Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Скъолайы лӕгмӕрдтӕ ӕрцӕуы. Библийы цы фыст ис?

Скъолайы лӕгмӕрдтӕ ӕрцӕуы. Библийы цы фыст ис?

 2022 азы 24 майы гыццыл горӕт Увальдейы (штат Техас, АИШ) ӕрцыд ӕвирхъау бӕллӕх. Иу газеты фыст уыд: «Райдиан скъоламӕ, „Робб“, зӕгъгӕ... иу адӕймаг хӕцӕнгарзимӕ бацыд ӕмӕ 19 сывӕллоны ӕмӕ дыууӕ ахуыргӕнӕджы амардта» (The New York Times).

 Хъыгагӕн ахӕм хабӕрттӕ тынг арӕх ӕрцӕуы. Иугонд Штатты иу газеты фыст уыди: «Ӕрмӕст Америкӕйы фарон скъолаты ахӕм хабӕрттӕ ӕрцыд 249 хатты. 1970 азӕй фӕстӕмӕ иу аз дӕр скъолаты уый бӕрц ӕвирхъау хабӕрттӕ никуы ӕрцыд» (USA Today).

 Ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕмӕн ӕрцӕуы? Ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн? Искуы фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Ацы фарстатӕн Библийы ис дзуапп.

Фыдхъуыддӕгтӕ цӕмӕн сарӕх сты?

 Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц: «Хуыцау фыдхъуыддӕгтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, зӕгъӕм, скъолаты цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдонмӕ?» Библийы ацы фарстайӕн цы дзуапп ис, уый базонӕн ис статьяйӕ «Хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?».

Ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

  •   «Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй... Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы [нӕ] уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4).

 Библийы уагӕвӕрдтӕ дын баххуыс кӕндзысты, ацы фыддунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон фӕразынӕн. Кӕс «Придет ли конец насилию?» журналы «Пробудитесь!».

 Ныййарджытӕн хорз уынаффӕтӕ ис статьяйы «Как просмотр новостей влияет на ребенка», цӕмӕй сӕ бон уа сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, ног хабӕртты ӕвирхъау бӕллӕхты тыххӕй куы фехъусой ӕмӕ куы феной, уӕд.

Искуы фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн?

  •   «Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:14).

  •   «Уыдон сӕ хъаматӕй сараздзысты гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ хъама нал сисдзӕн ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Михей 4:3).

 Хуыцау сараздзӕн, адӕмӕн сӕ бон саразын цы нӕу, уый. Йӕ уӕларвон Паддзахады фӕрцы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджыты дӕр се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Под правлением Царства Бога „будет обилие мира“».