Дзуттӕгтӕм 10:1—39

10  Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон+ кӕй у, фӕлӕ уыцы хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг йӕ мидӕг кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ, ӕдзухдӕр азӕй-азмӕ кӕй хӕссынц, уыцы нывӕндтӕй, Хуыцауӕн чи кувы, уыдоны алцӕмӕй ӕххӕст никуы скӕндзысты+.  Афтӕ куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ чи хӕссы*, уыдон иу хатт ссыгъдӕг уаиккой, ӕмӕ сӕм афтӕ нал кӕсид, ӕмӕ тӕригъӕдджын сты*+.  Уыцы нывӕндтӕ та сын азӕй-азмӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц сӕ тӕригъӕдтӕ+,  уымӕн ӕмӕ галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй+.  Уымӕ гӕсгӕ Чырысти, дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, загъта: «„Дӕу нывонд ӕмӕ кувинаг нӕ хъуыд+, фӕлӕ мын ӕрцӕттӕ кодтай буар+.  Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ дӕуӕн дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты“+.  Ӕмӕ уӕд ӕз загътон: „О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ+, мӕн тыххӕй чиныджы тыхтоны куыд фыст у, афтӕ“»+.  Фыццаг уал афтӕ загъта: «Дӕу нӕ хъуыд ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты нывӕндтӕ, кувинӕгтӕ, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ»+, ома Закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссынц, уыцы нывӕндтӕ+.  Стӕй та зӕгъы: «Ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ»+. Афтӕмӕй уый аивта фыццаг, цӕмӕй ӕрфидар кӕна дыккаг+. 10  Мах растдӕр уыцы «фӕндонмӕ»+ гӕсгӕ ссыгъдӕг стӕм+, Йесо Чырысти йӕхи* ӕрмӕстдӕр иу хатт+ нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы+. 11  Стӕй алы сауджын дӕр ӕрвылбон+ балӕууы йӕ бынаты+, цӕмӕй адӕмӕн лӕггад кӕна ӕмӕ ӕдзух хӕсса уыцы иу нывӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы нывӕндтӕн сӕ бон нӕу тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕнын+. 12  Уый та тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд ӕнустӕм+ ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс+, 13  ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау ын йе знӕгты йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ+. 14  Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй+ ӕнустӕм скодта алцӕмӕй ӕххӕст+. 15  Уымӕй уӕлдай ма нын ӕвдисӕн лӕууы Хуыцауы сыгъдӕг тых+ дӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: 16  «„Семӕ уыцы бонты фӕстӕ скӕндзынӕн ахӕм бадзырд,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сын мӕ закъӕттӕ бавӕрдзынӕн сӕ зӕрдӕты, ӕмӕ сын сӕ сӕ зонды ныффысдзынӕн“»+. 17  Уый фӕстӕ та зӕгъы: «Ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн»+. 18  Ӕмӕ сын иугӕр хатыргонд ӕрцыдысты+, уӕд та тӕригъӕдты тыххӕй нывонд нал хъӕуы+. 19  Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, иугӕр Йесойы туджы фӕрцы сыгъдӕг бынатмӕ+ нӕ бон ныфсджынӕй бацӕуын у+,– 20  уый нын бакодта ног ӕмӕ удӕгас фӕндаг ӕмбӕрзӕны+ уылты, ӕмбӕрзӕн та у йӕ буар+,– 21  ӕмӕ иугӕр Хуыцауы хӕдзары сӕргъы ахӕм кадджын сауджын лӕууы+, 22  уӕд цӕй ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, фидар ныфсимӕ ӕмӕ уырнындзинадимӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ цӕсгом ссыгъдӕг сты+ туджы бапырхӕй, ӕмӕ нӕ буӕрттӕ ӕхсад ӕрцыдысты сыгъдӕг донӕй+. 23  Гъемӕ уӕдӕ нӕ ныфсы+ тыххӕй дарддӕр дӕр ӕргом ӕмӕ фидарӕй+ дзурӕм, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый йӕ ныхасӕн хицау у+. 24  Ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм+ уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм+, 25  иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм+, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм+, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр+. 26  Уымӕн ӕмӕ кӕд, рӕстдзинад* бӕлвырд куы базыдтам+, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм+, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн+, 27  фӕлӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыдтӕрхон+ ӕмӕ Хуыцауы судзгӕ маст – уыцы маст аныхъуырдзӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны+. 28  Моисейы закъон чи ницӕмӕ ӕрдары, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй амӕлы – хатыр ын нӕ вӕййы+. 29  Ӕмӕ цымӕ уӕд цас карздӕр ӕмбӕлы бафхӕрын+, Хуыцауы Фырты йӕ къӕхты бын чи кӕны+ ӕмӕ, цы бадзырды тугӕй+ ссыгъдӕг, уымӕн аккаг аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ, Хуыцауы стыр хорзӕх кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы сыгъдӕг тых+ чи фауы, уый та? 30  Уымӕн ӕмӕ мах зонӕм, афтӕ чи загъта: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн»+. Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн»+. 31  Удӕгас Хуыцауы къухмӕ бахауынӕй тӕссагдӕр ницы ис+. 32  Уӕ зӕрдыл дарут, раздӕр, Хуыцау уӕ йӕ рухсмӕ куы ’рбакодта+, уӕд, хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ+ стыр тохы куыд фидар фӕлӕууыдыстут, уый. 33  Куы-иу уӕ адӕмы раз*+ ӕфхӕрдтой ӕмӕ уӕ фыдӕвзарӕнты хай кодтой, куы та-иу хъизӕмар кодтат, ахӕм уавӕры чи уыди, уыдонимӕ+. 34  Сымах, ахӕстоны чи уыд, уыдоны зын уӕ зӕрдӕмӕ айстат, ӕмӕ уын уӕ исбон куы фӕхастой, уӕд дӕр цин кодтат+, уӕлӕрвты уын хуыздӕр ӕмӕ ӕнӕсӕфгӕ бынтӕ кӕй ис, уый зонгӕйӕ+. 35  Уӕдӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй дзурут+, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг+. 36  Сымах хъӕуы фидардзинад+, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат+, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый+. 37  Уымӕн ӕмӕ ма «иу гыццыл»+, ӕмӕ, «ӕрцӕуинаг чи у, уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн»+. 38  «Мӕ рӕстаг лӕггадгӕнӕг та цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы»+, фӕлӕ «куы фӕтӕрса ӕмӕ мӕ куы ныууадза, уӕд мӕ удӕн* адджын нал уыдзӕн»+. 39  Ӕмӕ мах та, чи фӕтӕрсы ӕмӕ Хуыцауы чи ныууадзы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи чи сафы, уыдонӕй не стӕм+, фӕлӕ нӕм ис уырнындзинад, цӕмӕй нӕ цард* бахъахъхъӕнӕм+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны».
Кӕнӕ «сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ сӕ цӕсгом нал хӕрид».
Комк. «йӕ буар».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «цыма театры астӕу лӕууыдыстут, афтӕ».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.