УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ
Миссионертӕ хорз хабар хӕссынц «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр»
2021 АЗ, 1 ИЮНЬ
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнынц ацы фӕдзӕхст. Фӕлӕ зӕххы къорийы кӕцыдӕр хӕйтты хорз хабар нырма бирӕтӕ нӕ фехъуыстой, уыимӕ, бирӕ адӕм кӕм цӕры, иуӕй-иу ахӕм стыр территориты. Кӕцыдӕр бӕстӕты та Ӕвдисӕнтӕ бирӕ нӕй (Матфейы 9:37, 38). Цымӕ цы аразӕм, цӕмӕй гӕнӕн уӕвгӕйӕ фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнӕм?
Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕныны тыххӕй Разамонӕг советы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитет миссионерты снысан кӕны, ӕххуыс кӕм фӕхъӕуы, уыцы рӕттӕм. Абон ӕгас дунейы миссионертӕй лӕггад кӕны 3 090 адӕймаджы a. Бирӕтӕ дзы ахуыр кодтой нӕ организацийы скъолаты, уыдонӕй иу у Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Миссионертӕ ӕнӕзивӕгӕй сразы вӕййынц сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзыныл ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуыныл. Уыцы миссионертӕ вӕййынц фӕлтӕрдджын ӕмӕ скъолайы бирӕ цыдӕртӕ базонынц ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц. Уый фӕрцы сӕ бон вӕййы ӕмбырдтӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕн фӕзминаг вӕййынц.
Миссионертӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ ӕххуыс кӕнӕм иннӕтӕн
Алы филиалы дӕр ис, сӕрмагонд лӕггадгӕнджытӕн чи ’ххуыс кӕны, ахӕм хайад. Уыцы хайад ӕмгуыст кӕны филиалы комитетимӕ, цӕмӕй миссионертӕн уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый, зӕгъӕм, хуымӕтӕг цӕрӕн бынат, ӕхца лыстӕг хӕрдзтӕн ӕмӕ сӕхи дзӕбӕх кӕнынӕн. 2020 лӕггады азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ миссионертыл бахардз кодтой 27 милуан доллӕры бӕрц. Уыцы ӕххуысы фӕрцы миссионертӕн сӕ бон у сӕ тыхтӕ иууылдӕр саразын хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ, цы ӕмбырдты лӕггад кӕнынц, уыдон фидар кӕнынмӕ.
Миссионертӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд ӕххуыс кӕнынц? Фрэнк Мэдсен лӕггад кӕны Малавийы филиалы комитеты ӕмӕ зӕгъы: «Миссионертӕ хъӕбатыр ӕмӕ фӕлтӕрдджын кӕй сты, уый фӕрцы ӕмбырдтӕ хъусын кӕнын райдайынц, хъусын кӕнын зын кӕм у, ахӕм территориты, зӕгъӕм, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм хӕдзӕртты ӕмӕ, ӕндӕр ӕвзӕгтыл кӕм дзурынц, ахӕм районты. Уымӕй уӕлдай ма, бынӕттон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ куыд зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕн сӕ зӕрдӕйы зынг ссудзы ӕмӕ ӕрыгӕтты дӕр бафӕнды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм нӕ зынгзӕрдӕ миссионерты тыххӕй».
Ӕндӕр филиалы комитетӕй та иу ӕфсымӕр загъта: «Миссионертӕм кӕсгӕйӕ фенӕн ис, Йегъовӕйы адӕм ӕгас зӕххыл дӕр куыд ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд сты, уый. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, суанг уыдон дӕр уынынц, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм, уӕддӕр кӕй нӕ дихтӕ кӕнӕм, фӕлӕ Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы ӕнӕхъӕн дунейы дӕр иууылдӕр иу бинонты хуызӕн кӕй систӕм».
Миссионертӕ бынӕттон хъусынгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц? Скӕсӕн Тиморӕй иу ӕфсымӕр, Пауло, миссионертӕй бузныг у, йе ’мбырдӕн ын куыд ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй. Пауло загъта: «Кӕм цӕрӕм, уым тынг-тынг тӕвд у. Ӕмӕ нӕм кӕд миссионертӕ, климӕт уазал кӕм у, ахӕм ранӕй ӕрцыдысты, уӕддӕр сӕ боныхъӕд никуы баурӕдта. Райсомӕй нын цы уацамындон фембӕлдтӕ вӕййы, уым алкӕддӕр вӕййынц. Арӕх фенын, сихорӕй, бӕстӕ фыртӕвдӕй куы фӕсудзы, уӕд дӕр, ӕмӕ изӕрыгӕтты дӕр адӕмы ногӕй куыд фӕбӕрӕг кӕнынц. Бирӕтӕн баххуыс кодтой рӕстдзинад базонынӕн, уыимӕ мӕнӕн дӕр. Ӕппӕт удӕй Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнды фылдӕр лӕггад кӕнын».
Кетти, ӕххӕстрӕстӕг пионер Малавийӕ, радзырдта, дыууӕ миссионеры йын, лӕг ӕмӕ ус, йӕ бинонтӕн куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй: «Не ’мбырдмӕ сӕ куы снысан кодтой, уӕд нӕ бинонтӕй мӕн йеддӕмӕ Ӕвдисӕн ничи уыд. Фӕлӕ мын уыдон тынг баххуыс кодтой ӕмӕ нӕ бинонтимӕ тынг балымӕн сты. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ мӕ сывӕллӕттӕ уыдтой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ адӕймаг амондджын кӕй вӕййы. Миссионерты фӕрцы ме ’ртӕ чызджы дӕр ныр лӕггад кӕнынц пионертӕй, мӕ сӕрыхицау та ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта».
Цӕмӕй миссионертӕн сӕ бон ӕндӕр бӕстӕты лӕггад кӕнын уа, уый тыххӕй ӕхца кӕцӕй райсӕм? Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн кӕй дӕттут, уыцы мысайнӕгтӕй. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕрбарвитут сайты уылты donate.pr418.com. Уӕ рӕдаудзинады тыххӕй уӕ стыр бузныг стӕм.
a Уыцы миссионертӕ лӕггад кӕнынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы ӕмбырдты. Уыдонӕй уӕлдай ма миссионертӕй чидӕртӕ лӕггад кӕнынц районон цӕстдарджытӕй. Уыцы районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттӕ иумӕ сты 1 001 адӕймаджы.