Дзуттӕгтӕм 11:1—40

11  Уырнындзинад+ та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа+ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты+.  Раджы заманты чи цард, уыдон сӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кодтой, ӕмӕ, афтӕ кӕй уыди, уый сын Хуыцау бӕлвырд равдыста+.  Нӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ мах ӕмбарӕм, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый*+ Хуыцау йӕ ныхасӕй+ кӕй скодта, ӕмӕ афтӕмӕй, цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ кӕй равзӕрдысты, цӕстӕй фенӕн цы нӕй, уымӕй+.  Йӕ уырнындзинады фӕрцы Авел Хуыцауӕн ӕрхаста Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд+. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау йӕ кувинӕгтӕ айста, ӕмӕ йын уымӕй бамбарын кодта+, рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амард, уӕддӕр ма йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр дӕр дзуры+.  Йӕ уырнындзинады фӕрцы Енохы+ Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй айста+, уымӕ гӕсгӕ йӕ ссарӕн никуыуал уыд. Фӕлӕ йын уый размӕ Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый+.  Ӕнӕ уырнындзинадӕй+ та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис+ ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры+, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны+.  Хуыцау Нойы+, нырма цӕстӕй фенӕн цы нӕ уыд, уыдӕтты тыххӕй куы бафӕдзӕхста+, уӕд ӕм йӕ уырнындзинады фӕрцы разынд Хуыцауы тас, ӕмӕ сарӕзта нау+ йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн. Йӕ уырнындзинадӕй уый дунейӕн стӕрхон кодта+, ӕмӕ йӕ уырнындзинады фӕрцы бынӕн райста рӕстгӕнӕджы+ ном.  Хуыцау Аврааммӕ+ куы фӕсидт, уӕд ӕм уый йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр+.  Уый йӕ уырнындзинады фӕрцы, Хуыцау ын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым цард ӕцӕгӕлонау, цыма искӕй зӕхх уыди, афтӕ+. Царди цатырты+ Исахъ+ ӕмӕ Иаковимӕ+ – уыдонӕн дӕр Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамӕн цӕмӕй бавӕрдта зӕрдӕ, уымӕй+. 10  Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у+, уыцы горӕтмӕ+. 11  Афтӕ Саррӕйӕн+ дӕр, кӕд уыцы кары нал уыд, ӕмӕ йын сывӕллон райгуыра, уӕддӕр, йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг* рацӕуа+, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн+. 12  Ӕмӕ афтӕмӕй иу адӕймагӕй+,– уымӕй дӕр, зӕнӕг ын рацӕуа, уый гӕнӕн кӕмӕн нал уыд*, уымӕй+,– рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты ӕмӕ денджызы был змис цас ис, уыйбӕрц цот – банымайӕн сын нӕ уыд+. 13  Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл+, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты+, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой+ ӕмӕ сыл цин кодтой, стӕй ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты+. 14  Уымӕн ӕмӕ афтӕ чи дзуры, уыдон уымӕй ӕвдисынц, сӕхи чи уыдзӕн, уыцы цӕрӕнбынат зӕрдиагӕй кӕй агурынц+. 15  Уӕвгӕ, цы ранӕй рацыдысты, уый куы мысыдаиккой+, уӕд сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр+. 16  Фӕлӕ уыдон тырнынц хуыздӕр ранмӕ, уӕлӕрвты цы ис, уыимӕ баст чи у, уыцы ранмӕ+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр худинаг нӕ фӕкӕсы, уыдон ӕм, нӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, куы фӕкувынц, уӕд+ – горӕт+ дӕр ма сын ӕрцӕттӕ кодта. 17  Авраам фӕлвӕрд куы цыди+, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъы нывондӕн ӕрхаста – о, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл чи цин кодта, уыцы адӕймаг цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ+, 18  кӕд ӕмӕ йын афтӕ загъд уыд, «дӕ байзӕддаг» кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр+. 19  Фӕлӕ уый афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн+. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди, цыма йын мӕрдтӕй раздӕхт, ӕмӕ уыцы хабарӕн ис фӕсномыг хъуыды+. 