Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй: Olena Yefremkina/stock.adobe.com; астӕуӕй: lunamarina/stock.adobe.com; рахизырдыгӕй: Rido/stock.adobe.com

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Дӕ бон кӕуыл у ӕууӕндын? Библийы цы фыст ис?

Дӕ бон кӕуыл у ӕууӕндын? Библийы цы фыст ис?

 Адӕмӕн сӕ ныфс асӕтты, афтӕ ӕнхъӕл кӕмӕй вӕййынц, ӕмӕ сыл ӕууӕндӕн ис, уыдон сӕ куы фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц, уӕд. Бирӕтӕ нал ӕууӕндынц:

  •   политиктыл, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр адӕмы нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл фӕхъуыды кӕнынц;

  •   ног хабӕрттыл, уымӕн ӕмӕ хабӕрттӕ ӕцӕг куыд вӕййынц, афтӕ сӕ нӕ фӕдзурынц;

  •   ахуыргӕндтыл, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕры адӕмы мӕт нӕ вӕййы;

  •   дины разамонджытыл, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад нӕ амонынц, фӕлӕ политикӕйы архайынц.

 Адӕм алкӕуыл кӕй не ’ууӕндынц, уымӕй раст кӕнынц. Библийы фыст ис:

  •   «Уӕ зӕрдӕ ма дарут кадджын лӕгтыл, адӕймаджы фыртыл, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕу ирвӕзын кӕнын» (Псалом 146:3).

Кӕуыл ис ӕууӕндӕн?

 Библийы фыст ис, дӕ бон кӕй у Йесо Чырыстийыл ӕууӕндын. Уый ӕнӕуи хорз адӕймаг нӕ уыд. Хуыцау ӕй сӕвӕрдта «паддзахӕй, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:32, 33). Йесо Чырысти у Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Уыцы Паддзахад ныр уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтты (Матфейы 6:10).