Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Sean Gladwell/Moment via Getty Images

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Ӕгас дунейы хицӕуттӕ се ’фсӕдтыл бахардз кодтой 2 триллион доллӕрӕй фылдӕр. Библийы цы фыст ис?

Ӕгас дунейы хицӕуттӕ се ’фсӕдтыл бахардз кодтой 2 триллион доллӕрӕй фылдӕр. Библийы цы фыст ис?

 2022 азы ӕгас дунейы хицӕуттӕ се ’фсӕдтыл цас ӕхца бахардз кодтой, уыйбӕрц уымӕй размӕ никуы – 2,24 триллион доллӕры, сӕйраджыдӕр, Уӕрӕсе Украинӕмӕ кӕй бабырста, уый тыххӕй. 2023 азы апрелы Стокгольмы сабырдзинады фарстатӕ иртасӕн ӕхсӕнадӕмон институт фехъусын кодта:

  •   Европӕйы хицауӕдтӕ се ’фсӕдтыл цы ӕхца бахардз кодтой, уыдон «иу азмӕ фӕфылдӕр сты 13 проценты. 1991 азӕй ныры онг уыйбӕрц ӕхца ӕфсадыл никуы бахардз кодтой».

  •   «Уӕрӕсейы... хӕрдзтӕ фӕфылдӕр сты 9,2 проценты. Афтӕмӕй, ӕфсадыл ӕппӕты фылдӕр чи хардз кӕны, уыцы бӕстӕты номхыгъды фӕндзӕм бынатӕй ӕртыккаг бынатмӕ схызт».

  •   Ӕфсадыл ӕппӕты фылдӕр чи хардз кӕны, уыдоны номхыгъды раздӕрау фыццаг бынаты сты Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. «Ӕгас дунейы хицӕуттӕ се ’фсӕдтыл цы ӕхца бахардз кодтой, уыдонӕн сӕ 39 проценты сты Америкӕйы Иугонд Штатты».

 «Фӕстаг азты хицауӕдтӕ се ’фсӕдтыл фылдӕр ӕхца кӕй хардз кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, ацы дунейы цӕрын тӕссагӕй-тӕссагдӕр кӕй кӕны»,– загъта экономикӕйы доктор Нан Тян, Стокгольмы сабырдзинады фарстатӕ иртасӕн ӕхсӕнадӕмон институты ӕмгуыстгӕнӕг.

 Библийы фыст ис, ӕппӕты хъомысджындӕр хицауӕдтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр кӕй цӕудзысты. Фӕлӕ ма дзы фыст ис, зӕххыл сабырдзинад кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй дӕр.

Библийы фыст ис, бӕстӕтӕ кӕрӕдзи ныхмӕ тынгдӕр кӕй цӕудзысты

  •   Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи хоны «кӕроны рӕстӕг» (Данел 8:19).

  •   Данелы чиныджы фыст ис, «кӕроны рӕстӕг» дунеон паддзахӕдтӕ кӕй быцӕу кӕндзысты, тыхджындӕр сӕ чи у, ууыл. Ӕмӕ ууыл хардз кӕндзысты стыр «хӕзнатӕ», ома бирӕ ӕхца (Данел 11:40, 42, 43).

 Ацы пехуымпарады тыххӕй фылдӕр базондзынӕ видеороликӕй «Данелы 11 сӕры фыст пехуымпарад куыд сӕххӕст».

Зӕххыл сабырдзинад цӕй фӕрцы уыдзӕн

  •   Библийы фыст ис, Хуыцау адӕмы хицауӕдтӕ кӕй баивдзӕн. Уый «сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44).

  •   Йегъовӕ a Хуыцау тагъд сараздзӕн, адӕмӕн сӕ бон цы нӕу саразын, уый – зӕххыл ӕнустӕм сабыр цард скӕндзӕн. Куыд? Хуыцауы Паддзахад, ома йӕ уӕларвон хицауад, хӕцӕнгарз иууылдӕр фесафдзӕн ӕмӕ тыхмийӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 46:8, 9).

 Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базондзынӕ статьяйӕ «Под правлением Царства Бога „повсюду будет мир“»

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).