Амос 6:1—14

6  «Додой сӕ къона, Сионыл ӕнӕмӕт+ цард чи кӕны ӕмӕ йӕ ныфс Самарийы хохыл чи дары, уыдонӕн! Уыдон сты, адӕмты ’хсӕн ӕппӕты номдзыддӕр чи у, уыцы адӕмӕн сӕ кадджындӕртӕ, ӕмӕ уыдонмӕ цӕуынц Израилы адӕм.  Ацӕут Халнемӕ ӕмӕ акӕсут, уырдыгӕй ацӕут стыр горӕт Хаматмӕ+ ӕмӕ уырдыгӕй та – филистимӕгты горӕт Гефмӕ+. Мыййаг уыдон ацы паддзахӕдтӕй хуыздӕр сты кӕнӕ сӕ зӕххытӕ уӕ зӕххытӕй стырдӕр сты?+  Цы бӕллӕхы бон уыл акӕндзӕн, ууыл хъуыды кӕнын уӕ нӕ фӕнды+, ӕмӕ тыхгӕнӕджы уӕ зӕхмӕ хонут?+  Пылыстӕгӕй конд тъахтинтыл хуыссут+, фӕлмӕн хуыссӕнтыл уӕхи ауагътат ӕмӕ дзуджы хуыздӕр фырытӕ ӕмӕ хӕрзхаст уӕнгуытӕ хӕрут+.  Хъисфӕндырты цагъдмӕ зарджытӕ мысут+ ӕмӕ Давидау уӕхицӕн ног музыкалон инструменттӕ ӕрхъуыды кӕнут+,  сӕн къустӕй нуазут+, уӕхи хуыздӕр сойтӕй сӕрдут+ ӕмӕ, Иосифыл цы бӕллӕх ӕрцыд, ууыл нӕ риссут+.  Ӕмӕ уый тыххӕй, сӕ зӕххӕй хауӕггаг чи фӕци, уыдоны разӕй ацӕудзысты уацары+, ӕмӕ минасы бонтӕ фӕуыдзысты.  „Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕхицӕй* сомы кӕны+,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ,– Иаковы хъал митыл ӕлгъ кӕнын+ ӕмӕ йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕй ме сӕфт уынын+. Горӕт дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уый дӕр знаджы къухмӕ ратдзынӕн+.  Хӕдзары ма дӕс адӕймаджы куы баззайа, уӕд уыдон дӕр амӕлдзысты+. 10  Ӕмӕ сӕ йӕ фыды ӕфсымӕр иугай хӕсдзӕн ӕмӕ сӕ судздзӕн, цӕмӕй стджытӕ хӕдзарӕй рахӕсса+. Хӕдзары тӕккӕ рӕбыны чи уа, уый бафӕрсдзӕн: „Уым ма демӕ исчи ис?“ Уый йын дзуапп ратдзӕн, нӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕн: „Ӕнцад! Ныртӕккӕ Йегъовӕйы ном дзурыны рӕстӕг нӕу“+. 11  Йегъовӕ бардзырд дӕтты+, ӕмӕ стыр хӕдзар хӕлддзӕгтӕ фестын кӕндзӕн, гыццыл хӕдзар та фестын кӕндзӕн фӕнык+. 12  Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бӕхтӕ къӕдзӕхыл дугъы уайой? Кӕнӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл галтӕй хуым кӕной? Сымах та раст тӕрхон маргджын кӕрдӕг фестын кодтат+, ӕмӕ рӕстдзинады тыллӕг адӕмӕн сӕ дзыхы маст ад скодта. 13  Цы нӕй, уыдӕттыл цин кӕнут+ ӕмӕ дзурут: „Нӕхи хъаруйӕ не стыхджын стӕм*?“+ 14  Кӕсут, Израилы адӕм! – зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ.– Ӕз уын уӕ ныхмӕ иу адӕмы+ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ уыдон Хаматы+ арӕнтӕй суанг Аравӕйы дӕлвӕзы онг хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзысты“».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ удӕй».
Комк. «нӕ байстам сыкъатӕ».