УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ
Тӕлмацгӕнджыты офистӕ пайда хӕссынц милуантӕн
2021 АЗ, 1 МАРТЪИ
Тӕлмацгӕнджыты къордтӕн сӕ 60 процентӕй фылдӕр филиалты нӕ кусынц, фӕлӕ тӕлмацгӕнджыты офисты. Уый хорз цӕмӕн у? Цӕмӕй тӕлмацгӕнджытӕн сӕ бон кусын уа, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы? Ӕмӕ, кӕм тӕлмац кӕнынц, уый сӕ тӕлмацыл куыд фӕзыны?
Тӕлмацгӕнджыты офистӕ сты, тӕлмацгӕнджыты мадӕлон ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм рӕтты. Карин лӕггад кӕны тӕлмацгӕнджыты офисы горӕт Куаутемок (штат Чиуауӕ, Мексикӕ). Сӕ офисы нӕ публикацитӕ тӕлмац кӕнынц дӕллаг немыцаг ӕвзагмӕ. Карин зӕгъы: «Ардӕм куы ӕрцыдыстӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дӕр, хъусын кӕнгӕйӕ дӕр ӕмӕ, истытӕ куы фелхӕнӕм, уӕд дӕр фӕдзурӕм дӕллаг немыцаг ӕвзагыл. Ӕдзух хъусӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг. Арӕх фехъусӕм, рагӕй кӕй нал фехъуыстам, уыцы ӕмбисӕндтӕ. Ӕмӕ, ӕвзаг куыд аивта, уый уынӕм».
Джеймс лӕггад кӕны Ганӕйы, нӕ публикацитӕ ӕвзаг фрафрамӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы къорды. Джеймс загъта, филиалы кӕимӕ лӕггад кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй фӕмысы. Фӕлӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Тӕлмацгӕнджыты офисы лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Бынӕттон ӕвзагыл куы фӕхъусын кӕнын ӕмӕ адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй куы фӕхъусынц, уӕд тынг фӕцин кӕнын».
Ӕфсымӕртӕ куыд аскъуыддзаг кӕнынц, тӕлмацгӕнджыты офис кӕм сараздзысты, уый? Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайады Уорвикы (штат Нью-Йорк, АИШ) чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕй иу, Джозеф, загъта: «Офис кӕмфӕнды дӕр нӕ сараздзынӕ, уымӕн ӕмӕ кӕм рухс нӕ вӕййы, кӕм дон, кӕм та интернет ӕвзӕр фӕахсы. Ӕнӕ интернетӕй та документтӕ тӕлмацгӕнджытӕм нӕ фӕхӕццӕ уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ тӕлмацгӕнджыты офисӕн равзарӕм ӕппӕты хуыздӕр бынат».
Тӕлмацгӕнджыты офис саразын ӕппӕты тагъддӕр ӕмӕ асламдӕр вӕййы Конгрессты залы, Паддзахады залы кӕнӕ миссионерты хӕдзары. Ӕмӕ тӕлмацгӕнджытӕн сӕ бон вӕййы уырдӕм кусынмӕ цӕуын. Ахӕм бынат куы нӕ вӕййы, уӕд та ӕфсымӕртӕ бар ракурынц, цӕмӕй квартирӕтӕ кӕнӕ офистӕ балхӕной, цӕмӕй дзы тӕлмацгӕнджытӕ цӕргӕ дӕр кӕной ӕмӕ кусгӕ дӕр. Ӕмӕ, зӕгъӕм, исты куы аива, уӕд уыцы бӕстыхӕйттӕ уыдзӕн ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхцатӕ ӕндӕр истӕуыл бахардз кӕнӕн.
Кусынӕн сын алцыдӕр ис
2020 лӕггады азы тӕлмацгӕнджыты офистыл бахардз 13 милуан доллӕры. Офистӕм фӕхъӕуы балхӕнын компьютертӕ, сӕрмагонд компьютерон программӕтӕ ӕмӕ аппаратурӕ аудиозаписьтӕ кӕнынӕн. Фӕхъӕуы ма дзы интернет, стӕй дзы хъуамӕ уа, зӕгъӕм, дон ӕмӕ рухс. Алы тӕлмацгӕнӕджы дӕр хъӕуы компьютер. Иу компьютер ӕмӕ йыл кусынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ иумӕ кӕнынц 750 доллӕры бӕрц. Компьютерты ис алыхуызон программӕтӕ, уыимӕ сӕрмагонд программӕ Watchtower Translation System. Уыцы программӕйы фӕрцы тӕлмацгӕнджытӕн ӕнцондӕр у сӕ куыст пълан кӕнын ӕмӕ сӕ цы ӕрмӕг фӕхъӕуы, уый агурын.
