Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн, цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уа, уӕд дӕр

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн, цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уа, уӕд дӕр

Бирӕ бӕстӕты алцыдӕр зынаргъӕй-зынаргъдӕр кӕны, ӕмӕ уый тыххӕй адӕмӕн цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у, уыимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дӕр. Фӕлӕ уыдон ӕгӕр нӕ мӕт кӕнынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй «никуы ферох кӕндзӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5). Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. Ӕмӕ йын Филиппинты цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдоны дӕр нӕ ныууагъта. Уыцы бӕстӕйы бирӕтӕ абон дӕр тынг мӕгуыр цӕрынц. Фӕлӕ дзы 1970–1980 азты уӕлдай зын рӕстӕджытӕ уыд.

Иу хо, Вики a, зӕгъгӕ, загъта: «Иуӕй-иу хатт-иу куыдтон, уымӕн ӕмӕ нын хӕринаг нӕ фаг кодта. Афтӕ дӕр-иу уыд, ӕмӕ-иу нӕм пырындз, цӕхх ӕмӕ дон йеддӕмӕ ницы уыд». Иу ӕфсымӕрӕн, Флоренсиойӕн, йӕ бон куыст ссарын нӕ уыд. Флоренсио загъта: «Уыди мын ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хӕдоны ӕмӕ ӕртӕ хӕлафы ӕмӕ-иу ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм уыдон дардтон». Йегъовӕйы адӕмӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой? Сӕ хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн, махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕивой, уӕд?

Сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой

Филиппинты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, уыцы зын рӕстӕджыты сын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 13:6). Ӕмӕ-иу сын арӕх баххуыс кодта, ӕнхъӕл-иу куыд нӕ уыдысты, афтӕ. Зӕгъӕм, иу хо, Сесил, радзырдта: «Пырындз ма нӕм иугыццыл уыд ӕмӕ райсомӕй цыппарӕй хӕрыныл ӕрбадтыстӕм. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куывтам, цӕмӕй нын радтаид, уыцы бон нӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уый. Нырма хӕргӕ кодтам, афтӕ нын иу ӕфсымӕр фондз килӕйы пырындз ӕрбахаста. Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдыстӕм ӕмӕ фырцинӕй нӕ цӕссыгтӕ калдысты. Ӕмӕ ныл ахӕм хабӕрттӕ бирӕ хӕттыты ӕрцыд».

Хуыцауы адӕм ма архайдтой, Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 2:6, 7). Зӕгъӕм, иу хо, Арселитӕ, донаргъуыд уыцы рӕстӕг райста. Уӕд нырмӕ чындзыцыд нӕ уыд ӕмӕ йын цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын уыд. Арселитӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта. Стӕй ахъуыды кодта Ӕмбисӕндтӕ 10:4 стихыл. Уым фыст ис: «Кусынмӕ зивӕг чи кӕны, уый уыдзӕн мӕгуыр, куыстуарзаг та йӕ къухты фыдӕбонӕй схъӕздыг уыдзӕн». Ӕмӕ йӕ бафӕндыд уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын ӕмӕ йӕ цӕхӕрадон бакусын. Арселитӕ загъта: «Йегъовӕ мын раарфӕ кодта. Цы тыллӕг-иу ӕрӕмбырд кодтон, уый мын хӕрыны фаг дӕр уыди ӕмӕ-иу дзы уӕй дӕр акодтон, цӕмӕй-иу мӕм фӕндаггаг ӕхца уыдаид».

Ӕмбырдтӕ нӕ цух кодтой

Ӕфсымӕртӕн ма ӕхца нӕ фаг кодта зӕхх балхӕнынӕн ӕмӕ Паддзахады залтӕ саразынӕн. Фӕлӕ сӕ фӕндыд Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ хъусын – иумӕ ӕмбырд кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзи фидар кӕнын (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой. Зӕгъӕм, иу хо, Деборӕ, радзырдта: «Ӕмбырдтӕ-иу нын уыди, пионертӕй кӕимӕ лӕггад кодтам, уыцы хоимӕ цы навес сарӕзтам, уый бын. Йӕ сӕр ын пальмӕйы къалиутӕй бамбӕрзтам, йӕ къултӕ йын кокосы къалиутӕй сарӕзтам, бандӕттӕ та – пальмӕйы хъӕдтӕй. Ӕмӕ-иу ӕхсӕзӕй уым ӕрӕмбырд стӕм».

