Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

alashi/​DigitalVision Vectors via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц? Библийы цы фыст ис?

Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт цӕмӕн уынынц? Библийы цы фыст ис?

 Бирӕтӕ ахӕм ныхӕстӕ кӕнынц, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсын райдайынц; иутӕ иннӕтӕй се сӕфт кӕй уынынц, уый аххосӕй алы фыдмитӕ кӕнынц; иутӕ иннӕты цӕгъдынц, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй сты, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй; хӕстытӕ цӕуы – абон ног хабӕртты фылдӕр уыдӕтты кой ис.

  •   «Израил ӕмӕ Газӕ кӕй хӕцынц, уый тыххӕй ӕмӕ, тыхми ӕмӕ ӕнӕуынондзинад чи цырен кӕны, уыдоны аххосӕй социалон сетьты тынг бирӕ фыссын райдыдтой, адӕмы кӕрӕдзийыл чи ардауы, ахӕм ныхӕстӕ» («Нью-Йорк таймс», 2023 аз, 15 ноябрь).

  •   «7 октябрӕй фӕстӕмӕ дунейы ноджы фылдӕр адӕм райдыдтой кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, фӕфылдӕр сты, иуты иннӕтыл чи ардауы, уыдон дӕр. Стӕй адӕм сӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт кӕй уынынц, уый аххосӕй фылдӕр фыдракӕндтӕ цӕуын райдыдта» (Деннис Фрэнсис, Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейӕйы президент, 2023 аз, 3 ноябрь).

 Уӕлдӕр кӕй кой ис, ахӕм хабӕрттӕ алкӕддӕр цыди. Библийы ис, йӕ «маргӕйдзаг ӕвзагӕй» фатау чи ныхъхъавыд ӕмӕ хӕстыты чи хӕцыд ӕмӕ фыдмитӕ чи кодта, ахӕм адӕмы кой (Псалом 64:3; 120:7; 140:1). Библийӕ базонӕн ис, адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт абон куыд тынг уынынц, афтӕ никуы.

Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт абон куыд тынг уынынц, афтӕ никуы

 Библийӕ базонӕн ис, абон адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт афтӕ тынг цӕмӕн уынынц, уый.

  1.  1. Библийы раджы ӕрцыд фыст, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ «адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матфейы 24:12). Адӕм кӕрӕдзи нӕ уарзынц, фӕлӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц, бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ сӕм кӕй ис, уый тыххӕй (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

  2.  2. Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт афтӕ тынг кӕй уынынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл Хӕйрӕджы зонд ӕндавы. Библийы фыст ис: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19; Раргомад 12:9, 12).

 Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, тагъд Хуыцау кӕрон кӕй скӕндзӕн, адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт кӕй тыххӕй уынынц, уыцы хъуыддӕгтӕн ӕмӕ нын уыдон цы зӕрдӕниз бавзарын кодтой, уымӕй нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Библи нын ныфс ӕвӕры:

  •   Хуыцау «сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).