Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау тыхсы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоныл

Хуыцау тыхсы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоныл

 Абон ӕгас дунейы дӕр 70 милуан адӕймаджы бӕрц хъусӕй нӕ хъусынц. Сӕ фылдӕр ныхас кӕнынц къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Уыцы ӕвзӕгтӕ сты 200 фылдӕр. Хъыгагӕн, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕммӕ арӕх хорз цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц. Уый бӕрӕг у, дӕлдӕр цы фыст ис, уымӕй.

  •   «Хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ ӕвзӕр чи хъусы, уыдоны бартӕ арӕх фессӕндынц, ӕмӕ афтӕ у ӕгас дунейы дӕр» (National Association of the Deaf, U.S.).

  •   «Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕй мӕгуыр бӕстӕты чи цӕры, уыдон иннӕ мӕгуыртӕй мӕгуырдӕр сты. Сӕ бон нӕу ахуыр кӕнын, куыст ссарын ӕмӕ сӕ цы информаци хъӕуы, уый базонын» (World Federation of the Deaf).

 Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕммӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы? Библийы ахӕм адӕмы тыххӕй цы фыст ис? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сын куыд ӕххуыс кӕнынц?

Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕммӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы?

 Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ a Хуыцау кӕй тыхсы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмыл. Фӕнды йӕ, цӕмӕй уыдонмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсой ӕмӕ цӕмӕй уыдонӕн дӕр Хуыцауы базоныны фадат уа.

 Библийы фыст ис: «Къуырма адӕймаджы ма ӕлгъит» (Левит 19:14).

 Йӕ хъуыды. Йегъовӕ рагон Израилӕн цы Закъон радта, уый хъахъхъӕдта, хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыдоны бартӕ.

 Библийы фыст ис: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны» (Хъуыддӕгтӕ 10:34).

 Йӕ хъуыды. Йегъовӕ адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр тыхсы, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурой, хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр, уӕддӕр, уыимӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоныл дӕр.

 Библийы фыст ис: «Йесо зылди ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл» ӕмӕ «хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 9:35).

 Йӕ хъуыды. Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ уыцы Паддзахад ӕппӕт адӕмӕн дӕр, уыимӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн дӕр, цы сараздзӕн, уый тыххӕй (Матфейы 6:10).

 Библийы фыст ис: Йесо ма суанг «къуырматы дӕр хъусынхъом кодта, ӕгомыгты та – дзурынхъом» (Марчы 7:37).

 Йӕ хъуыды. Хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыдон хъусын ӕмӕ дзурын кӕй райдыдтой, уымӕй Йесо равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый. Хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыцы адӕймаджы сдзӕбӕх кӕныны размӕ йын Йесо къухӕй бацамыдта, цы саразынмӕ хъавыд, уый (Марчы 7:31–35).

 Библийы фыст ис: «Къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты» (Исай 35:5).

 Йӕ хъуыды. Йегъовӕ йӕ пехуымпары уылты загъта, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон хъусын кӕй райдайдзысты (Исай 29:18).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн?

 Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дзурынц, Библийы цы ныфсы хабар ис, уый. Уый тыххӕй къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтыл уадзӕм Библитӕ ӕмӕ видеороликтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Уыцы ӕвзӕгтӕ сты 100 фылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма семӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ӕмбырдтӕ уадзӕм. Уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕхца фидын нӕ хъӕуы. Цӕуылнӕ? Йесо загъта: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:8).

 Дӕ бон у Библи ӕмӕ видеороликтӕ онлайн кӕсын кӕнӕ сӕ рафыссын. Уый куыд аразӕн ис?

 Сайт JW.ORG. Ацы сайты кӕцыфӕнды фарсыл дӕр уӕлейӕ равзарӕн ис, кӕцы къухӕйамонгӕ ӕвзаг дӕ хъӕуы, уый.

