Амос 8:1—14

8  Мӕнӕ мын цы равдыста Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: сӕрдыгон дыргътӕй дзаг чыргъӕд+.  Ӕмӕ мӕ бафарста: «Цы уыныс+, Амос?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Сӕрдыгон дыргътӕй дзаг чыргъӕд»+. Ӕмӕ мын уӕд Йегъовӕ загъта: «Мӕ адӕм Израилӕн сӕ кӕрон* ӕрцыд+. Нал сын хатыр кӕндзынӕн+.  „Уыцы бон кувӕндоны зарджытӕ раивдзысты хъарджытӕм+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.– Уыдзӕн бирӕ мӕрдтӕ+. Алы рӕтты сӕ ӕппардзысты... Сабыр!“  Байхъусут, мӕгуыры аныхъуырынмӕ чи хъавы+, зӕххыл сабыр адӕмы фесафыныл чи архайы, уыдон+.  Сымах дзурут: „Ногмӕй кӕд фӕуыдзӕн+, цӕмӕй та хор уӕй кӕнӕм?+ Кӕд фӕуыдзӕн сабат+, цӕмӕй мӕнӕуӕй ӕхца кусӕм, цӕмӕй барӕн фӕкъаддӕр кӕнӕм+, аргъыл та бафтауӕм ӕмӕ, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕн къустӕй сайӕм+,  цӕмӕй ӕххуысхъуаг адӕмы ӕлхӕнӕм ӕвзистӕй, мӕгуыр адӕймаджы – дыууӕ дзабыры аргъӕй, ӕмӕ мӕнӕуы бырон уӕй кӕнӕм?“+  Йегъовӕ Иаковы+ кадӕй расомы кодта: „Никуы сын ферох кӕндзынӕн сӕ хъуыддӕгтӕ+.  Уыцы хабарӕй зӕхх нӕ нырриздзӕн+ ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нӕ хъыг кӕндзысты?+ Нилы цӕугӕдонау ӕнӕхъӕнӕй дӕр хӕрдмӕ не ссӕудзӕн ӕмӕ Египеты Нилау нӕ сабухдзӕн ӕмӕ нӕ ныссабыр уыдзӕн?“+  „Уыцы бон,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ӕмбисбон хур аныгуылдзӕн+ ӕмӕ хур бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн. 10  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ бӕрӕгбӕттӕ раивдзысты мастмӕ+ ӕмӕ уӕ зарджытӕ иууылдӕр – хъарджытӕм, уӕ астӕутыл уын хъисын ӕрбабӕтдзынӕн, ӕмӕ уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ сӕртӕ уыдзысты даст+. Иунӕг хъӕбулыл куы фӕмаст кӕнынц, уӕд куыд вӕййы, афтӕ уыдзӕн уӕд дӕр+. Уыцы бон уын уыдзӕн масты бон“. 11  „Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕуы,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз зӕххыл скӕнын кӕндзынӕн ӕххормаг заман, ӕрмӕст уӕд адӕм дзулӕй ӕххормаг ӕмӕ донӕй дойны нӕ уыдзысты, фӕлӕ, Йегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй нал хъуысдзысты, уымӕй+. 12  Уӕд рахау-бахау кӕндзысты иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ ӕмӕ цӕгатӕй – скӕсӕнмӕ. Алы ран агурдзысты Йегъовӕйы ныхас, фӕлӕ йӕ не ссардзысты+. 13  Уыцы бон рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ ӕрыгон лӕппутӕ дӕр фырдойныйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты+. 14  Уыдон сомы кӕнынц Самарийы+ мӕнгхуыцӕуттӕй ӕмӕ дзурынц: „О Дан+, дӕ хуыцауӕй сомы кӕнын!“ ӕмӕ „Сомы кӕнын Вирсавийы+ фӕндагӕй!“ Уыдон ахаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты“»+.

Фиппаинӕгтӕ

Ацы стихы дзут. ӕвзаджы ис ӕмхуызонгонд дзырдтӕ гакке́ц («кӕрон») ӕмӕ ка́йиц («сӕрдыгон дыргътӕ»).