Амос 2:1—16

2  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Моав+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Едомы паддзахы стджытӕ басыгъта ӕмӕ сӕ чъыр фестын кодта+.  Ӕз Моавыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Кериофы цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн+. Моавӕн йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, хъӕлӕба, фӕдисы хъӕр ӕмӕ сыкъайы уасын куы хъуыса, уӕд+.  Амардзынӕн ын йӕ тӕрхонгӕнӕджы ӕмӕ йемӕ йӕ кънйӕзты се ’ппӕты дӕр“+,– зӕгъы Йегъовӕ“.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Иудӕ+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы закъоныл сӕ къух систой+ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтой, фӕлӕ, сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнгдзинады+ фӕдыл ацыдысты, уый фӕдыл адзӕгъӕл сты уыдон дӕр+.  Ӕз Иудӕйыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Иерусалимы цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн“+.  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Израил+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕстгӕнӕджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, ӕмӕ мӕгуыр адӕймаджы – дыууӕ дзабыры аргъыл+.  Мӕгуыр адӕмӕн зӕххы рыг сӕ сӕрыл феной, ӕндӕр сӕ ницы хъӕуы+. Сабыр* адӕмы иуварс схойынц+. Фырт ӕмӕ фыд уыцы иу ӕрыгон сылгоймагмӕ цӕуынц+, ӕмӕ мын мӕ сыгъдӕг ном чъизи кӕнынц+.  Цъынды кӕй райсынц, уыцы уӕлӕдарӕсыл сӕхи ауадзынц+ алы нывондхӕссӕны+ цур ӕмӕ, кӕй фӕивар кӕнынц, уыдоны сӕн сӕ хуыцӕутты кувӕндоны нуазынц“+.  „Ӕз та уыдоны тыххӕй аморейты+, кедрбӕлӕстау бӕрзонд ӕмӕ стыр бӕлӕстау фидар адӕмы, ныццагътон+. Уӕлейӕ сыл дыргъ нӕ ныууагътон, бынӕй та – уидаг+. 10  Ӕз уӕ Египеты зӕххӕй ракодтон+ ӕмӕ уӕ цыппор азы кодтон ӕдзӕрӕг быдырыл+, цӕмӕй аморейты зӕхх сымах бауыдаид+. 11  Уӕ фырттӕй уын хъомыл кодтон пехуымпартӕ+ ӕмӕ уӕ лӕппутӕй – назорейтӕ+. Зӕгъут-ма, Израилы фырттӕ, афтӕ нӕу?“ – зӕгъы Йегъовӕ. 12  „Фӕлӕ сымах назорейтӕн сӕн дардтат+, пехуымпартӕн та дзырдтат: „Ма пехуымпариуӕг кӕнут!“+ 13  Гъемӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ зӕхх уӕ быны змӕлдзӕн, ногкарст хоры куыристӕй йедзаг уӕрдон куыд фезмӕлы, афтӕ. 14  Цӕрдӕг чи у, уый дӕр йӕхицӕн ӕмбӕхсӕн не ссардзӕн+, фидар адӕймаг йӕ хъаруйыл нӕ бафтаудзӕн ӕмӕ тыхджын лӕг йӕ уд нӕ аирвӕзын кӕндзӕн+. 15  Фатӕхсӕг дӕр фидар нӕ фӕлӕудзӕн, сагсур дӕр нӕ алидздзӕн ӕмӕ барӕг дӕр йӕ уд нӕ аирвӕзын кӕндзӕн+. 16  Фидар зӕрдӕйы хицау чи у, уыцы тыхджын лӕг дӕр уыцы бон бӕгънӕгӕй алидздзӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Фӕлмӕн».