Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Боныхъӕд бӕллӕхтӕ куы расайы. Библи дын баххуыс кӕндзӕн

Боныхъӕд бӕллӕхтӕ куы расайы. Библи дын баххуыс кӕндзӕн

 Боныхъӕд цы бӕллӕхтӕ расайы, уыдон милуангай адӕмӕн стыр зиан ӕрхӕссынц. Мыййаг, дӕуӕн дӕр ӕрдзон бӕллӕх искуы зиан ӕрхаста? Тыхдымгӕты, тайфунты, циклонты ӕмӕ торнадоты аххосӕй дӕттӕ раивылынц, зӕххытӕ доны бын фӕвӕййынц ӕмӕ дымгӕ бӕстӕ ныппырх кӕны. Тыхджын къӕвдатӕ куы вӕййы, уӕд цъыфы зӕйтӕ рацӕуы. Тыхдымгӕйы аххосӕй арв цӕвын райдайы, ӕмӕ хъӕдтӕ ссудзынц. Стыр зиан ма ӕрхӕссынц хус замантӕ, ӕнахуыр тӕвд ӕмӕ миттымыгътӕ дӕр.

 Бирӕ бӕстӕты ӕрдзон бӕллӕхтӕ адӕмӕн фылдӕр зиан хӕссын райдыдтой. Международный комитет Красного Креста и Красного Полумесяца, чи хуыйны, уый фехъусын кодта: «Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыцы адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ арӕхӕй-арӕхдӕр вӕййы донивылдтӕ, тыхдымгӕтӕ ӕмӕ хус рӕстӕджытӕ. Уый аххосӕй бирӕтӕ амӕлынц, чидӕртӕ ӕнӕ исбонӕй баззайынц, кӕмӕндӕрты сӕ бон цардамӕлттӕ кӕнын нал вӕййы, милуантӕ та ӕнӕ хӕдзарӕй баззайынц».

 Ахӕм бӕллӕхтӕ куы ’рцӕуы, уӕд адӕм бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарынц: чи ӕнӕ исбонӕй баззайы, чи – ӕнӕ хӕдзарӕй, кӕмӕндӕр та йӕ хиуӕттӕй чидӕр фӕмард вӕййы.

 Кӕд дӕуӕн дӕр ӕрдзон бӕллӕх исты зиан ӕрхаста, уӕд дын Библи баххуыс кӕндзӕн. Уый дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзӕн ӕмӕ дӕ ныфс бауадздзӕн. Уымӕй уӕлдай ма Библийы ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ. Ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕй бирӕтӕн уыцы уынаффӕтӕ тынг баххуыс кодтой (Ромӕгтӕм 15:4). Библийы ма дзуапп ссарӕн ис, бирӕтӕн ӕнцой чи нӕ дӕтты, уыцы фарстатӕн: «Хуыцау ахӕм бӕллӕх цӕмӕн ӕруагъта? Хуыцау мӕ истӕй тыххӕй бафхӕрдта?»

Боныхъӕд бӕллӕхтӕ куы расайы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Хуыцау ӕфхӕры

 Библийӕ нӕ бон базонын у, адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уым Хуыцау аххосджын кӕй нӕу. Библийы фыст ис: «Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иаковы 1:13). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ абон боныхъӕд ахӕм кӕй у, уымӕ Хуыцау ницы бар дары.

 Библийы фыст ис, Хуыцау-иу фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн ӕрдзы тыхтӕй кӕй спайда кодта. Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ тынг хицӕн кӕнынц абоны ӕрдзон бӕллӕхтӕй, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуынц ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ зиан ӕрхӕссынц хорз адӕмӕн дӕр ӕмӕ ӕвзӕр адӕмӕн дӕр. Библийӕ та нӕ бон у базонын, Хуыцау-иу адӕмы бӕллӕхӕй рагацау кӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ-иу сын кӕй бамбарын кодта, бафхӕрынмӕ сӕ цӕмӕн хъавы, уый, стӕй-иу ӕнаххос адӕмы алкӕддӕр кӕй бахъахъхъӕдта. Зӕгъӕм, Хуыцау бамбарын кодта, Нойы рӕстӕджы зӕххыл Доны хъаймӕт рауадзынмӕ цӕмӕн хъавыд, уый. Уый тыххӕй рагацау фехъусын кодта ӕмӕ Нойы йӕ бинонтимӕ бахъахъхъӕдта (Райдиан 6:13; 2 Петры 2:5).

 Абон ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауы аххосӕй кӕй не ’рцӕуынц, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд бакӕс статья «Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?».

Хуыцау тыхсы, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдоныл

 Библийӕ нӕ бон у базонын, Йегъовӕ a Хуыцау адӕмыл кӕй тыхсы ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у. Дӕ хъус-ма ӕрдар, дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдонмӕ.

  •   Исай 63:9 стих: «Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди... [Хуыцауӕн] дӕр».

     Йӕ хъуыды: Йегъовӕйӕн тынг зын у, адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уымӕ кӕсын.

  •   1 Петры 5:7 стих: «Уый тыхсы сымахыл».

     Йӕ хъуыды: Йегъовӕ дыл тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын хорз уа.

