Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ

Стыр ӕххуыс пандемийӕйы рӕстӕг

Стыр ӕххуыс пандемийӕйы рӕстӕг

2021 АЗ, 1 ИЮЛЬ

 2020 азы мартъийы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци фехъусын кодта коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй. Уӕдӕй нырмӕ рацыд афӕдзӕй фылдӕр. Фӕлӕ ацы фыднизӕн нырма йӕ кӕрон нӕ зыны. Райдианы бирӕтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ уыйбӕрц рӕстӕг ахӕсдзӕн. Коронавирусӕй чи фӕрынчын, пандемийӕ йӕ зӕрдӕйыуагыл кӕмӕн фӕзынд ӕмӕ цардамӕлттӕ кӕнын кӕмӕн фӕзындӕр, уыдон сты милуантӕ. Ӕмӕ уыдӕттӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хызт не сты. Цымӕ ацы фыднизы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

Ӕххуыс, фӕкӕсынхъуаг чи у, уыдонӕн

 Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы Координаторты комитеты разамындӕй ӕгас дунейы дӕр арӕзт ӕрцыд бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг комитеттӕ. Сты 950 фылдӕр. Кӕцыдӕр уавӕрты уыцы комитетты разамындӕй бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕхӕдӕг баххуыс кӕнынц. Кӕмдӕрты та сын хицауад баххуыс кӕны. Уыцы комитеттӕ ӕрмӕст бынӕттон Ӕвдисӕнтӕн не ’ххуыс кӕнынц, фӕлӕ, ӕндӕр рӕтты чи цӕры, уыдонӕн дӕр.

 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Парагвайы иу газеты фыстой, зӕгъгӕ, дам, коронавирусы пандемийӕйы тыххӕй бӕстӕйы цӕрджытӕй бирӕтӕ сӕ хӕдзӕртты ӕххормагӕй бадынц. Фӕлӕ бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг комитет схӕйттӕ кодта хӕринӕгтӕ, стӕй, хӕдзар ӕмӕ хи сыгъдӕг дарынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕмӕ сӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕттын райдыдта. Алы хайы дӕр цытӕ уыд, уыдон цыппар адӕймагӕн уыдысты дыууӕ къуырийы фаг. Сӕ аргъ та уыд иу-30 доллӕры бӕрц.

 Хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдон цы аразынц, цӕмӕй сӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр коронавирусӕй бахъахъхъӕной? Маскӕтӕ дарынц ӕмӕ иннӕтӕм хӕстӕг нӕ цӕуынц. Стӕй ма сбӕлвырд кӕнынц, хӕринӕгтӕ кӕм фелхӕнынц, уыцы компанитӕ сӕ куыстуӕттӕ дезинфекци скӕнынц ӕмӕ, цӕмӕй низ ма апарахат уа, уый тыххӕй цыдӕриддӕр хъӕуы, уый аразынц ӕви нӕ. Хӕринӕгтӕ чи хӕсдзӕн ӕмӕ сӕ чи ласдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхсынц, цӕмӕй перчаткӕтӕ ӕмӕ маскӕтӕ дарой, сӕ машинӕтӕ ’хсой, дезинфекци сӕ кӕной ӕмӕ хӕринӕгтӕ сыгъдӕг ран дарой. Ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн куы бахӕссынц, уӕд сӕм хӕстӕг нӕ фӕцӕуынц.

Мысайнӕгтӕй раст пайда кӕнынц

 2021 азы январы Координаторты комитет бар радта, цӕмӕй 25 милуан доллӕрӕй фылдӕр рахицӕн кодтаиккой пандемийӕйы рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнынӕн. Филиалтӕ ӕмӕ бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг комитеттӕ мысайнӕгтӕй раст пайда кӕнынц. Уыдон архайынц, цӕмӕй, цы хъӕуы, уыдӕттӕ-иу асламдӕрӕй балхӕной. Зӕгъӕм, Чилийы уыцы комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕрты фӕндыд 750 килӕйы тъӕпӕн хъӕдур балхӕнын. Фӕлӕ иу мӕймӕ йӕ килӕ дыууӕ хатты фӕзынаргъдӕр. Хъӕдур балхӕныны тыххӕй иу уӕйгӕнӕгимӕ куы баныхас кодтой, уӕд сӕм стӕй дыууӕ сахаты фӕстӕ фӕдзырдта. Загъта сын, уымӕй размӕ чидӕр хъӕдур кӕй сзаказ кодта, фӕлӕ йӕ кӕй нал исы, ӕмӕ сын ӕй раздӕры аргъыл кӕй ратдзӕн.

