Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

sinceLF/E+ via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн? Библийы цы фыст ис?

Адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн? Библийы цы фыст ис?

 Иугонд Нациты Организаци фехъусын кодта:

  •   Газӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн цы хӕст цӕуы, уым 2023 азы 7 октябрӕй 23 октябрмӕ фӕмард 6 400 адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ дзы фӕцӕф 15 200 адӕймаджы. Сӕ фылдӕр уыдысты ӕнӕуи адӕм. Уымӕй уӕлдай ма мингӕйттӕ сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг фесты.

  •   Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕйы ’хсӕн цы хӕст цӕуы, уым 2023 азы 24 сентябрмӕ Украинӕйы ӕнӕуи адӕмӕй фӕмард 9 701 ӕмӕ дзы фӕцӕф 17 748.

 Хӕстыты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ чи ’взары, уыдонӕн Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры?

Фидӕнӕй нын ныфс ис

 Библийы фыст ис, Хуыцау зӕххы кӕрӕтты онг хӕстытӕ кӕй бауромдзӕн (Псалом 46:9). Хуыцау зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр баивдзӕн уӕларвон хицауадӕй, кӕнӕ паддзахадӕй (Данел 2:44). Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд адӕм се ’ппӕт зындзинӕдтӕй фервӕздзысты.

 Базон, Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо Чырысти цы сараздзӕн:

  •   «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн. Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12–14).

 Адӕм хӕстыты ӕмӕ фыдракӕндты аххосӕй цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдонӕн Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕрон скӕндзӕн.

  •   «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).

 Тагъд Хуыцауы Паддзахад адӕмы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн. Библийы раджы ӕрцыд фыст, хӕстытӕ кӕй уыдзӕн (Матфейы 24:6). Ӕмӕ абон хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хӕстытӕ ӕмӕ ма ӕндӕр хабӕрттӕй бӕрӕг у, адӕмы хицаудзинадӕн йӕ кӕрон куы ’рцыд, уыцы рӕстӕг кӕй цӕрӕм. Библи уыцы рӕстӕг хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1).