ХОНӔМ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ
Йесо Чырысти хӕстытӕн кӕрон скӕндзӕн
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд хъуыддагӕй равдыста, адӕмы кӕй уарзы, уый. Мах тыххӕй ма суанг йӕ цард дӕр радта (Матфейы 20:28; Иоанны 15:13). Тагъд та Йесо ногӕй йӕ уарзондзинад равдисдзӕн. Ныр Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах ӕмӕ «зӕххы кӕрӕтты онг» хӕстытӕ бауромдзӕн (Псалом 46:9).
Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы цы фыст ис, Йесо цы сараздзӕн, уый тыххӕй:
«Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн. Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12–14).
Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Лукайы 22:19 стихы фыст ис, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ. 2024 азы Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕндзыстӕм 24 мартъийы, хуыцаубоны. Ӕмӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонӕм.