Данел 6:1—28
6 Дари паддзахады сӕргъы сӕвӕрдта сӕдӕ дыууын сатрапы, цӕмӕй ӕгас паддзахады дӕр разамынд лӕвӕрдтаиккой+.
2 Уыдоны сӕргъы та сӕвӕрдта ӕртӕ стыр хицауы, цӕмӕй сын сатраптӕ+, паддзахады цыдӕриддӕр цыд, уый тыххӕй хъусын кодтаиккой ӕмӕ паддзах мацы зиан баййӕфтаид+. Уыцы хицӕуттӕй иу уыд Данел+.
3 Данел иннӕ хицӕуттӕй ӕмӕ сатраптӕй тынг хицӕн кодта+, уымӕн ӕмӕ йӕм уыд диссаджы ӕмбарындзинад+. Ӕмӕ йӕ паддзах фӕнд кодта ӕгас паддзахады сӕргъы сӕвӕрын.
4 Уыцы рӕстӕг хицӕуттӕ ӕмӕ сатраптӕ та ууыл архайдтой, цӕмӕй Данелы, паддзахады хъуыддӕгтӕ куыд ӕххӕст кодта, уым истӕмӕй фӕаххосджын кодтаиккой+. Фӕлӕ ницы ӕфсон ӕрымысыдысты, ницы ӕвзӕрдзинад ссардтой Данелмӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕууӕнкджын, иу хъуыддагмӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст ӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы арӕзта+.
5 Ӕмӕ уыцы лӕгтӕ загътой: «Мах ацы Данелмӕ ницы аххос ссардзыстӕм, йӕ ныхмӕ йын йӕ Хуыцауы закъоны исты куы не ссарӕм, уӕд»+.
6 Гъемӕ уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ сатраптӕ ӕмбырдӕй паддзахмӕ бацыдысты+ ӕмӕ йын загътой: «О паддзах Дари, ӕнустӕм цӕр!+
7 Паддзахады хицӕуттӕ, сӕргълӕуджытӕ, сатраптӕ, хистӕр фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ иннӕ хицӕуттӕ уынаффӕ кодтой, цӕмӕй паддзах ахӕм закъон сфидар кодтаид+ ӕмӕ ахӕм бардзырд раттаид: ӕртын боны дӕргъы исчи дӕуӕй фӕстӕмӕ, о паддзах, искӕцы хуыцауӕй кӕнӕ адӕймагӕй исты куы ракура, уӕд ӕй хъуамӕ домбӕйтты дзыхъхъы ныппарой+.
8 Ӕмӕ ныр, о паддзах, сфидар кӕн ацы закъон ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр+, цӕмӕй ивд ма ’рцӕуа – мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты закъонмӕ гӕсгӕ+, аивӕн кӕмӕн нӕй, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ»+.
9 Ӕмӕ паддзах Дари сфидар кодта уыцы закъон ӕмӕ бардзырдыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта+.
10 Бардзырдыл къух ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, Данел уый куы базыдта, уӕд ацыд йӕ хӕдзармӕ. Йӕ уаты Иерусалимы ’рдӕм цы рудзгуытӕ кастысты, уыдон уыдысты гом+. Ӕмӕ раздӕр куыд кодта, афтӕ-иу+ бон ӕртӕ хатты+ йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ куывта+ ӕмӕ йӕ кадджын кодта+.
11 Уӕд иуафон уыцы адӕм ӕмбырдӕй Данелмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ баййӕфтой кувгӕйӕ ӕмӕ йӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕгӕнгӕйӕ+.
12 Уӕд уыдон паддзахы размӕ бацыдысты ӕмӕ, цы бардзырд радта, уый тыххӕй йын загътой: «О паддзах, ахӕм бардзырдыл нӕ ӕрӕвӕрдтай дӕ къух, зӕгъгӕ, ӕртын боны дӕргъы исчи дӕуӕй фӕстӕмӕ искӕцы хуыцауӕй кӕнӕ адӕймагӕй исты куы ракура, уӕд ӕй домбӕйтты дзыхъхъы ныппардзысты?»+ Ӕмӕ сын паддзах загъта: «Уыцы хъуыддаг фидаргонд у мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты закъонмӕ гӕсгӕ, аивӕн кӕмӕн нӕй, уыцы закъонмӕ гӕсгӕ»+.
13 Уӕд ын уыдон загътой: «Мӕнӕ Данел+, дзуттаг уацайраг+, ӕппындӕр ницӕмӕ дары нӕдӕр дӕу, о паддзах, нӕдӕр, дӕ къух кӕуыл ӕрӕвӕрдтай, уыцы бардзырд, ӕмӕ бон ӕртӕ хатты йӕ Хуыцаумӕ кувы»+.
14 Паддзахӕн уыцы хабар тынг хъыг уыд+. Ӕмӕ йӕ фӕндыд Данелӕн баххуыс кӕнын+, ӕмӕ суанг хурныгуылдмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ исты хуызы аирвӕзын кодтаид.
15 Фӕлӕ уыцы лӕгтӕ ӕмбырдӕй паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «О паддзах, дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мидиӕгты ӕмӕ персайнӕгты закъонмӕ гӕсгӕ, паддзах кӕй ӕрфидар кӕна+, уыцы бардзырдӕн кӕнӕ закъонӕн аивӕн кӕй нӕй»+.
16 Уӕд паддзах Данелы ӕрбакӕнын кодта, ӕмӕ йӕ домбӕйтты дзыхъхъы ныппӕрстой+. Паддзах та Данелӕн загъта: «Дӕ Хуыцау, ӕдзух кӕмӕн лӕггад кӕныс, уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн»+.
17 Ӕмӕ ӕрбахастой дур ӕмӕ йӕ дзыхъхъы сӕр сӕвӕрдтой, ӕмӕ йыл паддзах мыхуыр сӕвӕрдта йӕхи къухдарӕнӕй ӕмӕ йе ’лдӕртты къухдарӕнӕй, цӕмӕй Данелы хъуыддаджы мацы фӕивтаид+.
18 Уый фӕстӕ паддзах йӕ галуанмӕ бацыд ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ком дардта+, музыкалон инструменттыл ын нӕ цагътой, стӕй йӕ хуыссӕг дӕр фӕлыгъд+.
19 Райсомӕй раджы та, куыддӕр ӕрбабон, афтӕ, паддзах фестад ӕмӕ домбӕйтты дзыхъмӕ атагъд кодта.
20 Дзыхъмӕ куы бацыд, уӕд уынгӕг хъӕлӕсӕй Данелмӕ фӕдзырдта ӕмӕ загъта: «О Данел, удӕгас Хуыцауы лӕггадгӕнӕг! Ӕдзух кӕмӕн лӕггад кӕныс+, уыцы Хуыцауы бон сси дӕу домбӕйттӕй фервӕзын кӕнын?»+
21 Ӕмӕ уӕд Данел паддзахмӕ сдзырдта: «О паддзах, ӕнустӕм цӕр!
22 Мӕ Хуыцау+ йӕ зӕды+ рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид+, ӕмӕ мын ницы зиан ракодтой, уымӕн ӕмӕ ницы аххосджын уыдтӕн йӕ разы+, стӕй дӕ разы дӕр, о паддзах, ӕз ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон»+.
23 Паддзах тынг бацин кодта+ ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Данелы дзыхъхъӕй систаиккой. Данелы дзыхъхъӕй систой, ӕмӕ йыл иу цъӕррӕмыхст дӕр нӕ разынд, уымӕн ӕмӕ уый йӕ зӕрдӕ дардта йӕ Хуыцауыл+.
24 Паддзах ӕрбакӕнын кодта, Данелы чи аххосджын кодта, уыцы адӕмы+ ӕмӕ сын сӕхи, сӕ фыртты ӕмӕ сӕ устыты+ домбӕйтты дзыхъхъы ныппарын кодта+. Ӕмӕ уыдон дзыхъхъӕн йӕ бынмӕ дӕр нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ ныцъцъӕл кодтой+.
25 Уый фӕстӕ паддзах Дари ӕппӕт адӕмтӕн дӕр, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи уыд ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, зӕххыл чидӕриддӕр цард, уыдонмӕ ныффыста+: «Бирӕ фарнӕй хайджын ут!+
26 Ӕз бардзырд дӕттын+, цӕмӕй мӕ паддзахады алы бӕстӕйы дӕр адӕм Данелы Хуыцауӕй ӕмризӕджы ризой ӕмӕ дзы тӕрсой+, уымӕн ӕмӕ уый у удӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау+. Уымӕн йӕ паддзахад+ никуы фехӕлдзӕн+. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм+.
27 Уый ирвӕзын дӕр кӕны+ ӕмӕ сӕрибар дӕр кӕны, уӕларвыл+ ӕмӕ зӕххыл+ ӕвдисы нысӕнттӕ ӕмӕ аразы диссӕгтӕ. Уый Данелы фервӕзын кодта домбӕйтты дзӕмбытӕй».
28 Данелӕн йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр хорз цыдысты Дарийы паддзахады+ дӕр ӕмӕ персайнаг паддзах Киры паддзахады дӕр+.