 Ӕфсымӕртӕ хъӕдур раласынмӕ куы бацыдысты, уӕд сын ӕй уӕйгӕнӕг нал лӕвӕрдта, сымах дӕр, дам, иннӕ организацитау ӕхца бакусыныл архайут. Ӕфсымӕртӕй иу йӕхинымӕр цыбыртӕй скуывта ӕмӕ уӕйгӕнӕгӕн загъта, алы ӕмбырды дӕр кӕй сбӕрӕг кодтой, ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый. Стӕй ма йын бамбарын кодтой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алы адӕмыхӕттытӕй кӕй сты ӕмӕ дзы иутӕ арӕхдӕр иу хӕринӕгтӕ кӕй фӕхӕрынц, иннӕ та – ӕндӕр. Ӕмӕ йын загътой, ууыл дӕр кӕй ахъуыды кодтой, цӕмӕй алы бинонтӕн дӕр раттой, арӕхдӕр кӕй фӕхӕрынц, уыцы хӕрингтӕ. Фӕстагмӕ йын ӕфсымӕртӕ загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мысайнӕгтӕ барвӕндонӕй кӕй дӕттынц ӕмӕ, цы аразынц, уый дӕр барвӕндонӕй кӕй аразынц. Уӕйгӕнӕг уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд тынг бадис кодта ӕмӕ сын хъӕдур йӕ раздӕры аргъыл радта. Ӕмӕ ’фсымӕртӕ иннӕ хатт хъӕдур куы сзаказ кодтой, уӕд ма сын сӕ заказӕй уӕлдай 400 килӕйы лӕвар радта.

«Бӕрӕг у, кӕрӕдзи тынг кӕй уарзынц»

 Лусу, иу ацӕргӕ идӕдз хо, цӕры Либерийы йӕ чызг, йӕ сиахс ӕмӕ се ’ртӕ сывӕллонимӕ. Иу райсом куы бахордтой ӕмӕ боны стихыл куы аныхас кодтой, уӕд йӕ чызджы авдаздзыд лӕппу федта, хӕдзары хӕринаг кӕй нал ис ӕмӕ бафарста: «Ныр цы хӕрдзыстӕм?» Лусу йын загъта, Йегъовӕмӕ кӕй скуывта, ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕнӕмӕнгдӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уыцы бон фӕссихор Лусумӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ телефонӕй фӕдзырдтой, рацу ӕмӕ, дам, хӕринӕгтӕ ахӕсс. Лусу радзырдта: «Мӕ чызджы лӕппу загъта, ныр ӕй кӕй зоны, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уымӕн ӕмӕ мын мӕ куывд фехъуыста».

Сывӕллӕттӕ бузныг сты, пандемийӕйы рӕстӕг сын хӕринӕгтӕ чи ’рбахаста, уыдонӕй ӕмӕ сын нывтӕ скодтой (Демократон Республикӕ Конго)

 Демократон Республикӕ Конгойы иу сылгоймагӕн йӕ сыхӕгтӕ сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Сылгоймаг куы федта, уыдонӕн се ’мчырыстӕттӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, уый, уӕд загъта: «Пандемийӕ куы фӕуа, уӕд мах дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суыдзыстӕм. Ацы зын рӕстӕг сӕ хотыл ӕмӕ се ’фсымӕртыл тынг тыхсынц». Йӕ лӕг ӕй бафарста: «Пырындзы голладжы тыххӕй ныр хъуамӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай?» Уӕд ын сылгоймаг афтӕ бакодта: «Дзырд пырындзы голлагыл нӕ цӕуы. Фӕлӕ уымӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзи тынг кӕй уарзынц».

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон у пандемийӕйы рӕстӕг хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕвӕстиатӕй ӕххуыс кӕнын уӕ рӕдау мысайнӕгты фӕрцы. Бузныг уын, мысайнӕгтӕ кӕй дӕттут, сайты donate.pr418.com куыд фыст ис, афтӕ.