Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

hadynyah/E+ via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Хӕсты тыххӕй ӕмӕ, климӕт кӕй ивы, уый тыххӕй ӕгас дунейы дӕр хӕринаг зынаргъдӕр кӕны ӕмӕ бирӕ бӕстӕты хӕринаг нӕ фаг кӕны. Библийы цы фыст ис?

Хӕсты тыххӕй ӕмӕ, климӕт кӕй ивы, уый тыххӕй ӕгас дунейы дӕр хӕринаг зынаргъдӕр кӕны ӕмӕ бирӕ бӕстӕты хӕринаг нӕ фаг кӕны. Библийы цы фыст ис?

 Украинӕйы хӕст кӕй цӕуы ӕмӕ климӕт кӕй ивы, уый тыххӕй хӕринаджы хабар ӕгас дунейы дӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Уый уӕлдай тынгдӕр фӕзынд, мӕгуыр бӕстӕты чи цӕры, уыдоныл, уымӕн ӕмӕ сын тынг зын у фаг хӕринаг амал кӕнын.

  •   «Хӕст кӕй цӕуы, климӕт кӕй ивы ӕмӕ электроэнерги зынаргъдӕр кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕмӕ ма ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй хойраг фӕкъаддӕр» (Иугонд Нациты Организацийы генералон секретарь Антониу Гутерриш, 2023 аз, 17 июль).

  •   «Уӕрӕсе нал архайы Украинӕйӕ мӕнӕу ӕдасӕй ласыны бадзырды. Уый тыххӕй, ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хойраджы хабар ӕгас дунейы дӕр фӕфыддӕр уыдзӕн ӕмӕ мӕгуырдӕр бӕстӕты, уӕлдайдӕр та Цӕгат Африкӕйы ӕмӕ Ӕввахс Скӕсӕны, хӕринаг ноджы фӕзынаргъдӕр уыдзӕн» (Atalayar.com, 2023 аз, 23 июль).

 Ӕркӕсӕм, Библийы цы фыст ис, хӕринаг кӕй нӕ фаг кӕндзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ фидӕны тыххӕй.

Библийы фыст ис, хӕринаг кӕй нӕ фаг кӕндзӕн

  •   Йесо загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй... адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7).

  •   Раргомады чиныджы фыст ис цыппар барӕджы тыххӕй. Уыдонӕй иу амоны хӕстмӕ. Йӕ фӕстӕ цы барӕг цӕуы, уый та амоны ӕххормагдзинадмӕ – хӕринаг фаг куы нӕ уа ӕмӕ тынг зынаргъ куы уа, уыцы рӕстӕгмӕ. «Акастӕн, ӕмӕ федтон сау бӕх. Чи йыл бадт, уымӕн йӕ къухы уыди барӕнтӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс... чидӕр радзырдта: „Мӕнӕуы къус динарыл. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл“» (Раргомад 6:5, 6).

 Ӕххормаг рӕстӕг кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй пехуымпарад ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы, Библи йӕ хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1). «Фӕстаг бонты» тыххӕй ӕмӕ, Раргомады цы цыппар барӕджы кой ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис видеороликӕй «1914 азӕй дуне фӕивта» ӕмӕ статьяйӕ «Цыппар барӕджы чи сты?»

Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

  •   Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты зын рӕстӕджыты, зӕгъӕм, хӕринаг куы фӕзынаргъдӕр уа кӕнӕ суанг куы нӕ фаг кӕна, уӕд дӕр. Цалдӕр уынаффӕйы ис статьяйы «Как обходиться меньшими средствами?».

  •   Библи нын ныфс ӕвӕры хорз фидӕнӕй. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, «зӕххыл хор уыдзӕн парахат» ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хӕринаг фагӕй фылдӕр уыдзӕн (Псалом 72:16). Уыцы фидӕны тыххӕй ӕмӕ ууыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Реальная надежда на лучшее завтра».