Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Thai Liang Lim/E+ via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Социалон сетьтӕ уӕ сывӕллонӕн зиан хӕссынц? Библи ныййарджытӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

Социалон сетьтӕ уӕ сывӕллонӕн зиан хӕссынц? Библи ныййарджытӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

 «Ӕрыгӕттӕн сӕ психикӕ тынг ӕвзар уавӕры ис ӕмӕ хабар фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Ӕмӕ афтӕ у социалон сетьты аххосӕй дӕр» (Вивек Мурти, сӕйраг хирург Америкӕйы Иугонд Штаттӕй, 2024 аз, 17 июнь).

 Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын, социалон сетьтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй? Библийы ис хорз уынаффӕтӕ.

Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын?

 Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр уынаффӕмӕ.

 «Ӕмбаргӕ адӕймаг... хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).

 Социалон сетьтӕн сӕ бон у уӕ сывӕллонӕн зиан ӕрхӕссын, уымӕ гӕсгӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ йӕ хъуамӕ уадзат социалон сетьтӕй пайда кӕнын. Цалынмӕ уӕ сывӕллонӕн социалон сетьтӕй пайда кӕныны бар нӕ раттат, уӕдмӕ ахъуыды кӕнут: «Йӕ бон у, цас рӕстӕг сӕ пайда кӕндзӕн, уымӕ йӕ хъус дарын? Хорз ӕмбӕлттӕ йын уыдзӕн? Йӕхи хиздзӕн, ӕвзӕрырдӕм ыл цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй?»

 «Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут» (Ефесӕгтӕм 5:16).

 Кӕд уӕ сывӕллонӕн уый бар раттат, цӕмӕй социалон сетьтӕй пайда кӕна, уӕд-иу баныхас кӕнут, кӕд, цас ӕмӕ цӕмӕ кӕсдзӕн, ууыл ӕмӕ-иу ын бамбарын кӕнут, уый йӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн. Уӕ сывӕллонмӕ уӕ хъус дарут, ӕмӕ куы бафиппайат, ӕвзӕрырдӕм кӕй ивы, уӕд-иу ӕй социалон сетьтӕй бирӕ рӕстӕг пайда кӕнын мауал уадзут.

Фылдӕр базон

 Библийы фыст ис, «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Фӕлӕ ма дзы ис, стыр ӕххуыс уын чи фӕуыдзӕн, ахӕм хорз уынаффӕтӕ дӕр. Ам ссардзыстут 20 статьяйӕ фылдӕр ӕрыгӕтты психикӕйы тыххӕй ӕмӕ пайда уыдзысты ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр.