Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Киноныв «Йесойы царды хабӕрттӕ». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнынц

Киноныв «Йесойы царды хабӕрттӕ». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнынц

2024 АЗ, 1 ОКТЯБРЬ

 Ацы аз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, кинонывӕн «Йесойы царды хабӕрттӕ» йӕ фыццаг сери кӕд рацӕудзӕн, уымӕ. Милуантӕ йӕ федтой. Ӕмӕ уый у 18 серийӕ фыццаг! Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы аразынц, цӕмӕй киноныв сисой ӕмӕ уыцы хъуыддаджы сымах куыд ӕххуыс кӕнут?

Актертӕ ӕмӕ, киноныв чи исы, уыдон

 Кинонывӕн йӕ фылдӕр хай исынц Австралазийы филиалы. Ӕмӕ дзы алы скъуыддзаг исгӕйӕ фӕархайы 50–80 адӕймаджы a. Ӕрцӕттӕ сын кӕнынц сихор, ӕхсӕвӕр ӕмӕ ма ӕндӕр истытӕ. Цы сын хӕрын кӕндзысты, ууыл рагацау ахъуыды кӕнынц. Эстер лӕггад кӕны, хӕринагӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хайады ӕмӕ загъта: «Хӕринаг цӕмӕй фӕкӕнӕм, уыдӕттӕ алы рӕтты балхӕнӕм, цӕмӕй хӕрзхъӕд уой ӕмӕ нын асламдӕр слӕууой. Стӕй ма фӕкӕсӕм, хӕринаг цал адӕймагӕн хъуамӕ скӕнӕм, уымӕ дӕр, цӕмӕй-иу дзы бирӕ ма баззайа». Алы бон дӕр иу адӕймагӕн хӕринагыл ацӕуы 4 доллӕры бӕрц.

 Фӕлӕ, кинонывы чи архайы ӕмӕ йӕ чи исы, уыдоны ӕрмӕст хӕринаг нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ ма сӕ фӕхъӕуы хъахъхъӕнын дӕр. Цымӕ цӕмӕй? Австралийы хур тынг судзы ӕмӕ тӕссаг вӕййы, хур дӕ куы ныццӕва, уымӕй. Ӕмӕ киноныв куы фӕисынц, уӕд сӕвӕрынц палаткӕтӕ ӕмӕ уӕлдӕф уазалгӕнӕнтӕ. Стӕй бацархайынц, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм уа, хурӕй чи хъахъхъӕны, ахӕм кремтӕ, зонтиктӕ ӕмӕ дон. Кевин лӕггад кӕны аудио- ӕмӕ видеозаписьты хайады ӕмӕ загъта: «Ам чи кусы, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты, Вефилӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Тынг сӕрныллӕг сты ӕмӕ нын ацы хъуыддаджы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты цингӕнгӕйӕ феххуыс кӕнынц. Ӕнӕ уыдонӕй нын ницы рауадаид».

Киноныв ӕддейӕ куы фӕисӕм

 Иуӕй-иу скъуыддзӕгтӕ фӕхъӕуы ӕндӕр ран сисын, цӕмӕй хорз рауайой. Зӕгъӕм, рагзаманты хабӕрттӕ исгӕйӕ фӕхъӕуы ахӕм бынӕттӕ ссарын, цӕмӕй дзы ма уа рухсы телтӕ, асфальт фӕндӕгтӕ ӕмӕ нырыккон хӕдзӕрттӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй бахъӕуы дард рӕттӕм ацӕуын. Костюмтӕ, дзауматӕ ӕмӕ аппаратурӕ фӕхъӕуы къоппыты сӕвӕрын, раласын ӕмӕ сӕ ахӕм ран дарын, цӕмӕй сыл мацы ’рцӕуа. Киноныв исыны размӕ ӕфсымӕртӕ бацархайынц, цӕмӕй дзы уа генератортӕ, нуазынӕн сыгъдӕг дон ӕмӕ туалеттӕ. Актерты ӕмӕ, киноныв чи фӕисы, уыцы къорд ӕрцӕрын кӕнынц бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм, трейлерты, гостиницӕты кӕнӕ гыццыл хӕдзӕртты.

