Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

YURI LASHOV/AFP via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Чырыстӕттӕ ӕмӕ хӕстытӕ. Библийы цы фыст ис?

Чырыстӕттӕ ӕмӕ хӕстытӕ. Библийы цы фыст ис?

 Украинӕйы цы хӕст цӕуы, уымӕй бӕрӕг у, чырыстон дины разамонджытӕй бирӕтӕ хӕстӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц. Уӕ хъус-ма ӕрдарут, Украинӕйы ӕмӕ Уӕрӕсейы сауджынтӕ цы дзурынц, уымӕ.

  •   «Стыр аргъ кӕнӕм, йӕ райгуырӕн Украинӕ лӕбурӕгӕй чи хъахъхъӕны, уыцы хӕстонтӕн ӕмӕ сӕ тынг бузныг стӕм... Нӕ зӕрдӕтӕ сты уемӕ, ӕдзух уын зӕрдӕбынӕй кувӕм ӕмӕ уын алкӕддӕр баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ стӕм»,– загъта Украинӕйы митрополит Епифаний («The Jerusalem Post», 2022 аз, 16 мартъи).

  •   «Мӕскуыйӕн йӕ хӕстон кампани Украинӕйы нӕма фӕци. Уырыссаг православон аргъуаны хистӕр патриарх Кирилл хуыцаубоны Уӕрӕсейы салдӕттӕн службӕ ауагъта. Салдӕттӕм сидт, цӕмӕй сӕ бӕстӕ хъахъхъӕной, „ӕрмӕстдӕр уырыссӕгтӕ куыд зонынц, афтӕ“» (Reuters, 2022 аз, 3 апрель).

 Чырыстӕттӕ хъуамӕ хӕстыты архайой? Библийы цы фыст ис?

Библийы бӕлвырдӕй цы фыст ис?

 Библийӕ нӕ бон базонын у, Йесо Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ хӕстыты кӕй нӕ архайынц.

  •   «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матфейы 26:52).

     Хӕстыты ныхмӕ чи нӕу кӕнӕ хӕсты чи хӕцы, уымӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм хъусы?

  •   «Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:34, 35).

     Хӕстыты фарс чи у, ахӕм адӕймагӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йесо кӕй кой кодта, ахӕм уарзондзинад ӕм ис?

 Фылдӕр базоныны тыххӕй бакӕс статья «Совместимо ли христианство с войной?».

Чырыстӕттӕ ӕмӕ хӕстытӕ абон

 Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй чырыстӕттӕ хӕстыты ма архайой? Ис. Библи нӕ рӕстӕг хоны «фӕстаг бонтӕ». Ӕмӕ дзы фыст ис, адӕм ӕппӕт адӕмтӕй дӕр «хӕцын... [кӕй] нал ахуыр кӕндзысты», Йесо дӕр куыд дзырдта, афтӕ (Исай 2:2, 4).

 Тагъд Йегъовӕ a, «фарны Хуыцау», чи хъизӕмар кӕны, уыцы адӕмы йӕ уӕларвон хицауады фӕрцы фервӕзын кӕндзӕн «ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Филиппӕгтӕм 4:9; Псалом 72:14).

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).