Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ahmad Gharabli/AFP via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Хицӕуттӕн сӕ бон бауыдзӕн иумӕ исты саразын, цӕмӕй, климӕт кӕй ивы, уый стырдӕр бӕллӕхтӕ ма расайа? Библийы цы фыст ис?

Хицӕуттӕн сӕ бон бауыдзӕн иумӕ исты саразын, цӕмӕй, климӕт кӕй ивы, уый стырдӕр бӕллӕхтӕ ма расайа? Библийы цы фыст ис?

 2022 азы 20 ноябры, хуыцаубоны, фӕци Иугонд Нациты Организацийы 27-ӕм конференци, климӕт кӕй ивы, уый фӕдыл. Конференцийы уынаффӕ рахастой, цӕмӕй мӕгуыр бӕстӕтӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕной, климӕт цы бӕллӕхтӕ расайы, уыдоны фӕстиуджытӕ иуварс кӕнынӕн. Фӕлӕ бирӕтӕ ӕмбарынц, цӕмӕй климӕт ӕвзӕрырдӕм мауал ива, уымӕн уый кӕй ницы ӕххуыс у.

  •   «Климӕт кӕй ивы, уый аххосӕй бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн ӕхцайӕ ӕххуыс кӕнын хорз хъуыддаг у. Фӕлӕ уый фаг нӕу... Зӕхх нырма „реанимацийы“ ис» (Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Антониу Гутерриш, 2022 аз, 19 ноябрь).

  •   «Климӕт тынг кӕй ивы, уый, гӕнӕн ис, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр стыр зиан ӕрхӕсса» (Мэри Робинсон, раздӕр уыди Ирландийы президент ӕмӕ Иугонд Нациты Организацийы адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг комитеты Сӕйраг комиссар, 2022 аз, 20 ноябрь).

 Фидӕны зӕххӕн йӕ уавӕр куыд уыдзӕн, ууыл уӕлдай тынгдӕр ӕрыгӕттӕ мӕт кӕнынц. Фӕлӕ цымӕ хицӕуттӕн сӕ бон бауыдзӕн сӕ тыхтӕ баиу кӕнын ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кӕнын, ома исты саразын, цӕмӕй климӕт ӕвзӕрырдӕм мауал ива? Библийы цы фыст ис?

Хицӕуттӕн исты бантысдзӕн?

 Кӕд хицӕуттӕн сӕ бон у цыдӕр саразын, цӕмӕй климӕт гыццыл фӕхуыздӕр уа, уӕддӕр Библийӕ базонӕн ис, уыцы хъуыддаг кӕронмӕ аскъуыддзаг кӕнын сӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн. Цӕуылнӕ?

  •   «Зылын цы у, уымӕн нӕй сраст кӕнӕн» (Екклесиаст 1:15).

     Йӕ хъуыды. Хицӕуттӕн сӕ бон алцы нӕу, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттой (Йереми 10:23). Адӕм сӕ тыхтӕ куы баиу кӕной, уӕддӕр дунейы зындзинӕдтӕн сӕ бон кӕрон скӕнын никуы бауыдзӕн, тынг куы архайой, уӕддӕр.

  •   «Адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг... уыдзысты зындзырд» (2 Тимофеймӕ 3:2, 3).

     Йӕ хъуыды. Библийы фыст ис, нӕ рӕстӕджы бирӕтӕ хиуарзон ӕмӕ зындзырд кӕй уыдзысты, ӕмӕ уый тыххӕй цард хуыздӕрырдӕм аивын зын у.

Хорз фидӕнӕй ныфс ис!

 Фӕлӕ зӕххӕн йӕ фидӕн хицӕуттӕй кӕнгӕ нӕу. Хуыцау зӕххӕн Хицауӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис:

  •   «Уымӕн йе уӕхсчытыл ӕрӕнцайдзысты кънйазы бартӕ. Ӕмӕ йӕ хондзысты Диссаджы уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын хуыцау, Ӕнусон фыд, Фарны кънйаз» (Исай 9:6).

 Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ома уӕларвон хицауады Паддзах (Матфейы 6:10). Уый у хъомысджын, стыр зонды хицау ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххӕн зиан мацыуал хӕсса ӕмӕ йыл адӕм амондджынӕй цӕрой (Псалом 72:12, 16). Йесо зӕххыл бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд уӕларвон хицауад фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы», уыдоны ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн (Раргомад 11:18; Исай 35:1, 7).

 Зӕххыл цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдонӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Изменение климата и наше будущее. Что говорит Библия».