕ бацӕттӕ кодтаид.
Дон Эстебан мын мӕ сӕр бӕстытӕй куы федта, уӕд мӕ бафарста, цы ’рцыд, уымӕй. Ӕз нӕ уӕндыдтӕн, хабар куыд уыд, уый радзурын, уымӕн ӕмӕ тарстӕн, тынгдӕр мӕ куы фӕнӕмой, уымӕй. Фӕлӕ йын уӕддӕр алцыдӕр радзырдтон. Уый мӕм байхъуыста ӕмӕ мын загъта: «Мӕ бон нӕу, ӕмӕ дӕ тӕрхонӕй фервӕзын кӕнон. Фӕлӕ дын дзырд дӕттын, кӕй дӕ нал фӕнӕмдзысты».
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, цалынмӕ ахӕстоны уыдтӕн, уӕдмӕ мӕм ӕнгуылдзӕй дӕр ничиуал бавнӕлдта. Нӕ йӕ зонын, дон Эстебан растдӕр уыцы бон цӕмӕн ныхас кодта мемӕ. Фӕлӕ йӕ зонын, Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕн диссаджы хуызы кӕй радта дзуапп. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ кӕй фервӕзын кодта мӕ царды ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг ӕмӕ кӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй бахаудаин, мӕ бон сфӕразын кӕй нӕ бауыдаид, ахӕм фӕлварӕны (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Ӕмӕ ’фсӕддон тӕрхондоны раз куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд ӕй фидарӕй зыдтон, Йегъовӕ мын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.
Ӕфсӕддон тӕрхондон мын 19 азы радта. Фӕстӕдӕр ма мын сӕм 3 азы бафтыдтой, ӕгоммӕгӕс, дам, у, зӕгъгӕ. Мароккойы афӕдз ӕмӕ ’ртӕ мӕйы куы фӕбадтӕн, уӕд мӕ арвыстой ӕндӕр ахӕстонмӕ. Уый уыди Оканьяйы, Мадридмӕ хӕстӕг. Оканьямӕ мӕ кӕй раивтой, уый Йегъовӕйы арфӕдзинад уыди. Рострогордойы ахӕстонимӕ абаргӕйӕ ацы ахӕстон дзӕнӕты хуызӕн уыд. Мӕ камерӕйы уыд сынтӕг, гобан ӕмӕ хуыссӕны цъӕрттӕй дӕр цыдӕртӕ. Цасдӕры фӕстӕ мӕ ахӕстоны бухгалтерӕй сӕвӕрдтой. Фӕлӕ-иу уӕддӕр хатт мӕхимӕ иунӕг кастӕн. Ӕппӕты зындӕр та мын уыд, мӕ зынаргъ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй нӕ уыдтон, уый.
Иуӕй-иу хатт-иу мӕ мӕ ныййарджытӕ абӕрӕг кодтой, фӕлӕ мын уый фаг нӕ уыд. Мӕ ныййарджытӕ мын загътой, ӕфсымӕртӕй ма чидӕртӕ кӕй не сразы сты ӕфсадмӕ ацӕуыныл. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ кувын райдыдтон, цӕмӕй иу ӕфсымӕр уӕддӕр бахаудаид, ӕз кӕм бадтӕн, уыцы ахӕстонмӕ. Ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ зӕрдӕбын куывдтытӕн дзуапп радта, ӕнхъӕл куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕртӕ ’фсымӕры сбадын кодтой, ӕз цы ахӕстоны уыдтӕн, уым. Уыдон уыдысты Альберто Контихоч, Франсиско Диас ӕмӕ Антонио Санчес. Цыппар азы ахӕстоны иунӕгӕй фӕдӕн. Ӕмӕ та ныр ме ’фсымӕртимӕ уыдтӕн. Цыппарӕй иумӕ Библи иртӕстам ӕмӕ хъусын кодтам иннӕ ахст адӕмӕн.
