Аггей 1:1—15
1 Дари дыккаг аз куы уыд паддзах+, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон, Йегъовӕ пехуымпар Аггейы+ уылты Иудӕйы хицау+ Салафиилы+ фырт Зоровавелӕн+ ӕмӕ хистӕр сауджын Иоседекы+ фырт Йесойӕн+ загъта:
2 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау+ Йегъовӕ: „Ацы адӕм дзурынц: „Ныр Йегъовӕйы хӕдзар аразыны афон нӕма у. Уый рӕстӕг нӕма ’рцыд“»+.
3 Йегъовӕ ма пехуымпар Аггейы уылты загъта:
4 «Ӕмӕ сымахӕн та цымӕ уый рӕстӕг у, цӕмӕй, сӕ къултӕ рӕсугъд хъӕдӕй хуыд кӕмӕн сты, ахӕм хӕдзӕртты цӕрат+, кӕд ӕмӕ ацы хӕдзар ӕдзӕллаг уавӕры ис, уӕд?+
5 Уӕдӕ ныр афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уӕ хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут+.
6 Бирӕ таут, фӕлӕ дзы исгӕ ницы кӕнут+. Хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут+. Нуазут, фӕлӕ нӕ расыг кӕнут. Уӕхиуыл дзаумӕттӕ кӕнут, фӕлӕ нӕ тӕфсут. Ӕххуырсты чи бацӕуы, уый та кусы уый тыххӕй, цӕмӕй, цы бакусы, уый хуынкъ ӕхцадоны нывӕра“»+.
7 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уӕ хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут“+.
8 „Хохмӕ ацӕут, хъӕдӕрмӕг ӕрхӕссут+ ӕмӕ хӕдзар саразут+, цӕмӕй дзы мӕ зӕрдӕ рухс кӕна+ ӕмӕ цӕмӕй скадджын уон“+,– зӕгъы Йегъовӕ».
9 «„Бирӕ тыллӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ райстат гыццыл+. Хӕдзармӕ йӕ ’рбахастат, фӕлӕ йыл ӕз бафу кодтон, ӕмӕ уын дзы ницыуал аззад+. Цӕмӕн?+ – фӕрсы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– Мӕ хӕдзар ӕдзӕллаг уавӕры кӕй ис ӕмӕ сымахӕй та алчи йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уый тыххӕй+.
10 Арв дӕр уын уый тыххӕй нал лӕвӕрдта ӕртӕх, ӕмӕ зӕхх та – тыллӕг+.
11 Ӕз-иу афтӕ бакодтон, ӕмӕ-иу зӕхх бахус. Бахус-иу сты хӕхтӕ, хор, ног сӕн+, сой ӕмӕ, зӕхх цыдӕриддӕр дӕтты, уыдон. Бахус-иу адӕймаг дӕр, фос дӕр ӕмӕ, адӕймаджы къухтӕ цӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уыдон иууылдӕр“»+.
12 Салафиилы фырт Зоровавел+ ӕмӕ хистӕр сауджын Иоседекы+ фырт Йесо, стӕй иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр байхъуыстой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасмӕ+ ӕмӕ пехуымпар Аггейы ныхасмӕ+, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕ рарвыста. Ӕмӕ адӕм Йегъовӕйӕ тӕрсын райдыдтой+.
13 Йегъовӕйы минӕвар+ Аггей адӕммӕ фӕхӕццӕ кодта, Йегъовӕ йын цы загъта, уый+: «„Ӕз уемӕ дӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ».
14 Ӕмӕ Йегъовӕ сразӕнгард кодта+ Иудӕйы хицау Салафиилы фырт Зоровавелы ӕмӕ хистӕр сауджын Иоседекы фырт Йесойы+, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ Хуыцауы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хӕдзармӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ аразын райдыдтой+.
15 Уый уыд ӕхсӕзӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, Дари дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд+.