Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Бирӕтӕм адӕймаджы амарын ницыуал кӕсы. Библийы цы фыст ис?

Бирӕтӕм адӕймаджы амарын ницыуал кӕсы. Библийы цы фыст ис?

 2022 азы июлы ӕгас дунейы дӕр цы ӕвирхъау хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, бирӕтӕм хӕцӕнгарз райсын ӕмӕ искӕй амарын кӕй ницыуал кӕсы.

  •   «Японийы ӕппӕты зындгонддӕр политикы [раздӕры премьер-министр Синдзо Абэйы] кӕй амардтой, уый фехъусгӕйӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы адӕм дӕр арвы цӕфау фесты. Тынгдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ ацы бӕстӕйы фыдракӕндтӕ арӕх не ’рцӕуы ӕмӕ дзы хӕцӕнгарз дарыны тыххӕй карз закъӕттӕ ис» (2022 аз, 10 июль, «The Japan Times»).

  •   «Данийы цӕрджытӕ хорзау нал фесты: Копенгагены иу нӕлгоймаг дуканимӕ хӕцӕнгарзимӕ бацыд ӕмӕ ӕртӕ адӕймаджы амардта» (2022 аз, 4 июль, «Reuters»).

  •   «Хуссар Африкӕйы посёлок Соуэтойы бармӕ цалдӕр адӕймаджы хӕцӕнгӕрзтимӕ бацыдысты ӕмӕ 15 адӕймаджы амардтой» (2022 аз, 10 июль, «The Guardian»).

  •   «Иугонд Штатты 4 июлы бӕрӕгбоны рӕстӕг фыдгӕнджытӕ хӕцӕнгарзӕй амардтой 220 адӕймагӕй фылдӕр» (2022 аз, 5 июль, «CBS News»).

 Цымӕ искуы фыддзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн? Уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Фыддзинадӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн

 Мах цӕрӕм, Библи «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны, уыцы рӕстӕг. Адӕм систы тынг ӕгъатыр ӕмӕ сты фыддзинадмӕ ӕмхиц (2 Тимофеймӕ 3:1, 3). Цы ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы, уыдон адӕмы зӕрдӕты тас уадзынц (Лукайы 21:11). Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, хуыздӕр рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн: фыддзинад нал уыдзӕн, «адӕмӕн сӕ цӕрӕнбынӕттӕ уыдзысты фӕрнӕйдзаг, сӕ хӕдзӕрттӕ уыдзысты ӕдас, кӕм цӕрдзысты, уым сӕ ничи хъыгдардзӕн» (Исай 32:18). Фыддзинадӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?

 Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр хӕцӕнгарз ис, уый фесафдзӕн.

  •   «Фыдгӕнджытӕ... зӕххӕй фесӕфдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

  •   «[Хуыцау] зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ. Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы» (Псалом 46:9).

 Зӕххыл фыддзинад нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕмы кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрын сахуыр кӕндзӕн.

  •   «Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ» (Исай 11:9).

  •   Абон дӕр Хуыцау ӕгас дунейы дӕр адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй фыддзинадӕй сӕхи хизой ӕмӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз ма исой. Ӕмӕ сын дзуры, цӕмӕй «сӕ хъаматӕй саразой гутӕттӕ, сӕ ӕрцытӕй – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕ» (Михей 4:3).

 Библи нын зӕрдӕ ’вӕры ӕдас фидӕнӕй. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Мир, где не будет страха».

 Фыддзинадӕн ӕнустӕм кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый базонӕн ис статьяйӕ «Наконец мир на земле!».