Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Политикӕйы аххосӕй адӕм ныддихтӕ сты. Цӕмӕн? Библийы цы фыст ис?

Политикӕйы аххосӕй адӕм ныддихтӕ сты. Цӕмӕн? Библийы цы фыст ис?

 Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр адӕм политикӕйы аххосӕй ныддихтӕ сты. Иртасӕн центр Пью куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй 2022 азы 19 бӕстӕйы «хистӕр кары адӕмӕн сӕ 65% загътой, сӕ бӕстӕйы алыхуызон партиты фарс чи сты, уыдон кӕрӕдзиимӕ кӕй быцӕу кӕнынц кӕнӕ кӕрӕдзи ӕппындӕр кӕй не ’мбарынц».

 Кӕм цӕрыс, уым дӕр хабар афтӕ у? Афтӕ цӕмӕн у? Исты саразӕн ис? Базон, Библийы цы фыст ис.

Хабар афтӕ цӕмӕн у?

 Библийы фыст ис, «фӕстаг бонты», ома нӕ рӕстӕджы, адӕмӕй бирӕтӕм ахӕм миниуджытӕ кӕй уыдзӕн, ӕмӕ сын зын уыдзӕн кӕрӕдзиимӕ фидауын.

  •   «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон... уыдзысты зындзырд» (2 Тимофеймӕ 3:1–3).

 Кӕд адӕмӕй бирӕтӕ тынг архайынц, цӕмӕй хицауад йӕ куыст, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕна, уӕддӕр уымӕй ницы уайы. Адӕм алыхуызон хъуыдытыл хӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сын зын у, кӕнӕ та уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй, цӕмӕй цавӕрдӕр фарстатӕ иумӕ аскъуыддзаг кӕной. Уымӕй бӕрӕг у, Библийы цы фыст ис, уый раст кӕй у.

  •   «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).

 Фӕлӕ Библийы фыст ис, уавӕр цӕй фӕрцы аивдзӕн, уый – ис ахӕм хицауад, ӕмӕ йӕ хицау ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн.

Хорз хицау

 Библийы фыст ис, йӕ бон ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕнын кӕмӕн у, уыцы хицау кӕй у Йесо Чырысти. Йесомӕ ис тых дӕр, бартӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны адӕмы бафидауын кӕнын, цӕмӕй фӕрнӕй цӕрой.

  •   «Йӕ рӕстӕджы рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад» (Псалом 72:7).

  •   «Адӕмтӕ йын се ’ппӕт дӕр лӕггад кӕндзысты» (Псалом 72:11).

 Йесойӕ хуыздӕр хицау нӕй, уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕна, уӕлдайдӕр та, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи ӕййӕфы, уыдонӕн.

  •   «Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн. Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12–14).

 Фылдӕр базон Хуыцауы Паддзахады, кӕнӕ уӕларвон хицауады, тыххӕй. Уыцы Паддзахады Паддзах у Йесо Чырысти. Базон, уыцы Паддзахад цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ дӕ бон куыд у йӕ фарс слӕууын.