Киноныв студийы куы нӕ фӕисӕм, уӕд алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм

 Киноныв студийы куы нӕ фӕисӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы бирӕ ӕхца ӕмӕ йыл рӕстӕг дӕр бирӕ ацӕуы, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр бафӕллайынц. Гъемӕ 2023 азы Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй тынг стыр экран балхӕдтаиккам. Йӕ аргъ у 2 миллуан доллӕры ӕмӕ ’рдӕг. Уыцы стыр экраны фӕрцы кинонывы скъуыддзӕгтӕ афтӕ сисӕн вӕййы, цыма, зӕгъӕм, уынджы кӕнӕ ӕрдзы хъӕбысы ист сты, афтӕ. Ӕмӕ нӕ арӕх нал фӕхъӕуы ӕндӕр рӕттӕм цӕуын ӕмӕ уым исын. Даррен лӕггад кӕны Австралазийы филиалы комитеты. Уый загъта: «Ныр актертӕ тынг нӕ бафӕллайынц ӕмӕ нӕ бон вӕййы уыцы иу скъуыддзаг бирӕ хӕттыты сисын. Зӕгъӕм, киноныв искуы ӕддейӕ куы истаиккам, уӕд нын хурныгуылд сисынӕн уыдаид ӕрмӕстдӕр фондз минуты. Фӕлӕ ныр экраны фӕрцы нӕ бон у хурныгуылд бирӕ хӕттыты сисын, цӕмӕй-иу скъуыддзаг хорз рауайа».

Киноныв исыны размӕ фӕлварынц, ног стыр экран куыд кусы, уый

«Тынг райгондӕй баззадтӕн!»

 Кинонывы «Йесойы царды хабӕрттӕ» алы сери сисынӕн фӕхъӕуы бирӕ актертӕ ӕмӕ ӕххуысгӕнджытӕ. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕхсызгон вӕййы, Вефилы бинонтӕ сыл кӕй тыхсынц, уый.

 Эмбер цӕры Мельбурны ӕмӕ йӕ бахъуыд 700 километрӕй фылдӕр ацӕуын, цӕмӕй ацы хъуыддаджы баххуыс кодтаид. Эмбер ныффыста: «Куы ’рцыдтӕн, уӕд мыл Вефилы ӕфсымӕртӕ тынг батыхсты. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй-иу мӕ бирӕтӕ уазӕгуаты фӕхуыдтой. Кусгӕ кӕимӕ кодтон, уыдон дӕр мӕ тынг бауарзтой ӕмӕ мын семӕ ӕнцон уыд. Бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн. Тынг райгондӕй баззадтӕн!»

 Дерик дӕр ӕххуыс кӕны ацы киноныв исынӕн. Уый зӕгъы: «Суанг райдианӕй нын бирӕ хайӕдтӕ ӕххуыс кодтой. Тынг бузныг дӕн, мӕ алыварс чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй. Уыдон сӕ рӕстӕг, се ’хцатӕ ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц. Ӕххуыс кӕнынмӕ рӕвдз вӕййынц ӕмӕ тынг хӕларзӕрдӕ сты. Бӕрӕг у, Йегъовӕ уыдонӕн дӕр ӕмӕ махӕн дӕр кӕй арфӕ кӕны. Фидарӕй йӕ зонын, Йегъовӕ ӕрмӕст ууыл кӕй нӕ тыхсы, цӕмӕй куыст арӕзт ӕрцӕуа, фӕлӕ уыцы куыст куыд аразӕм, ууыл дӕр».

 Стыр бузныг уын, ацы киноныв сисынӕн мысайнӕгтӕ кӕй дӕттут. Бирӕтӕ мысайнаг ӕрбарвитынц сайты уылты donate.pr418.com.

a Австралазийы филиал ис Австралийы, горӕт Сиднейы. Ӕмӕ нӕ хъуыддагӕн разамынд дӕтты бирӕ бӕстӕты, зӕгъӕм, Австрали ӕмӕ Сабыр океаны хуссар хайы кӕцыдӕр бӕстӕты.