Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмбӕлтты фӕрцы дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ. Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

Ӕмбӕлтты фӕрцы дӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзынӕ. Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

 2023 азы дохтыртӕ загътой, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, ахӕм адӕмы ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг кӕй у ӕмӕ сын баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы. Цымӕ исты саразӕн ис?

  •   Америкӕйы Иугонд Штатты сӕйраг хирург Вивек Мурти загъта: «Йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы ӕмӕ йӕхи иннӕтӕй дард чи ласы, уыдоны ӕнӕниздзинадӕн тынг тӕссаг у». Стӕй загъта: «Фӕлӕ сын баххуыс кӕнӕн ис». Куыд? «Алы бон дӕр гыццыл цыдӕр аразӕм, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм» a.

 Адӕймаг йӕхимӕ иунӕг ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕхи иннӕтӕй дард фӕласы. Иуӕй-иутӕ сӕхимӕ иунӕг фӕкӕсынц, адӕмы ’хсӕн куы вӕййынц, уӕд дӕр. Нӕхимӕ иунӕг цӕйфӕнды тыххӕй ма кӕсӕм, уӕддӕр нын Библийы уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй иннӕтимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм ӕмӕ нӕхимӕ иунӕг ма кӕсӕм.

Библийы уагӕвӕрдтӕ

 Архай, цӕмӕй иннӕтӕн демӕ ныхас кӕнын ӕхсызгон уа. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕрмӕст дӕхи тыххӕй ма дзурай, фӕлӕ хъусын дӕр зонай. Адӕймаг куы уына, кӕй йыл тыхсыс, уый, уӕд ӕнгомдӕр кӕндзыстут.

  •   Библийы уагӕвӕрд: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:4).

 Дӕхицӕн алыхуызон ӕмбӕлттӕ агур. Ӕмбӕлттӕ агур, дӕхицӕй хистӕр кӕнӕ кӕстӕр чи у, йе та, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдоны ’хсӕн.

 Хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн, уый базондзынӕ статьяйӕ «Как обрести дружбу».

a Our Epidemic of Loneliness and Isolation: The U.S. Surgeon General’s Advisory on the Healing Effects of Social Connection and Community, 2023.