УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ
Спутникы канал JW кусы, интернет кӕм нӕй, уыцы рӕтты
2021 АЗ, 1 АПРЕЛЬ
Алы мӕй дӕр тынг фенхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ интернет-телеуынынады программӕмӕ ӕмӕ ног видеороликтӕм. Фӕлӕ Африкӕйы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ бон нӕу интернеты уылты уыцы программӕтӕм кӕсын. Цӕуылнӕ?
Африкӕйы бирӕ рӕтты интернет нӕй. Кӕм ис, уым та арӕхдӕр тынг сабыр фӕкусы кӕнӕ тынг зынаргъ у. Зӕгъӕм, иухатт иу районон цӕстдарӕг Мадагаскары интернет-кафейы нӕ телеуынынады программӕтӕй иу рафыста. Уый тыххӕй бафыста 16 доллӕры – иуӕй-иутӕ къуыримӕ цас бакусынц, уымӕй фылдӕр! a
Кӕд Африкӕйы хабар афтӕ у, уӕддӕр дзы милуангай адӕмӕн ныр сӕ бон у нӕ интернет-телеуынынады программӕтӕм ӕнӕ интернетӕй кӕсын. Уымӕн гӕнӕн куыд ис?
Сахарӕйӕ хуссарырдӕм цы африкаг бӕстӕтӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн 2017 азӕй фӕстӕмӕ сӕ бон у нӕ интернет-телеуынынады программӕтӕм спутникы каналӕй кӕсын. Уыцы каналӕн фидын нӕ хъӕуы. Стӕй йӕм кӕсӕн ис алы бон дӕр ӕхсӕвӕй-бонӕй 16 ӕвзагыл.
Уый тыххӕй не ’фсымӕртӕ иу телекомпанийӕ спутникы канал арендӕйы райстой. Уыцы каналмӕ кӕсӕн ис Сахарӕйӕ хуссарырдӕм иу-35 бӕстӕйы. Арендӕйӕн алы мӕй дӕр фидӕм 12 000 мин доллӕрӕй фылдӕр. Хатт ма ӕндӕр программӕтӕ трансляци кӕныны тыххӕй бафидӕм ноджыдӕр иу каналӕн. Уый фӕрцы мингай африкаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, зӕгъӕм, конгрессы программӕмӕ кӕнӕ сӕйраг хайады минӕвары раныхасмӕ байхъусынц записы нӕ, фӕлӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ.
Тынг бирӕ адӕм, уыимӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдон дӕр, спутникы канал JW-мӕ фӕкӕсынц сӕ хӕдзӕртты. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн се ’ппӕтӕн сӕ бон нӕу, уыцы каналмӕ кӕсынӕн цы техникӕ хъӕуы, уый балхӕнын. Уый тыххӕй 3 670 Паддзахады залӕй фылдӕрмӕ балхӕдтам, спутникы сигнал чи ахсы, ахӕм техникӕ, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон уа нӕ интернет-телеуынынады программӕтӕм кӕсын. Йӕ аргъ ӕмӕ йе ’рбаласӕггаг слӕууы 70 доллӕры бӕрц. Паддзахады залы телевизор кӕнӕ проектор куы нӕ вӕййы, уӕд та – 530 доллӕры бӕрц.
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг цин кӕнынц, ацы канал сын кӕй ис, ууыл. Камерунӕй иу хистӕр нӕлгоймаг загъта: «Ацы канал нӕ бинонтӕн у, ӕдзӕрӕг быдыры маннӕ куыд уыд, афтӕ». Нигерийӕ та иу ӕфсымӕр, Одебоде, загъта: «Нӕ каналмӕ фӕкӕсӕм ӕнӕхъӕн бинонтӕй, къуыри ӕртӕ хатты. Нӕ сывӕллӕттӕм уымӕй хуыздӕр ницы кӕсы. Ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ноджы арӕхдӕр кӕсӕм». Хо Розӕ дӕр цӕры Нигерийы. Уый та загъта: «Цалынмӕ канал JW нӕ фӕзынд, уӕдмӕ-иу ӕдзух ног хабӕрттӕм кастӕн. Куы-иу сӕм кастӕн, уӕд-иу смӕсты дӕн ӕмӕ-иу мӕ давлени схызт. Нӕ интернет-телеуынынады программӕмӕ куы фӕкӕсын, уӕд та мӕ зӕрдӕ ’рсабыр вӕййы ӕмӕ мӕ ныфс бафидар вӕййы. Амӕй хуыздӕр канал нӕй. Йегъовӕ нын стыр лӕвар скодта!»
Районон цӕстдарӕг Мозамбикӕй ныффыста, йӕ районы Паддзахады залтӕм кӕй ӕрбаластой, спутникы сигнал чи ахсы, ахӕм техникӕ. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Паддзахады залмӕ ’рбацӕуынц, ӕмбырдмӕ ма сахат кӕнӕ уымӕй фылдӕр куы фӕхъӕуы, уӕд, цӕмӕй-иу нӕ интернет-телеуынынады программӕмӕ бакӕсой.
2019 азы Йоханнесбургы, Хуссар-Африкаг Республикӕйы, уыд ӕхсӕнадӕмон конгресс. Ацы каналы фӕрцы сӕйраг раныхӕстӕм, уыимӕ, Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕры раныхӕстӕм, хъуыстой ноджыдӕр фараст раны. Ӕфсымӕр Спумелеле лӕггад кӕны Хуссар-Африкаг Республикӕйы филиалы, трансляцитӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы хайады. Спумелеле загъта: «Раздӕр ӕндӕр рӕттӕм раныхӕстӕ трансляци кодтам интернеты уылты. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуамӕ интернет хорз куыстаид, стӕй йын фидын бирӕ хъуыди. Канал JW-йӕн та къаддӕр фидын хъӕуы ӕмӕ хуыздӕр кусы».
Ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнаг рӕдауӕй кӕй дӕттут, уый фӕрцы Африкӕйы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ бон у нӕ интернет-телеуынынады программӕтӕм спутникы каналы фӕрцы кӕсын. Мысайнӕгтӕ кӕй дӕттут, уыимӕ сайты уылты donate.pr418.com, уый тыххӕй уӕ тынг бузныг стӕм.
a Ацы статьяйы дзырд цы доллӕртыл цӕуы, уыдон сты америкаг доллӕртӕ.