Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Chris McGrath/Getty Images

Хӕст. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

Хӕст. Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

 Дунейы хӕстытӕ цӕуы ӕмӕ адӕмӕн стыр маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕнынц. Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм:

  •    «Фӕстаг аз хӕсты тыххӕй тынг бирӕ адӕм амард, ӕмӕ сӕ фылдӕр амардысты Эфиопи ӕмӕ Украинӕйы. 1994 азӕй фӕстӕмӕ иу аз дӕр уыйбӕрц адӕм нӕ амард» (Peace Research Institute Oslo, 2023 аз, 7 июнь).

  •    «Украинӕйы хӕст у, 2022 азы чи фӕтынгдӕр, уыцы хӕстытӕй ӕрмӕстдӕр иу. Фаронимӕ абаргӕйӕ ацы аз ӕгас дунейы политикон тыхми 27 проценты фӕфылдӕр ӕмӕ фӕзынд 1.7 миллиард адӕймаджы цардыл» (The Armed Conflict Location & Event Data Project (ACLED), 2023 аз, 8 февраль).

 Библи нын дӕтты ныфс. Фыст дзы ис: «Уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад» (Данел 2:44). Уыцы Паддзахады, кӕнӕ хицауады, фӕрцы Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг бауромдзӕн хӕстытӕ» (Псалом 46:9).