Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Comstock Images/Stockbyte via Getty Images

Гӕртамхор хицӕуттӕ. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Гӕртамхор хицӕуттӕ. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

 Адӕм гӕртамхор хицӕуттӕй бафӕлладысты ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сын уа, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм хицӕуттӕ. 2023 азы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы бӕстӕты цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ не ’ууӕндынц хицӕуттыл a.

 Библийы фыст ис иу хицауады тыххӕй. Уымӕн йӕ Хицау хӕрам хъуыддаг никуы сарӕзта ӕмӕ никуы сараздзӕн, алы хъуыддаджы дӕр ыл ис ӕууӕндӕн. Уыцы хицауад у Хуыцауы Паддзахад, йӕ Паддзах та у Йесо Чырысти (Исай 9:7).

 Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд цы арӕзта, уымӕй бӕрӕг у, адӕмыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы (Матфейы 9:35, 36). Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тагъд зӕххыл рӕстдзинад ӕрфидар кӕндзӕн ӕмӕ, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон ыл фӕрнӕй цӕрдзысты (Псалом 72:12–14).

a 2023 Edelman Trust Barometer Global Report.