Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Anna Moneymaker/Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Тӕрхоны боны сахат: адӕм бӕстысӕфтмӕ фӕхӕстӕгдӕр сты. Библийы цы фыст ис?

Тӕрхоны боны сахат: адӕм бӕстысӕфтмӕ фӕхӕстӕгдӕр сты. Библийы цы фыст ис?

 2023 азы 24 январы ахуыргӕндтӕ Тӕрхоны боны сахат a ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕхӕстӕгдӕр кодтой. Ӕмбисӕхсӕв амоны, адӕм сӕхӕдӕг сӕхи кӕй фесафдзысты, уымӕ.

  •   «Адӕмӕн тӕссаг у, сӕхӕдӕг сӕхи куы фесафой, уымӕй. Ӕмӕ Тӕрхоны боны сахат дӕр уымӕ амоны. Ахуыргӕндтӕ дыццӕджы уыцы сахат ӕмбисӕхсӕвмӕ фӕхӕстӕгдӕр кодтой, нырмӕ куыд никуыма уыди, афтӕ. Уый баст у, Украинӕйы цы хӕст цӕуы, уыимӕ, ядерон хӕстӕй тӕссаг кӕй у ӕмӕ, зӕххы климӕт тӕссаг уавӕры кӕй ис, уыимӕ» (AFP International Text Wire).

  •   «Ахуыргӕндтӕ фехъусын кодтой, Тӕрхоны боны сахат размӕ кӕй акодтой ӕмӕ ӕмбисӕхсӕвмӕ 90 секунды йеддӕмӕ кӕй нал баззад. Адӕм бӕстысӕфтмӕ афтӕ хӕстӕг никуыма уыдысты» (ABC News).

  •   «Ахуыргӕндты ӕхсӕнадӕмон къорды хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм сӕхӕдӕг сӕхи кӕй фесафдзысты, уымӕй абоны хуызӕн тӕссаг никуыма уыд» (The Guardian).

 Адӕм ӕмӕ зӕхх ӕцӕгдӕр тагъд фесӕфдзысты? Фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй нӕ тӕрсын хъӕуы? Библийы цы фыст ис?

Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

 Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «зӕхх... лӕууы ӕнустӕм» ӕмӕ йыл адӕм «цӕрдзысты ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4; Псалом 37:29). Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй адӕм зӕхх фесафой кӕнӕ йӕ ахӕм уавӕрмӕ ’ркӕной, ӕмӕ йыл цӕрӕн мауал уа.

 Фӕлӕ Библийы кӕроны кой ис. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, зӕгъгӕ, «дуне... фӕивгъуыйы» (1 Иоанны 2:17).

Нӕ бон у фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын

 Кӕд абон дунейы бирӕ зындзинӕдтӕ ис, уӕддӕр нын Библи ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

 Цӕмӕй Библи хуыздӕр базонай, уый тыххӕй Библи лӕвар ахуыр кӕнын райдай.

a «Тӕрхоны боны сахат амоны, адӕм сӕ зианхӕссӕг технологиты аххосӕй тагъд сӕхӕдӕг сӕхи кӕй фесафдзысты, уымӕ. Уыцы ахӕсгӕ хуызы сахат нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, адӕм кӕрон цавӕр хъуыддӕгтӕн хъуамӕ скӕной, цӕмӕй ма фесӕфой» (Bulletin of the Atomic Scientists).