Ссӕрибар дӕн ӕмӕ та ногӕй хъусын кӕнын
1964 азы мӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр суӕгъд кодтой. Кӕд ахӕстоны 22 азы хъуамӕ фӕбадтаин, уӕддӕр дзы ӕрмӕст 6 азы ӕмӕ ӕрдӕг фӕбадтӕн. Цы бон мӕ рауагътой, уыцы бон ацыдтӕн ӕмбырдмӕ. Кӕд мӕм ӕхца бирӕ нӕ уыд, уӕддӕр Мадридмӕ таксийыл ацыдтӕн ӕмӕ ӕмбырды райдианмӕ бахӕццӕ дӕн. Куыд тынг цин кодтон, ногӕй та хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕй уыдтӕн, ууыл! Фӕлӕ мӕн, ӕфсымӕртимӕ уыдаин, ӕрмӕст уый нӕ фӕндыд. Мӕн фӕндыд ногӕй пионерӕй лӕггад кӕнын. Кӕд пъӕлицӕ нырма нӕ фӕдыл зылд, уӕддӕр адӕм хорз хабармӕ хъуыстой, ӕмӕ нын бирӕ куыст уыд.
Уыцы рӕстӕг базонгӕ дӕн Мерседесимӕ, зынгзӕрдӕ ӕрыгон хоимӕ. Лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй. Мерседес уыди сӕрныллӕг хо ӕмӕ цӕттӕ уыди алкӕмӕн дӕр хъусын кӕнынмӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау кӕй уыди, уымӕй. Кӕрӕдзи бауарзтам ӕмӕ иу азы фӕстӕ нӕ цард баиу кодтам. Мерседесимӕ кӕй фембӕлдтӕн, уый уыди Йегъовӕйы арфӕдзинад.
Нӕ чындзӕхсӕвӕй мӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ снысан кодтой цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Алы къуыри дӕр ӕндӕр ӕмбырд бӕрӕг кодтам ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хъусын кодтам. Испанийы фӕзынд ног ӕмбырдтӕ, ӕмӕ ’фсымӕртӕн хъуыди ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Ахӕм кад дӕр ма мӕм ӕрхауд, ӕмӕ цыбыр рӕстӕг лӕггад кодтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы Барселонӕйы. Уӕд сӕ куыст кодтой сусӕгӕй.
1967 азы нӕ уавӕр фӕивта, ӕмӕ нӕ бон уыд Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Уыцы рӕстӕг хицауад закъон рауагъта, Испанийы алкӕмӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй, цавӕр диныл ӕй фӕнды, ууыл хӕст уа. Ӕппынфӕстаг 1970 азы хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты регистраци скодта. Ныр нӕ бон уыд сӕрибарӕй ӕмбырд кӕнын, уыдис нын нӕхи Паддзахады залтӕ ӕмӕ ма суанг филиал дӕр бакодтам.
Ног хӕстӕ
1971 азы нӕ Мерседесимӕ фӕхуыдтой Барселонӕмӕ ног Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Фӕлӕ иу азы фӕстӕ Мерседес басывӕрджын ӕмӕ нӕ бахъуыд Вефилӕй ацӕуын. Райгуырд нын диссаджы чызг, Абигайл, ӕмӕ нын фӕзынд ног хӕс – нӕ чызджы хъомыл кӕнын.
Абигайл рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд нӕм филиалӕй ӕрбадзырдтой ӕмӕ нӕ бафарстой, уӕ бон та нӕ уаид ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын, зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах та скуывтам, стӕй фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ аныхас кодтам. Иу хистӕр нӕлгоймаг мын загъта: «Хесус, кӕд де ’ххуыс хъӕуы, уӕд сразы у». Афтӕ та нын фӕзынд ног хӕс. Фыццаг рӕстӕг бӕрӕг кодтам, нӕ хӕдзармӕ ’ввахс чи уыд, уыцы ӕмбырдтӕ, цӕмӕй нӕ бон уыдаид Абигайлмӕ нӕ хъус дарын. Фӕлӕ куы сыстыр ӕмӕ хицӕнӕй цӕрын куы райдыдта, уӕд нӕ бон уыд нӕ лӕггады фылдӕр аразын.
Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кодтон 23 азы, ӕмӕ мын уыцы азты дӕргъы Мерседес ӕххуыс кодта. Мӕ лӕггад мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, уымӕн ӕмӕ мӕ бон уыди мӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы ӕрыгӕтты фидар кӕнын. Иуафон та ахуыр кодтон хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты. Цӕргӕ та кодтам Мадриды Вефилы. Вефилӕй иу-ӕртӕ километры дарддӕр ис цӕугӕдон Харамӕ. Уый у, 1955 азы донаргъуыд кӕм райстон, уыцы цӕугӕдон. Уыцы рӕстӕг хъуыды дӕр нӕ акодтаин, бирӕ азты фӕстӕ ардӕм кӕй ӕрыздӕхдзынӕн ӕмӕ ӕрыгон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кӕндзынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕ бон уа фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын.
2013 азӕй фӕстӕмӕ та лӕггад кӕнӕм сӕрмагонд пионертӕй. Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнай ӕмӕ стӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайай, уый, раст зӕгъгӕйӕ, ӕнцон нӕу. Фӕлӕ йӕ стӕй бамбӕрстон, афтӕ хуыздӕр кӕй уыд. Фӕстаг рӕстӕг ме ’нӕниздзинад фӕцудыдта, мӕ зӕрдӕйыл ма мын уӕззау операци дӕр скодтой. Ахӕм рӕстӕджыты-иу мӕ раздӕрау хъуыди мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Ӕмӕ мӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта. 56 азы дӕргъы мӕ иузӕрдион бинойнаг Мерседес уыдис мӕ фарсмӕ, нӕ организаци мын цыфӕнды ма бахӕс кодтаид, уӕддӕр.
Арӕх ӕрхъуыды кӕнын, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты куы ахуыр кодтон, уыцы рӕстӕг. Мӕ цӕстытыл ауайынц ӕрыгон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕсгӕмттӕ, куыд зынгзӕрдӕ уыдысты, уый. Ӕмӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц мӕхи ӕрыгон бонтӕ ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд куыд зынгзӕрдӕ уыдтӕн, уый. Мӕ царды зын рӕстӕджытӕ дӕр уыди. Фӕлӕ, ӕхсызгонӕй кӕй ӕрымысын, ахӕм хорз хабӕрттӕ дӕр дзы бирӕ уыди. Зын фӕлварӕнты бирӕ цыдӕртӕ бамбӕрстон. Сӕйраджыдӕр та – хъуамӕ мӕ ныфс мӕхи хъаруйыл ма дарон. Мӕ фӕлварӕнты федтон Йегъовӕйы тыхджын къух – алкӕддӕр мӕ фидар кодта, суанг-иу мын тынг зын куы уыд, уӕд дӕр (Филиппӕгтӕм 4:13).
a Сӕрмагонд пионер у ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг ӕмӕ цӕттӕ вӕййы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиал ӕй кӕдӕм фервиты, уырдӕм ацӕуынмӕ. Сӕрмагонд пионерты арвитынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фӕфаг кӕны, ахӕм рӕттӕм.
b Уый уыди афтид камерӕ ӕнӕ туалетӕй, уыди цыппар квадратон метры. Фӕдӕн дзы авд мӕйы. Хуыссыдтӕн зӕхбын пъолыл, уыдис мӕм ӕрмӕстдӕр хъӕццул.
c Испайнаг ӕвзагыл кӕм дзурынц, уыцы бӕстӕты нӕлгоймагмӕ уӕзданӕй куы фӕдзурынц, уӕд ын йӕ номмӕ разӕй бафтауынц дзырд «дон».