Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Нӕ зарджыты фӕрцы Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм

Нӕ зарджыты фӕрцы Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм

2021 АЗ, 1 НОЯБРЬ

 Музыкӕ у Йегъовӕйы диссаджы лӕвар. Музыкӕ ӕндавы нӕ хъуыдытыл, нӕ зӕрдӕйыуагыл ӕмӕ нӕ цӕмӕдӕрты сразӕнгард кӕны. Уый зӕгъӕн ис нӕ зарджытӕй дӕр. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай нӕ зарджыты фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм Йегъовӕмӕ.

 2014 азӕй фӕстӕмӕ рауагътам 70 зарӕгӕй фылдӕр. Ӕмӕ дзы ныр ӕппынкъаддӕр иу зарӕг ис 500 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Уыцы зарджытӕ чи ӕрхъуыды кӕны ӕмӕ сӕ куыд фӕфыссынц?»

Зарджытыл куыд фӕкусынц?

 Зарджытӕ рауадзы аудио- ӕмӕ видеозаписьты хайады чи кусы, уыцы къорд. Уыцы хайадмӕ йӕ хъус дары Разамонӕг советы Ахуырадон комитет. Къорды ис 13 хо ӕмӕ ’фсымӕры. Уыдон зарджытӕ ӕрхъуыды кӕнынц, ныффыссынмӕ сӕ бацӕттӕ кӕнынц ӕмӕ ӕндӕр куыстытӕ фӕкӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма ахуырадон комитет бар радта, цӕмӕй уыцы къордӕн ӕххуыс кӕной барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕхъӕн дунейӕ дӕр, зӕгъӕм, композитортӕ, музыканттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ. Уыцы сӕрныллӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ курдиӕттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй сӕхи нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы кадджын кӕной.

 Зарджытӕ куыд фӕфыссӕм? Фыццаг: Ахуырадон комитет уынаффӕ рахӕссы, зарӕг кӕцы стихыл арӕзт уыдзӕн ӕмӕ зарӕгмӕ хъусгӕйӕ адӕймагмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ хъуамӕ фӕзына, уый. Уый фӕстӕ, зарджытыл чи кусы, уыцы къорд равзары, зарӕгмӕ музыкӕ ӕмӕ ныхӕстӕ чи ныффысдзӕн. Зарӕгӕн уал скӕнынц фыццаг запись, цӕмӕй феной, куыд хъуысы, уый. Ахуырадон комитет ӕм байхъусы ӕмӕ уынаффӕтӕ ратты. Уый фӕстӕ къорд зарӕгыл ногӕй бакусы ӕмӕ, цӕттӕ куы вӕййы, уӕд ӕй ныффыссы. Нӕ зарджытӕ запись фӕкӕнӕм алы рӕтты, зӕгъӕм, филиалты кӕнӕ, йӕ хӕдзары зарджытӕ фыссынӕн аппаратурӕ кӕмӕ ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй искӕмӕ.

 Ӕфсымӕртӕ зарджытӕ куы фӕфыссынц, уӕд фӕпайда кӕнынц алыхуызон компьютерон программӕтӕй, музыкалон инструменттӕй, колонкӕтӕй, микрофонтӕй ӕмӕ ӕндӕр аппаратурӕйӕ. Иу микрофонӕн йӕ аргъ у 100 доллӕрӕй 1 000 доллӕры онг кӕнӕ уымӕй фылдӕр. Зарджытӕ фыссынӕн цы аппаратурӕ хъӕуы, ууыл 2020 азы бахардз кодтам 116 000 доллӕры.

 Цӕмӕй ӕхца къаддӕр хардз кӕнӕм, уый тыххӕй цы аразӕм? Зарджытӕ уадзынӕн нын Вефилы стыр музыкалон къорд нӕй, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕнынц барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ. Стӕй музыкӕ ныффыссыны тыххӕй стыр оркестр нӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм. Уый бӕсты ӕфсымӕртӕ музыкӕ арӕх ныффыссынц компьютерон программӕйы фӕрцы.

«Мӕ уырнындзинад мын тынг фидар кӕнынц»

 Нӕ зарджытӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц. Тарӕ цӕры Германийы. Уый зӕгъы: «Истӕуыл куы фӕмӕт кӕнын, уӕд мын нӕ зарджытӕ мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕнынц. Мӕ мадӕлон ӕвзагыл сӕм куы фӕхъусын, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма мӕ Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта». Ӕфсымӕр Дмитрий та Казахстанӕй зӕгъы: «Нӕ зарджытӕм хъусын уарзын, уымӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕхъӕуы хъуыды кӕнын, сӕ ныхӕстӕ Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ сты ӕви нӕ, ууыл. Стӕй ма мын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мӕ хъуыдытӕ баст уой, Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис, уыимӕ».

 Делия цӕры Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Нӕ зарджыты тыххӕй Делия загъта: «Мӕ уырнындзинад мын тынг фидар кӕнынц. Ӕнкъард мын куы вӕййы кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинадыл куы сӕмбӕлын, уӕд алы хатт дӕр ссарын, мӕ уавӕры мӕ чи бафидар кӕны, ахӕм зарӕг. Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ куыддӕр зарӕгмӕ хъусын райдайын, афтӕ фӕхъӕлдзӕгдӕр вӕййын!»

 Иуӕй-иу зарджытӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр цӕуынц. Лерато дӕр цӕры Хуссар-Африкаг Республикӕйы ӕмӕ зӕгъы: «Ӕппӕты тынгдӕр уарзын зарджытӕ „Дзӕнӕт къӕсӕрыл ис“ ӕмӕ „Ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм“. Куы сӕм фӕхъусын, уӕд алы хатт дӕр мӕ цӕстытыл фӕуайы, ног дунейы мамӕ мӕ размӕ куыд разгъоры, цӕмӕй мын ныхъхъӕбыс кӕна».

 Иу ӕрыгон хойӕн Шри-Ланкӕйӕ нӕ зарджытӕй иу тынг баххуыс кодта. Уый радзырдта: «Нӕ ахуыргӕнӕг мӕм ӕнӕхъӕн къласы раз фӕхыл кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй. Ӕз фӕтарстӕн ӕмӕ йын цы загътаин, уый нӕ зыдтон. Хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд мын мамӕ загъта, цӕмӕй байхъуыстаин зарӕгмӕ „Библийы ахуыры фӕрцы фидар уыдзынӕ“. Уыцы зарӕджы фӕрцы бамбӕрстон, ахуыргӕнӕгӕн цы зӕгъдзынӕн, уый фӕдыл мӕ ӕрмӕг бацагурын кӕй хъӕуы. Дыккаг бон йемӕ аныхас кодтон. Уый мӕм байхъуыста ӕмӕ мын загъта, ныр хуыздӕр кӕй ӕмбары, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый. Ахӕм диссаджы зарджыты тыххӕй Йегъовӕйы организацийӕ тынг бузныг дӕн».

 Нӕ зарджытӕ фыссынӕн нӕм ӕхца ис уӕ мысайнӕгты фӕрцы. Уыцы мысайнӕгтӕн сӕ фылдӕр ӕрбарвитут ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн сайты уылты donate.pr418.com. Бузныг уын уӕ рӕдаудзинады тыххӕй!