Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Photo by Zhai Yujia/China News Service/VCG via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Ӕвирхъау донивылдтӕ. Библийы цы фыст ис?

Ӕвирхъау донивылдтӕ. Библийы цы фыст ис?

 Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ӕвирхъау донивылдтӕ бирӕтӕн стыр зиӕнттӕ ӕрхӕссынц. Мӕнӕ цалдӕр ног хабары.

  •   «Фӕстаг цалдӕр боны Китайы сӕйраг горӕты тыхджын тӕрккъӕвдатӕ ныууарыд. Фӕстаг 140 азы дзы ахӕм къӕвдатӕ нӕ уыд... Сабатӕй ӕртыццӕгмӕ ӕруарыд 744.8 миллиметры къӕвда» (AP News, 2023 аз, 2 август).

  •   «Дыккаг бон Японийы хуссар хайы тайфун „Ханун“ цы тыхдымгӕ ӕмӕ тыхджын къӕвдатӕ расайдта, уыдон не ’нцайынц. Фӕмард ӕппынкъаддӕр дыууӕ адӕймаджы... Тайваны хӕххон районты ӕруардзӕн 0.6 миллиметры бӕрц къӕвда» (Deutsche Welle, 2023 аз, 3 август).

  •   «Канадӕйы атлантикон былгӕрӕтты цы тыхджын къӕвдатӕ ӕрцыд, уыдон донивылдтӕ расайдтой [Ног Шотландийы]. Ахӕм къӕвдатӕ дзы фӕстаг 50 азы нӕ уыд» (BBC News, 2023 аз, 24 июль).

 Ахӕм хабӕртты тыххӕй Библийы цы фыст ис?

«Фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

 Мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1). Йесо загъта, нӕ рӕстӕджы кӕй цӕудзӕн «ӕвирхъау хабӕрттӕ» (Лукайы 21:11). Климӕт кӕй ивы, уый аххосӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕрцӕуынц тынг ӕнӕнхъӕлӕджы, вӕййынц арӕхдӕр ӕмӕ тыхджындӕр.

Фидӕнӕй нын ныфс ис

 Абон зӕххыл цы ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы, уыдон нын хъуамӕ ныфсы хос уой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо Чырысти загъта: «Куы уынат, ӕмӕ адӕттӕ цӕуынц, уӕд ӕй зонут: Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:31; Матфейы 24:3).

 Цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ тагъд Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ ӕрдзон тыхтыл йӕ бар цӕудзӕн, уыимӕ, ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, ууыл дӕр (Иов 36:27, 28; Псалом 107:29).

 Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй дзӕнӕт куыд сараздзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Кто спасёт Землю?».