Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ холокост. Библийы цы фыст ис?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ холокост. Библийы цы фыст ис?

 2023 азы 27 январы ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ бӕрӕг кӕндзысты Холокост мысӕн бон. 75 азӕй фылдӕры размӕ цы ӕгъатыр ӕмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕм, чи зоны, фӕзыны фарста, Хуыцау уыдӕттӕ ӕрцӕуын цӕмӕн бауагъта, зӕгъгӕ.

 Холокосты рӕстӕг дзуттӕгтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой. Милуанты дзы ныццагътой. Холокосты рӕстӕг ма ӕндӕр адӕмы къордты фӕдыл дӕр зылдысты ӕмӕ сӕ мардтой. Уыдонмӕ хаудысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр. Сӕ фӕдыл зылдысты, Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цардысты, уый тыххӕй.

«Фидӕн ӕмӕ ныфс»

 Адӕмӕй бирӕтӕ тӕрсынц, холокосты хуызӕн хабар та куы ’рцӕуа, уымӕй. Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, фидӕны ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕй нал ӕрцӕудзӕн, уымӕй.

  •   «Ӕз ӕй хорз зонын, сымах тыххӕй мӕ зӕрды цы ис, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрды ис сымах бӕллӕхы хай бакӕнын нӕ, фӕлӕ фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йереми 29:11). a

 Ацы зӕрдӕвӕрд тагъд сӕххӕст уыдзӕн. Йегъовӕ Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ, фыдгӕнджытӕ цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн.

  •   Иннӕтӕн зиан чи хӕссы, уыдоны фесафдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

  •   Зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас кӕндзӕн (Раргомад 21:4).

  •   Чи амард, уыдоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, ӕмӕ та ногӕй зӕххыл цӕрдзысты (Иоанны 5:28, 29).

 Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Библи нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл. Цӕмӕн, уый базоныны тыххӕй Библи лӕвар ахуыр кӕнын райдай.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).