Фӕлӕ сын ӕмбырдтӕ арӕхдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хӕдзӕртты уыдысты. Иу хо, Вирджинийӕ, радзырдта: «Нӕ гыццыл хӕдзар кӕрдӕг ӕмӕ бамбукӕй конд уыди. Ӕмӕ-иу алы сабаты дӕр хӕдзары дзауматӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ рахастам, цӕмӕй-иу хуыцаубоны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр бынат уыдаид». Ӕндӕр хӕдзарӕн та йӕ цар тӕдзгӕ кодта. Ӕфсымӕр Ноэль радзырдта: «Куы-иу уарыд, уӕд-иу, кӕм тагъд, уым ведратӕ сӕвӕрдтам. Фӕлӕ нӕм уыдӕттӕ нымады дӕр нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ уыдыстӕм».

Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кодтой

Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Линдинӕ цӕры сакъадах Негросы. Уый радзырдта: «Стыр бинонтӕ нын уыди. Кусгӕ та ӕрмӕстдӕр мӕ фыд кодта ӕмӕ-иу нӕм алы хатт фӕндаггаг ӕхца нӕ уыд. Гъемӕ-иу арӕх участоктӕм фистӕгӕй цыдыстӕм. Фӕлӕ уый тынг хъӕлдзӕг рӕстӕг уыди, уымӕн ӕмӕ-иу иууылдӕр иумӕ уыдыстӕм. Стӕй зыдтам, Йегъовӕ нӕ райгонд кӕй у».

Зындзинӕдты рӕстӕг дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кодтой

Тынг зын ма уыди дард рӕттӕм, хӕхбӕстӕм, хъусын кӕнынмӕ цӕуын, уымӕн ӕмӕ дзы транспорты хабар тынг ӕвзӕр уыд. Эстер цӕры сакъадах Лусоны. Уый радзырдта: «Хъусын кӕнынмӕ-иу ацыдыстӕм иу-6–12 адӕймагӕй. Раджы-иу сыстадыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг бирӕ цӕуын хъуыд. Ӕнӕхъӕн бон-иу уацамынды уыдыстӕм. Немӕ-иу хӕринаг рахастам, бӕласы аууон-иу сбадтыстӕм ӕмӕ-иу бахордтам. Иуӕй-иу хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ уыд, цы бахордтаиккой, уый, фӕлӕ-иу уӕддӕр рацыдысты. Мах-иу сын загътам, ма тыхсут, хӕринаг нӕм алкӕй фаг дӕр ис, зӕгъгӕ».

Йегъовӕ сын сӕ удуӕлдай лӕггады тыххӕй раарфӕ кодта. Зӕгъӕм, 1970 азты Филиппинты уыди 54 789 хъусынгӕнӕджы. 1989 азмӕ та сӕ нымӕц, зӕгъӕн ис, дыууӕ хатты фӕфылдӕр. Уыдысты 102 487 хъусынгӕнӕджы. 2023 азы Филиппинты хъусынгӕнджыты нымӕц сси 253 876.

«Мӕгуыр уыдыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы уарзтам»

Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цардамӕлттӕ кӕнын зын уыди, уӕддӕр амондджын уыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кодтой. Иу ӕфсымӕр, Антонио, загъта: «Мӕгуыр уыдыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы уарзтам». Иу хо, Фе Абад, та загъта: «Мӕ лӕгимӕ нын ӕхца куы нӕ фаг кодта, уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс стӕм. Хуымӕтӕг цард кодтам, фӕлӕ амондджын уыдыстӕм. Нӕ сывӕллӕттӕ дӕр сахуыр сты сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын».

Лусилӕ цӕры сакъадах Самары ӕмӕ афтӕ загъта: «Мӕгуыр куы уай, уӕд дӕр дӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нын сӕйрагдӕр куы уа, уӕд фагыл нымайдзыстӕм, цы нын ис, уый ӕмӕ алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдон Йегъовӕйы кӕй базыдтой ӕмӕ стӕй мемӕ пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой, уымӕй ӕхсызгондӕр мын ницы уыд».

Зонӕм ӕй, фидӕны нӕ алчидӕр зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, иу хистӕр нӕлгоймаджы, Родолфойы, ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл куы дариккам. Уый ныффыста: «1970–1980 азты тынг уӕззау рӕстӕджытӕ уыди. Фӕлӕ йӕ уыдтон, Йегъовӕ мын куыд ӕххуыс кодта. Кӕд мӕм ӕхца гыццыл уыди, уӕддӕр мӕхимӕ мӕгуыр нӕ кастӕн. Йегъовӕ мыл тыхсти. Абон мӕ цардӕй райгонд дӕн ӕмӕ дзӕнӕты цы „ӕцӕг цард“ уыдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын» (1 Тимофеймӕ 6:19).

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.