Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

kovop58/stock.adobe.com

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Олимпиадӕ адӕмы ӕцӕгдӕр баиу кӕндзӕн? Библийы цы фыст ис?

Олимпиадӕ адӕмы ӕцӕгдӕр баиу кӕндзӕн? Библийы цы фыст ис?

 2024 азы сӕрды Олимпиадӕмӕ кӕсдзӕн фондз миллиард адӕймаджы бӕрц ӕмӕ дзы цы спортсментӕ архайдзӕн, уыдон сты 206 бӕстӕйӕ. Олимпиадӕйы ӕппӕтдунеон комитеты президент Томас Бах загъта: «Мах архайӕм, ӕгас дуне дӕр чи иу кӕны, уыцы Олимпиадӕйы». Стӕй ма загъта: «Олимпиадӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иумӕ фӕрнӕй цӕрӕм ӕмӕ не ’хсӕн иудзинад уа, кӕд кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнӕм, уӕддӕр. Цӕй уӕдӕ ууыл архайӕм».

 Цымӕ Олимпиадӕйы фӕрцы уыцы диссаджы нысӕнттӕ адӕмы къухы бафтдзысты? Искуы адӕмы ’хсӕн ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад уыдзӕн?

Зӕххыл ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн?

 Ацы аз Олимпиадӕ ӕрмӕст спортимӕ баст нӕу. Спортивон хъӕзтыты фӕрцы адӕм се ’ргом раздӕхтой, чи сӕ дихтӕ кӕны, уыцы фарстатӕм – социалон ӕмӕ политикон фарстатӕм. Уыцы фарстатӕм хауынц, адӕймаджы бартӕ, расизм, хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ дины тыххӕй адӕмӕн цавӕрдӕр бартӕ куы нӕ фӕдӕттынц, уый.

 Ӕппӕтдунеон спортивон хъӕзтытӕ, зӕгъӕм, Олимпиадӕ, сты ирхӕфсӕнтӕ. Фӕлӕ ахӕм хъӕзтыты рӕстӕг бӕрӕг вӕййы, адӕмы ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад кӕй нӕй ӕмӕ ма уымӕ разӕнгард дӕр кӕй нӕ кӕнынц. Афтӕ кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй.

 Библийы фыст ӕрцыд, нӕ рӕстӕджы адӕм цавӕр зондыл хӕст уыдзысты, уый тыххӕй ӕмӕ уый аххосӕй се ’хсӕн иудзинад кӕй нӕ уыдзӕн (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Уыцы пехуымпарады тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Предсказала ли Библия, какими будут люди в наше время?».

Ӕгас дунейы фарн ӕмӕ иудзинад кӕй уыдзӕн, уымӕй нӕ ис фидар ныфс

 Библийы фыст ис, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр фарн ӕмӕ иудзинад уа. Библи зӕрдӕ ӕвӕры, уӕларвон хицауады, ома «Хуыцауы паддзахады», дӕлбар зӕххыл цӕрӕг адӕмы ’хсӕн иудзинад кӕй уыдзӕн (Лукайы 4:43; Матфейы 6:10).

 Зӕхмӕ фарн ӕрхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо Чырысти. Библийы фыст ис:

  •   «Рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад» (Псалом 72:7).

  •   «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры... Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12, 14).

 239 бӕстӕйы милуангай адӕм Йесойы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрынц ӕмӕ се ’хсӕн абон дӕр ис иудзинад. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстӕттӕ сты, цӕрынц ӕгас дунейы дӕр ӕмӕ сахуыр сты фӕрнӕй цӕрын. Уый сӕ къухы цӕй фӕрцы бафтыд, уый базонӕн ис журналӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт мауал уыной!».