Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Иконӕтӕн ӕмӕ статуйӕтӕн кувыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Иконӕтӕн ӕмӕ статуйӕтӕн кувыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

 2022 азы 25 мартъийы ромаг папӕ Франциск Ватиканы сыгъдӕг Петры базиликӕйы Хуыцаумӕ бакуывта. Католикон информацион службӕ фехъусын кодта, ромаг папӕ кӕй лӕууыд Мадымайрӕмы статуйӕйы раз ӕмӕ «йӕхинымӕр куывта, йӕ цӕстытӕ сӕхгӕдта ӕмӕ йӕ сӕр ӕркъул кодта, афтӕмӕй». Франциск Мадымайрӕмӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй зӕххыл сабырдзинад уа. Ватиканы информацион службӕ дӕр фехъусын кодта: «Ромаг папӕ ӕппӕт адӕмы дӕр, уӕлдайдӕр та Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕйы адӕмы, бафӕдзӕхста Мадымайрӕмы сыгъдӕг удыл».

 Ды та куыд хъуыды кӕныс, иконӕтӕн ӕмӕ статуйӕтӕн кувын раст у? Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр стихмӕ:

  •   «Ма араз дӕхицӕн, уӕлейӕ арвыл цы ис, бынӕй зӕххыл цы ис ӕмӕ зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы ис, уыдонӕн сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ. Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион» (Рацыд 20:4, 5) a.

  •   «Уыдоны хуыцӕуттӕ та сты ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй, зӕххон адӕймаджы къухӕй конд. Ис сын дзых, фӕлӕ дзургӕ нӕ кӕнынц. Ис сын цӕстытӕ, фӕлӕ нӕ уынынц. Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц. Ис сын фындз, фӕлӕ тӕф не ’мбарынц. Ис сын къухтӕ, фӕлӕ сын сты мард. Ис сын къӕхтӕ, фӕлӕ цӕугӕ нӕ кӕнынц. Ӕмӕ сӕ дзыхӕй сыпп дӕр нӕ хауы. Уыдонау уыдзысты сӕ аразджытӕ дӕр, йӕ зӕрдӕ сыл чи дары, уыдон се ’ппӕт дӕр» (Псалом 115:4–8).

  •   «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн, къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ ратдзынӕн мӕ кад, мӕ намыс» (Исай 42:8).

  •   «Мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дард лидзут» (1 Коринфӕгтӕм 10:14).

  •   «Уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Иоанны 5:21).

 Фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Точка зрения Библии. Изображения» кӕнӕ видеороликӕй «Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы, адӕймаг нывтӕ ӕмӕ гуымирытӕ табуйагыл куы фӕнымайы?».

 Чи зоны ма дӕ бафӕнда базонын, Библийы ацы фарстаты фӕдыл цы фыст ис:

Photo credit: Vincenzo Pinto/AFP via Getty Images

a Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».