Тӕлмацгӕнджытӕм ма вӕййы, сӕ бон аудиозаписьтӕ кӕнын кӕй фӕрцы у, ахӕм аппаратурӕ. Уый фӕрцы записьтӕ фӕкӕнынц, кӕм кусынц, уыцы офисты. Уыцы аппаратурӕ стыр ӕххуыс фӕци, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд. Тӕлмацгӕнджытӕй сӕ бирӕтӕн сӕ бон уыд сӕхимӕ ахӕссын, цӕмӕй дарддӕр дӕр тӕлмац кодтаиккой ӕмӕ видеотыл куыстаиккой.
Тӕлмацгӕнджытӕн арӕх феххуыс кӕнынц бынӕттон барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ. Уыдон бакӕсынц, тӕлмацгӕнджытӕ цы ратӕлмац кӕнынц, уый, цӕмӕй-иу сӕ хъуыдытӕ зӕгъой. Барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ ма феххуыс кӕнынц тӕлмацгӕнджыты офистӕм зилынмӕ. Ӕфсымӕр Керстин лӕггад кӕны Кейптауны (Хуссар-Африкаг Республикӕ) чи ис, уыцы офисы. Уым нӕ публикацитӕ тӕлмац кӕнынц ӕвзаг африкаансмӕ. Керстин зӕгъы: «Хъусынгӕнджытӕй ӕмӕ пионертӕй бирӕтӕн ис фадат офисы балӕггад кӕнынӕн ӕмӕ сӕ курдиӕттӕй спайда кӕнынӕн».
Тӕлмацгӕнджыты офисты цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ феххуыс кӕнынц, уыдон тынг цин кӕнынц, ахӕм фадат сын кӕй ис, ууыл. Иу хо загъта, зӕгъгӕ, офисы кӕй феххуыс кӕны, уый йын кӕй у, «судзгӕ тӕвды аууон куыд ссарай, уыйау». Нӕ публикацитӕн аудиозаписьтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд ныффыссынц иуӕй-иу бынӕттон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты. Хуанӕ у тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ лӕггад кӕны тӕлмацгӕнджыты офисы штат Веракрусы, Мексикӕйы. Сӕ офисы нӕ литературӕ тӕлмац кӕнынц ӕвзаг тотонакмӕ. Хуанӕ загъта: «Не ’взагыл кӕм дзурынц, ахӕм ранмӕ кӕй ӕрцыдыстӕм, уый фӕрцы нын аудио- ӕмӕ видеопубликацитӕ фыссынӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ссарын бирӕ ӕнцондӕр у».
Публикацитӕ тӕлмацгӕнджыты офисты кӕй тӕлмац кӕнынц, уый фӕрцы цымӕ тӕлмац фӕхуыздӕр? Нӕ кӕсджытӕй милуантӕ зӕгъдзысты, «о», зӕгъгӕ. Садрик, лӕггад кӕны Демократон Республикӕ Конгойы ӕмӕ тӕлмац кӕны ӕвзаг конгомӕ. Садрик загъта: «Раздӕр нӕ публикациты ӕвзаг зынӕмбарӕн уыд, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хуыдтой „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы конго“. Мах куыд тӕлмац кодтам, афтӕ ничи дзуры. Фӕлӕ ныр зӕгъынц, нӕ публикациты ӕвзаг тынг ӕнцонӕмбарӕн кӕй у».
Андиль лӕггад кӕны, ӕвзаг косӕмӕ чи тӕлмац кӕны, уыцы къорды. Сӕ офис ис Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Андиль загъта: «Бирӕтӕ нын фӕзӕгъынц, нӕ тӕлмац кӕй фӕхуыздӕр. Раздӕр-иу сӕвӕллӕттӕ „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ англисаг ӕвзагыл кастысты. Фӕлӕ йӕ ныр уыдон дӕр кӕсынц ӕвзаг косӕйыл. Уӕлдай тынгдӕр сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы „Библи – Ног дунейы тӕлмац“. Уый у, ногӕй кӕуыл бакуыстам, уыцы тӕлмац. Ӕмӕ йе ’взаг у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн».
Цӕмӕй тӕлмацгӕнджыты офистӕ аразӕм, зилӕм сӕм ӕмӕ дзы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй ӕхца райсӕм, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн нӕм цы мысайнӕгтӕ ӕрцӕуы (уыимӕ сайты уылты donate.pr418.com), уыдонӕй.