Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

JenkoAtaman/stock.adobe.com

МА БАФЫНӔЙ УТ!

2023 аз: фидӕнӕй нӕ исты ныфс ис? Библийы цы фыст ис?

2023 аз: фидӕнӕй нӕ исты ныфс ис? Библийы цы фыст ис?

 2023 аз райдыдта, ӕмӕ не ’ппӕты дӕр ныфс ис, нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ бинонтыл дӕр хорз хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн. Уымӕй нӕ фидар ныфс цӕмӕн ис?

Библи нын ныфс ӕвӕры хорз фидӕнӕй

 Библийы фыст ис хорз хабар: абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон сты рӕстӕгмӕ ӕмӕ сын тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн. Ӕцӕгдӕр, Библи «фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй... Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы [нӕ] уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4).

Уыцы ныфс ӕххуыс кӕны абон дӕр

 Библи нын цы ныфс дӕтты, «уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау» (Дзуттӕгтӕм 6:19). Уыцы ныфс нын нӕ зӕрдӕты фарн хъахъхъӕны. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕн быхсӕм, цардыл цин кӕнӕм ӕмӕ нӕм амондджын фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм.

Дӕ ныфс фидар кӕн

 Бирӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ уый искуы уыдзӕн, уый фидарӕй сӕ бон зӕгъын нӕу. Фӕлӕ Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны? Уымӕн ӕмӕ нын уымӕй ныфс ӕвӕры, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу», уыцы Хуыцау Йегъовӕ a (Титмӕ 1:2). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн у йӕ бон, зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнын. Уымӕн йӕ бон у, «цыдӕриддӕр [ӕй] фӕнды, уый саразын» (Псалом 135:5, 6).

 Мах тынг фӕнды, цӕмӕй, Библи ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый дын ӕххуыс кӕна. Уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый дӕ цӕмӕй фидарӕй уырна, уый тыххӕй «Фыстад лӕмбынӕг иртас» (Хъуыддӕгтӕ 17:11). 2023 аз райдыдта, ӕмӕ ды дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнын райдай. Уый фӕрцы дын фидӕнӕй фидар ныфс фӕзындзӕн!

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).