Аввакум 1:1—17

1  Ӕз, пехуымпар Аввакум, цӕстылуайӕны кӕй фехъуыстон, уыцы хабар. Ӕз загътон:  «О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн, цӕмӕй мӕ фехъусай?+ Цас ма дӕм сиддзынӕн ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ ацы фыддзинадӕй фервӕзын кӕнай?+  Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз? Мӕ цӕстыты раз стигъынц ӕмӕ тыхми кӕнынц, алы ран загъд кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи хӕрынц+.  Уый тыххӕй закъон йӕ тых фесӕфта ӕмӕ рӕстдзинад никуыуал ис+. Фыдгӕнӕгӕн рӕстгӕнӕгыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый тыххӕй рӕстдзинад дӕр сзыгъуыммӕ+.  „Акӕсут адӕмтӕм, лӕмбынӕг ӕркӕсут, дисгӕнгӕ бакӕсут кӕрӕдзимӕ+. Дис кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы ахӕм хабар ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уын ӕй куы дзырдтаиккой, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид+.  Ӕз сыстын кӕндзынӕн халдейты+, ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг адӕмы. Уыдон тыгъд быдырты цӕуынц ӕмӕ кӕйдӕр цӕрӕнбынӕттӕ исынц+.  Адӕмыл тас ӕфтауынц ӕмӕ сӕ тӕссӕй дзыллӕтӕ зыр-зыр кӕнынц. Уыдонӕн сӕхи рӕстдзинад ис ӕмӕ, лӕгдзинад цы у, уый дӕр сӕхирдыгонау ӕмбарынц+.  Сӕ бӕхтӕ сты фыранктӕй цӕрдӕгдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй – знӕтдӕр+. Сӕ хӕстон бӕхтӕ зӕхх сӕ къӕхтӕй ӕрцӕвынц, сӕ хӕстон бӕхтӕ дардӕй ӕрбацӕуынц. Цӕргӕс йӕ амӕттагыл йӕхи куыд рауадзы, афтӕ тагъд тӕхынц+.  Иууылдӕр сты тыхгӕнджытӕ+. Скӕсӕйнаг дымгӕйау+ сӕ ных размӕ сарӕзтой ӕмӕ уацайрӕгты змисау ӕмбырд кӕнынц. 10  Уыдон паддзӕхтӕй дӕр хынджылӕг кӕнынц ӕмӕ стыр хицӕуттыл худӕгӕй мӕлынц+. Цыфӕнды фидаргонд горӕтыл дӕр фӕхудынц+: сыджыт ныккалынц ӕмӕ йӕ байсынц. 11  Уыцы рӕстӕг дымгӕйау размӕ абырсдзысты, ацы зӕххыл дӕр ацӕудзысты ӕмӕ фӕаххосджын уыдзысты+. Цы тых сӕм ис, уый сын у сӕ хуыцауӕй“+. 12  О Йегъовӕ+, ды рагӕй фӕстӕмӕ нӕ дӕ? О мӕ Хуыцау, мӕ Сыгъдӕг Хуыцау, ды мӕлгӕ нӕ кӕныс+. Йегъовӕ, ды сӕ уый тыххӕй сӕвӕрдтай, цӕмӕй нын стӕрхон кӕнай. Мӕ Къӕдзӕх+, уый тыххӕй сӕ скодтай, цӕмӕй нын зонд бацамонай+. 13  Дӕ цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг сты, фыдхъуыддӕгтӕм кӕсын дӕ бон нӕу+. Ӕмӕ уӕдӕ уӕд цӕмӕн кӕсыс, иннӕтыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонмӕ?+ Фыдгӕнӕг, йӕхицӕй растдӕр чи у, уый куы аныхъуыры, уӕд ӕнцад цӕмӕн фӕлӕууыс?+ 14  Адӕймаджы денджызы кӕсӕгты хуызӕн ӕмӕ ӕнӕхицау хилджыты хуызӕн цӕмӕн скодтай?+ 15  Се ’ппӕты дӕр хуымӕтӕг ӕнгуырӕй ӕрцахстой+. Сӕ хызы сӕ раласынц, сӕ кӕсагахсӕн стыр хызы сӕ ӕмбырд кӕнынц+. Гъе уый тыххӕй сты хъӕлдзӕг, цин кӕнынц+. 16  Гъе уый тыххӕй сӕ хызӕн нывӕндтӕ хӕссынц, сӕ кӕсагахсӕн хызӕн нывӕндты фӕздӕг суадзынц, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы сӕ хай сойы ӕнхъӕвзы ӕмӕ сӕ хӕринаг у пайда+. 17  Цӕмӕн сӕ уадзыс, цӕмӕй сӕ хызтӕ дзаг кӕной ӕмӕ сӕ ӕвдӕлон кӕной? Ӕнустӕм цӕгъддзысты адӕмты ӕмӕ тӕригъӕд нӕ зондзысты?+

Фиппаинӕгтӕ