Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Surasak Suwanmake/Moment via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

2023 азы сӕрды ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ӕнахуыр тӕвдтӕ скодта. Библийы цы фыст ис?

2023 азы сӕрды ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ӕнахуыр тӕвдтӕ скодта. Библийы цы фыст ис?

 Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр скодта ӕнахуыр тӕвдтӕ, ӕмӕ уый аххосӕй цӕуы ӕвирхъау хабӕрттӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, дӕлдӕр цы фыст ис, уымӕ.

  •   «Ацы аз июны мӕйы куыд тӕвд уыди, афтӕ тӕвд никуыма уыди ӕнӕхъӕн дунейы 174 азмӕ» (2023 аз, 13 июль, National Oceanic and Atmospheric Administration, U.S. Department of Commerce).

  •   «Италийы, Испанийы, Францийы, Германийы ӕмӕ Польшӕйы тынг тӕвд у. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, Сицилийы ӕмӕ Сардинийы сакъадӕхты уӕлдӕфы температурӕ схиздзӕн 48 градусы онг. Европӕйы уый размӕ афтӕ тӕвд никуы уыд» (2023 аз, 13 июль, European Space Agency).

  •   «Тынг тӕвд кӕй у, уый тыххӕй арӕхдӕр уардзӕн тӕрккъӕвдатӕ ӕмӕ уый аххосӕй уыдзӕн стыр донивылдтӕ» (2023 аз, 17 июль, Стефан Уленбрук, Ӕппӕтдунеон метеорологон организацийы директор).

 Ахӕм хабӕрттӕ дӕ мӕты ӕфтауынц? Ӕркӕс-ма, Библийы цы фыст ис, уымӕ.

Климӕт кӕй аивта, уымӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц?

 О. Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр тынг тӕвд кӕй у ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уымӕй бӕрӕг у, нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый кӕй ӕххӕст кӕны. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти загъта, адӕм кӕй уындзысты «ӕвирхъау хабӕрттӕ» кӕнӕ «стыр диссӕгтӕ» (Лукайы 21:11). Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр тынг тӕвд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ тӕрсынц, зӕхх цӕрынӕн куы нал бӕзза, уымӕй.

Зӕхх цӕрынӕн нал бӕздзӕн?

 Нӕ. Уый афтӕ нӕу. Хуыцау зӕхх сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм цӕрой, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ фесафой (Псалом 115:16; Екклесиаст 1:4). Хуыцау загъта, «зӕхх чи сафы, уыдоны» кӕй фесафдзӕн (Раргомад 11:18).

 Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у зӕхх бахъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн.

  •   «[Хуыцау] банцайын кӕны тыхдымгӕ, ӕмӕ денджызы уылӕнтӕ ныссабыр вӕййынц» (Псалом 107:29). Хуыцауӕн йӕ бар цӕуы ӕрдзы тыхтыл. Йӕ бон у, абон адӕм ӕрдзон бӕллӕхты аххосӕй цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕн кӕрон скӕнын.

  •   «Ды де ’ргом раздӕхтай зӕхмӕ, цӕмӕй йыл алцыдӕр парахатӕй уа, алцӕмӕй йӕ хъӕздыг кӕныс» (Псалом 65:9). Хуыцауы арфӕдзинӕдты фӕрцы зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн.

 Зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый базондзынӕ статьяйӕ «Кто спасёт Землю?».