 Йегъовӕ у уарзӕгой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Удӕнцой нын дӕтты, Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис ӕмӕ дзы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый фӕрцы. Зӕрдӕ нын ӕвӕры, кӕй нал уыдзӕн, боныхъӕд кӕй расайы, ахӕм бӕллӕхтӕ (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн

 Библийы фыст ис, Йегъовӕ афтӕ кӕй зӕгъы: «Мӕ зӕрды ис сымах... фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йереми 29:11). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой ӕмӕ ма тӕрсой, боныхъӕд кӕй расайы, ахӕм бӕллӕхтӕй (Райдиан 1:28; 2:15; Исай 32:18).

 Хуыцау уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Уый у уӕларвон хицауад, йӕ Паддзах та у Йесо Чырысти (Матфейы 6:10). Йесомӕ ис зонд дӕр ӕмӕ тых дӕр, цӕмӕй афтӕ бакӕна, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ мауал цӕуа. Зӕххыл куы цард, уӕд равдыста, ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕй цӕуы (Марчы 4:37–41). Йесо у ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын разамонӕг ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕндзӕн, цӕмӕй ӕрдз ма чъизи кӕной ӕмӕ йын зиан ма хӕссой (Исай 11:2). Йесо зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд ӕрдзон бӕллӕхтӕ адӕмӕн зиан никуыуал ӕрхӕсдзысты.

 Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Йесойӕн ӕрдзы тыхтыл йӕ бар цӕуын кӕд райдайдзӕн?» Ацы фарстайӕн дзуапп базондзынӕ статьяйӕ «Хуыцауы Паддзахад зӕххӕн разамынд кӕд дӕтдзӕн?».

Ӕрдзон бӕллӕхты рӕстӕг цы вӕййы саразӕн

 Библийы уынаффӕтӕ дын баххуыс кӕндзысты ӕрдзон бӕллӕхы размӕ, куы ӕрцӕуа, уӕд ӕмӕ йӕ фӕстӕ.

  •   Бӕллӕхы размӕ: дӕхи-иу бацӕттӕ кӕн, цӕмӕй бӕллӕхы рӕстӕг ма фӕтыхсай.

     Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).

     Йӕ хъуыды. Ахъуыды кӕн, кӕм цӕрут, уым тӕссаг цавӕр бӕллӕхтӕй у, цӕмӕй бӕллӕхы рӕстӕг ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ архайай, ӕмӕ дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр бахъахъхъӕнай.

     Цардӕй ист хабар. «Хъӕд куы ссыгъд, уӕд ӕвӕстиатӕй хӕдзарӕй алидзынмӕ цӕттӕ уыдыстӕм. Ахӕм рӕстӕгмӕ нӕ сумкӕтӕ рагацау сцӕттӕ кодтам. Сӕвӕрдтам дзы хостӕ ӕмӕ дзаумӕттӕ. Адӕмӕн сӕ сӕр сӕ кой сси ӕмӕ, цы аразой, уый нал ӕмбӕрстой. Фӕлӕ махӕн, цыдӕриддӕр нӕ хъуыд, уыдон цӕттӕ уыдысты, ӕмӕ ууыл тынг цин кӕнын» (Тамарӕ, Калифорни, АИШ).

  •   Бӕллӕхы рӕстӕг: дӕ зӕрдыл дар, сӕйрагдӕр цы у, уый.

     Библийы фыст ис: «Адӕймагмӕ алцыдӕр парахатӕй куы уа, уӕд дӕр йӕ цард, цы йӕм ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу» (Лукайы 12:15).

     Йӕ хъуыды. Цард исбонӕй зынаргъдӕр у.

     Цардӕй ист хабар. «Тайфут „Лавин b“ нын нӕ хӕдзар куы ныппырх кодта, уӕд, цы кӕнын хъӕуы, уый нал ӕмбӕрстон. Ӕрмӕстдӕр ма Йегъовӕ Хуыцаумӕ куывтон. Бамбӕрстон ӕй, кӕй ницыуал нӕм баззад. Фӕлӕ сӕйрагдӕр уыд, не ’ппӕт дӕр удӕгасӕй кӕй баззадыстӕм» (Лесли, Филиппинтӕ).

  •   Бӕллӕхы фӕстӕ: абон цы уыдзӕн, ууыл хъуыды кӕн, райсомы боныл ма мӕт кӕн.

     Библийы фыст ис: «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ» (Матфейы 6:34).

     Йӕ хъуыды. Фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттыл ӕгӕр ма мӕт кӕн.

     Цардӕй ист хабар. «Тыхдымгӕ „Ирмӕ“ куы рацыд, уӕд дон раивылд ӕмӕ мӕ хӕдзар доны бын фӕци. Бирӕ цыдӕртӕ аразын мӕ хъуыд ӕмӕ тынг тыхстӕн. Гъемӕ архайын райдыдтон Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ – райсом цы уыдзӕн, ууыл нӕ мӕт кодтон, фӕлӕ алы бон дӕр арӕзтон, мӕ бон цы уыд, уый. Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕйы фӕрцы мӕ бон бирӕ кӕй у» (Сэлли, Флоридӕ, АИШ).

 Хорз уынаффӕтӕ ма ис статьяйы «Чрезвычайное происшествие. Стратегия выживания».

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).

b Хонынц ма йӕ тайфун Хаймӕ.