Хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн куы нӕ уа
Хӕдзарӕй дын ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй, мыййаг, дӕхимӕ иунӕг кӕсыс? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕумӕ дӕр вӕййы, иу адӕймагмӕ цы ӕнкъарӕнтӕ уыд, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ. Уый загъта: «Хӕдзары сӕр иунӕгӕй чи бады, ахӕм цъиуы хуызӕн сдӕн» (Псалом 102:7). Библийы уынаффӕтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ахӕм уавӕры дӕхимӕ ма ныхъхъусай.
Хуыцаумӕ ӕввахс кӕн
Кӕд дын хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕд дӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ цардӕй райгонд уай. Уый дӕ къухы бафтдзӕн, адӕймаг Хуыцауы кӕй хъуамӕ зона, уый куы ’мбарай ӕмӕ йӕ базоныныл куы архайай, уӕд (Матфейы 5:3, 6). Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн ацы ӕрмӕг.
Библи онлайн (раст ӕмӕ ӕнцонкӕсӕн тӕлмац).
Цыбыр видеороликтӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдты фӕдыл.
«Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ». Арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕн бӕлвырд дзуаппытӕ.
«Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут». Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты хабӕрттӕ.
Библийы кӕс, ныфс дӕ чи бауадздзӕн, ахӕм ныхӕстӕ
Дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдон бирӕты ныфс бауагътой. Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ сӕ иууылдӕр иу хаттӕн бакӕсай. Цалынмӕ дын хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕдмӕ дын рӕстӕг ис, цӕмӕй-иу дзы алкӕцыйыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай, стӕй-иу Хуыцаумӕ скувай ӕмӕ-иу ууыл йемӕ аныхас кӕнай (Марчы 1:35).
Базон, дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы
Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы, стӕй сын Хуыцау кӕрон куыд скӕндзӕн ӕмӕ, уыдӕттӕ цы зиан ӕрхастой, уый куыд сраст кӕндзӕн, уый куы зонай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕразын (Исай 65:17).
Ӕгӕр ма мӕт кӕн
Хӕдзарӕй дын ӕддӕмӕ цӕуӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй кӕд тыхсыс, уӕд дын, дӕлдӕр цы статьятӕ ис, уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй «мауал мӕт» кӕнай (Матфейы 6:25).
Де ’мбӕлттимӕ ныхас кӕн
Ӕмбӕлттӕ адӕймагӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуса ӕмӕ йын цӕмӕй цард циндзинад хӕсса. Ӕмбӕлттимӕ ныхас кӕнын уӕлдай ахсджиаг у, семӕ лӕгӕй-лӕгӕй фембӕлыны фадат куы нӕ уа, уӕд. Кӕд дын хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕд-иу де ’мбӕлттимӕ видеоконференцийы фӕрцы кӕнӕ телефонӕй аныхас кӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийӕ ма адард уат. Стӕй-иу уыцы мадзӕлтты фӕрцы дӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ скӕныныл дӕр архай. Дӕлдӕр цы видеоролик ӕмӕ статьятӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хорз ӕмбӕлттӕ ссарай ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн «ӕцӕг ӕмбал» уай (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
Де уӕнгтӕ-иу айваз
Библийы фыст ис, «уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй» иу гыццыл пайда кӕй ис (1 Тимофеймӕ 4:8). Де уӕнгтӕ фидар кӕныныл куы архайай, уӕд хъӕлдзӕгдӕр уыдзынӕ, уӕлдайдӕр та дын кӕд хӕдзарӕй ӕддӕмӕ цӕуӕн нӕй, уӕд. Хӕдзары уӕвгӕйӕ дӕр адӕймагӕн бирӕ фадӕттӕ вӕййы, цӕмӕй-иу йе уӕнгтӕ айваза.