Аввакум 2:1—20

2  Ӕз лӕудзынӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты+, сыджытӕй конд быруйыл слӕудзынӕн ӕмӕ лӕмбынӕг кӕсдзынӕн+, цӕмӕй фенон, мӕн уылты цы зӕгъдзӕн+ ӕмӕ мын куы бауайдзӕф кӕна, уӕд ын цы дзуапп раттон, уый»+.  Ӕмӕ мын Йегъовӕ дзуапп радта: «Ныффысс ацы цӕстылуайӕн, къӕйдуртыл* ӕй афтӕ ныффысс+, цӕмӕй йӕ хъӕрӕй чи кӕса, уымӕн ӕнцонкӕсӕн уа+.  Ныффысс ӕй, уымӕн ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн нырма хъуамӕ йӕ рӕстӕджы сӕххӕст уа+. Тагъд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн. Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн+. Нӕ байрӕджы кӕндзӕн.  Йӕхиуыл фервӕссыд+, йӕ зӕрдӕ йӕ мидӕг сыгъдӕг нӕу. Рӕстгӕнӕг та цӕрдзӕн, иузӕрдион кӕй у, уый фӕрцы+.  Сӕн мӕнгард у+, ӕмӕ уый тыххӕй адӕймаг йӕхиуыл фервӕссы+. Фӕлӕ йӕ нысан йӕ къухы нӕ бафтдзӕн+ – йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕн ингӕнау* кӕрон кӕмӕн нӕй ӕмӕ мӕлӕтау ӕфсис чи нӕ зоны, уымӕн+. Ӕппӕт адӕмты йӕхимӕ ӕмбырд кӕны, ӕппӕт адӕмыхӕттыты йӕ алыварс тымбыл кӕны+.  Фӕлӕ йыл се ’ппӕт дӕр ӕмбисӕндтӕ не скӕндзысты+ ӕмӕ йӕ дӕлгоммӕ ныхӕстӕй не ’фхӕрдзысты? Уӕд зӕгъдзысты:„Цымӕ кӕдмӕ+ ссивдзӕн искӕй фӕллӕйттӕ?+ Додой йӕ къона, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕстӕ фылдӕр кӕны, ӕндӕр ницы!  Проценттӕ дӕ чи домы, уыдон цымӕ ӕнӕнхъӕлӕджы дӕ ныхмӕ нӕ рацӕудзысты? Ӕгъатыр уыгъд дӕ чи кӕны, уыдон нӕ райхъал уыдзысты ӕмӕ дӕ нӕ фӕхӕсдзысты?+  Бирӕ адӕмты кӕй бастыгътай, уый тыххӕй дын, адӕмтӕй ма чи баззад, уыдон дӕхи бастигъдзысты+. Бастигъдзысты дӕ, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, зӕххӕн, горӕтӕн ӕмӕ дзы чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн фыдмитӕ кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй+.  Додой йӕ къона, йӕ хӕдзар искӕй фӕллойӕ чи дзаг кӕны+, цӕмӕй йӕхицӕн бӕрзонд ран ахстон скӕна ӕмӕ йӕхи бӕллӕхӕй бахиза!+ 10  Ды сфӕнд кодтай бирӕ адӕмты фӕцӕгъдын+, ӕмӕ уый дӕ хӕдзарӕн худинаг у, ды тӕригъӕд аразыс+. 11  Къулы дур дӕр тӕригъӕддаг дзынӕзт кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ дзыназынмӕ цары хъӕд дӕр дзыназдзӕн+. 12  Додой йӕ къона, горӕт тугыл чи аразы, фыдхъуыддӕгты фӕрцы йӕ чи хъавы ӕрфидар кӕнынмӕ, уымӕн!+ 13  Адӕмтӕ артӕн кӕй фыдӕбон кӕндзысты ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ сӕхи дзӕгъӕлы тухӕнӕй кӕй мардзысты, уый ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ нӕу, ӕви?+ 14  Денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы кады тыххӕй зонындзинӕдтӕй+. 15  Додой йӕ къона, иннӕтӕн йӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхимӕ нуазинаг чи дӕтты, цӕмӕй сӕ срасыг кӕна+ ӕмӕ сын стӕй сӕ бӕгънӕг буармӕ кӕса+. 16  Кады бӕсты ӕгаддзинад уыдзӕн дӕ хай ӕмӕ дзы фелгъӕд уыдзынӕ+. Бануаз ды дӕр ӕмӕ у+, сунӕтгонд чи нӕу, уый хуызӕн+. Йегъовӕйы рахиз къухы цы нуазӕн ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн+, ӕмӕ дӕ кад худинаджы бын фӕуыдзӕн: 17  Ливанӕн цы фыдмитӕ фӕкодтай+, ахӕм фыдмитӕ бакӕндзысты дӕуӕн дӕр, ӕмӕ ды куыд нӕ бацауӕрстай тарст фосыл, афтӕ нӕ бацауӕрддзысты дӕ фосыл дӕр – адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, зӕххӕн+, горӕтӕн ӕмӕ дзы чидӕриддӕр цӕры, уыдонӕн фыдмитӕ кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй+. 18  Цы пайда ис адӕймаджы къухӕй конд гуымирыйӕ+, ӕфсӕйнаг хуыцауӕй ӕмӕ, мӕнгдзинад чи амоны, уымӕй?+ Чи сӕ скӕны, уый сыл йӕ ныфс афтӕ тынг дары+, ӕмӕ ӕгомыг, ницӕйаг хуыцӕуттӕ аразы+. 19  Додой йӕ къона, хъӕды лыггагӕн афтӕ чи зӕгъы: „Райхъал у!“ ӕмӕ ӕгомыг дурӕн афтӕ чи дзуры: „Райхъал у! Зонд нын бацамон!“+ Сызгъӕринӕй ӕмӕ йыл ӕвзистӕй цъар сӕвӕрдтой+, фӕлӕ дзы царды улӕфт нӕй+. 20  Йегъовӕ та ис йӕ рухс кувӕндоны+. Зӕхх, йӕ разы ныссабыр у!“»+

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «фӕйнӕджы гӕбӕзтыл».
Комк. «шеолау». Кӕс Уӕлӕмх. 8.