 Приложени JW Library Sign Language. Ацы приложени у лавӕр, ӕмӕ йӕ дӕ телефонмӕ кӕнӕ дӕ планшетмӕ рафысс. Уӕд дӕ бон уыдзӕн къухӕйамонгӕ ӕвзагыл видеороликтӕм кӕсын кӕнӕ сӕ рафыссын.

Библи ахуыр кӕнынӕн цавӕр публикацитӕ уадзӕм?

 Библи къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтӕй фыццаг рацыд америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Ныр «Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хай ис бирӕ ӕвзӕгтыл, ӕмӕ алы аз дӕр уыцы ӕвзӕгтӕн сӕ нымӕц фӕфылдӕр вӕййы. (Рамкӕйӕ « „Библи – Ног дунейы тӕлмац“ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл» базонӕн ис, цавӕр ӕвзӕгтыл ис, уый кӕнӕ Библийы видеозаписьмӕ онлайн кӕсӕн цы ’взӕгтыл ис, уый.)

  •   Бакӕс видеороликмӕ «Полный „Перевод нового мира“ доступен на американском жестовом языке» ӕмӕ базон, цы стыр куыст бакӕнынц, цӕмӕй Библи къухӕйамонгӕ ӕвзагыл рацӕуа.

  •   Цӕмӕй дын Библи кӕсын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй рафысс приложени JW Library Sign Language. Ацы приложенийы фӕрцы дӕ бон уыдзӕн къухӕйамонгӕ ӕвзагыл Библийы стихтӕ агурын.

  •   Дмитро ӕмӕ Витӕ хъусӕй нӕ хъусынц, сӕ лӕппу ӕмӕ сӕ чызг та хъусынц. Базон, сӕ бинонтӕ алы бон дӕр Библийы видеозаписьмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕй фӕкӕсынц, уый сын цы пайда хӕссы.

 Библи ахуыр кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм видеороликтӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уадзынц видеороликтӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Уыдон ӕххуыс кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмбарынӕн ӕмӕ сӕ царды пайда кӕнынӕн. Кӕмӕн?

 Библи ахуыр кӕныны курс. Дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Уӕ ахуыр-иу цӕудзӕн, дӕхи-иу цас фӕнда, уыйбӕрц рӕстӕг. Зӕгъ, цӕмӕй дын равдисой, Библи адӕмимӕ лӕвар куыд фӕахуыр кӕнынц, уый.

 Джейсон Сенахонон цӕры Филиппинты. Базон, Библи кӕй ахуыр кодта, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уыдаид.

 Марио Антунес раздӕр уыд аргъуаны пастор Гондурасы. Марио радзырдта, Библийы фӕдыл ӕм цы фарстатӕ уыд, уыдонӕн дзуапп куыд ссардта. Уый базондзынӕ йӕ биографийӕ «Фарстатӕ мӕм дзуаппытӕй фылдӕр уыд».

 Ӕмбырдтӕ ӕмӕ хабӕрттӕ. Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр нын ис ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Уым алы къуыри дӕр ӕрӕмбырд вӕййынц, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕм, цӕмӕй Библи ахуыр кӕной ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Уымӕй уӕлдай ма алы аз дӕр скӕнӕм стырдӕр ӕмбырдтӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Уым дӕр фӕахуыр кӕнынц Библи. Фембӕлдты программӕ фӕтӕлмац кӕнӕм, хъусӕй дӕр чи нӕ хъусы ӕмӕ уынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, ахӕм адӕмӕн. Уымӕй уӕлдай ма литературӕ уадзӕм Брайлы шрифтыл дӕр. Уыцы литературӕ дӕр у лӕвар.

 Хосе-Луис Айала цӕры Мексикӕйы. Йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъусӕй нӕ хъусы ӕмӕ ма фӕстӕдӕр куырм дӕр баци. Базон, куыд ын баххуыс кодтой, цӕмӕй иннӕтӕн Библи амонынмӕ хорз арӕхса.

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».