Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зӕхх фырхусӕй ныскъуыдтӕ, ӕрмӕст ма йыл иу гыццыл цъӕх кӕрдӕг баззад.

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Хус рӕстӕджытӕ. Библийы цы фыст ис?

Хус рӕстӕджытӕ. Библийы цы фыст ис?
  •   «Китай фехъусын кодта, ацы аз кӕй уыд ӕппӕты тӕвддӕр аз ӕмӕ, ахуыргӕндты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ахӕм тӕвд сӕрдтӕ уымӕй размӕ дыууӕ хатты йеддӕмӕ кӕй нӕ уыд» («The Guardian», 2022 аз, 7 сентябрь).

  •   «Африкӕйы иуӕй-иу хӕйтты тынг хус рӕстӕг ахӕсдзӕн фондз азы» (UN News, 2022 аз, 26 август).

  •   «Европӕйы фылдӕр хайӕн тынг тӕссаг у ӕнахуыр хус рӕстӕгӕй. Фӕстаг 500 азы дзы ахӕм тӕвд, ӕвӕццӕгӕн, никуы уыди» (BBC News, 2022 аз, 23 август).

 Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй-иу ахӕм хус рӕстӕджытӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр скӕндзӕн ӕмӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзысты. Цымӕ нын хуыздӕр фидӕнӕй ныфс ис? Библийы цы фыст ис?

Хус рӕстӕджытӕ ӕмӕ Библийы пехуымпарад

 Нӕ рӕстӕджы тыххӕй Библийы фыст ис:

  •   «Куы иу ран, куы иннӕ ран... адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Лукайы 21:11).

 Хус рӕстӕг куы скӕны, уӕд арӕх уый фӕстӕ хӕринаг фаг нӕ вӕййы. Адӕм хӕринагхъуаг кӕй феййафынц ӕмӕ уый аххосӕй кӕй фӕхъизӕмар кӕнынц ӕмӕ дзы чидӕртӕ кӕй амӕлы, уымӕй ӕххӕст кӕны Библийы пехуымпарад (Раргомад 6:6, 8).

Хус рӕстӕджытӕ фыддӕрӕй-фыддӕр цӕмӕн кӕнынц

 Библи ӕргом кӕны, хус рӕстӕджытӕ сӕйраджыдӕр фыддӕр цӕй тыххӕй кӕнынц, уый. Фыст дзы ис:

  •   «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

 Уый нысан кӕны, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу сӕхицӕн разамынд дӕттын. Ӕвзӕр уынаффӕтӕ кӕй рахӕссынц, уый аххосӕй арӕх хус рӕстӕджытӕ скӕны ӕмӕ дон нӕ фӕфаг кӕны.

  •   Ахуыргӕндтӕн сӕ фылдӕры хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕмы аххосӕй климӕт фӕхъармдӕр, ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хус рӕстӕджытӕ арӕхдӕр скӕны.

  •   Зыд адӕмы ӕмӕ, фидӕныл чи нӕ хъуыды кӕны, уыцы политикты аххосӕй хъӕдтӕ сӕфынц, ӕрдз чъизи кӕны, стӕй ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтӕй раст нӕ пайда кӕнынц. Уый тыххӕй тӕссаг у, зӕххыл дон фаг куы нал уа, уымӕй.

 Фӕлӕ нын Библи ныфс ӕвӕры хорз фидӕнӕй.

Фидӕнӕй нын ныфс ис?

 Библийы фыст ис, Хуыцау афтӕ кӕй сараздзӕн, цӕмӕй адӕмӕн дон парахатӕй уа. Куыд?

  1.  1. Хуыцау, «зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафдзӕн» (Раргомад 11:18). Уый фесафдзӕн, абон дон цӕй тыххӕй нӕ фаг кӕны, уый аххосӕгтӕй иу – йӕ хъуыддӕгтӕй ӕрдзӕн зиан чи хӕссы, уыцы фыдгӕнӕг ӕмӕ зыд адӕмы фесафдзӕн (2 Тимофеймӕ 3:1, 2).

  2.  2. «Хурсыгъд зӕхх фестдзӕн цад» (Исай 35:1, 6, 7). Хус рӕстӕджытӕ цы зиан ӕрхастой, уыдӕттӕй Хуыцау фӕд дӕр нал ныууадздзӕн ӕмӕ зӕххӕй скӕндзӕн, дон парахатӕй кӕм уыдзӕн, ахӕм дзӕнӕт.

  3.  3. «Ды де ’ргом раздӕхтай зӕхмӕ, цӕмӕй йыл алцыдӕр парахатӕй уа, алцӕмӕй йӕ хъӕздыг кӕныс» (Псалом 65:9). Хуыцау зӕххӕн раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ йыл хӕринаг ӕмӕ сыгъдӕг дон уыдзӕн фагӕй фылдӕр.