20  Исахъ дӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы раарфӕ кодта Иаковӕн+ ӕмӕ Исавӕн+, загъта сын, фидӕны цы уыдзӕн, уый. 21  Иаков куы марди+, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы раарфӕ кодта Иосифы+ дыууӕ фыртӕн ӕмӕ, йӕ лӕдзӕджы сӕрыл ӕрӕнцойгӕнгӕйӕ, Хуыцауӕн бакуывта+. 22  Иосиф мӕлӕты къахыл куы ныллӕууыд, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы загъта, Израилы фырттӕ Египетӕй кӕй рацӕудзысты+, ӕмӕ сын ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ дӕр уырдыгӕй рахӕссой+. 23  Моисейы ныййарджытӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Моисейы йӕ райгуырды фӕстӕ ӕртӕ мӕйы фембӕхстой+, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдтой, рӕсугъд сывӕллон кӕй у+, ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нӕ фӕтарстысты+. 24  Моисей куы сыстыр+, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын+, 25  ӕмӕ, тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын – 26  уый Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл банымадта, Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг* уӕвгӕйӕ цы ӕфхӕрд ӕййӕфта+, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты*, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл+. 27  Йӕ уырнындзинады фӕрцы рацыд Египетӕй+, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ паддзахы фыдӕхӕй фӕтарст+ – уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ+. 28  Йӕ уырнындзинады фӕрцы скодта Куадзӕн+ ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ тугӕй бапырх кодта+, цӕмӕй зӕд Хуыцауы адӕмы фыццаг хъӕбултӕм ма бавнӕлдтаид+. 29  Израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Сырх денджызыл ахызтысты сур зӕххыл цӕуӕгау+, ӕмӕ египетӕгтӕ дӕр уымӕ сӕ ныфс куы бахастой, уӕд уыдон та доны бын фесты+. 30  Израилӕгтӕн сӕ уырнындзинады фӕрцы Иерихоны къултӕ ныккалдысты, авд боны йӕ алыварс куы фӕзылдысты, уӕд+. 31  Хӕтаг сылгоймаг Раав+ йӕ уырнындзинады фӕрцы, чи нӕ байхъуыста, уыдонимӕ нӕ фесӕфт, уымӕн ӕмӕ сгарджыты суазӕг кодта+. 32  Цы ма зӕгъон ноджыдӕр? Гедеон+, Варак+, Самсон+, Йеффай+, Давид+, Самуил+ ӕмӕ иннӕ пехуымпарты+ тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис. 33  Уыдон-иу сӕ уырнындзинады фӕрцы басастой ӕнӕхъӕн паддзахӕдтӕ+, архайдтой рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл+, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой+, домбӕйтты дзыхтӕ-иу сӕхгӕдтой+, 34  арт сыл нӕ тых кодта+, аирвӕзтысты-иу карды комӕй+, уыдысты лӕмӕгъ, фӕлӕ-иу систы тыхджын+, хӕсты-иу систы хъӕбатыр+, знаджы ӕфсӕдтӕ-иу лидзӕг фӕкодтой+. 35  Сылгоймӕгтӕн чи амард, уыдон ӕгас кодтой+. Иннӕты та фыдмард акодтой, уымӕн ӕмӕ ницавӕр аргъӕй сразы сты сӕхи ссӕрибар кӕныныл, цӕмӕй сын хай уа хуыздӕр райгасӕй. 36  Иннӕтӕй та хынджылӕг кодтой, ехсӕй-иу сӕ фӕнадтой, ӕмӕ ма-иу сӕ рӕхыстӕй дӕр сбастой+ ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр бакодтой+. 37  Дуртӕй-иу сӕ амардтой+, бахаудысты-иу фӕлварӕнты+, хырхӕй-иу сӕ афастой, кардӕй-иу сӕ фыдмард акодтой+, фысдзӕрмтты+ ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты цыдысты, ӕййӕфтой хъуагдзинӕдтӕ+, зындзинӕдтӕ+, ӕфхӕрд+. 38  Дуне кӕй аккаг нӕ уыд, уыдон ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты рахау-бахау кодтой, лӕгӕтты+ ӕмӕ хӕхты скъуыдты ӕмбӕхстысты. 39  Фӕлӕ кӕд уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Хуыцау бамбарын кодта, сӕ уырнындзинады фӕрцы сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта, уый, уӕддӕр сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст+, 40  уымӕн ӕмӕ Хуыцау махӕн+ хуыздӕр цыдӕр ӕрцӕттӕ кодта+, цӕмӕй уыдон+ ӕнӕ махӕй+ ма суой алцӕмӕй ӕххӕст+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «цардӕвӕрдтӕ». Грекъ. айо́нас.
Комк. «мыггаг».
Комк. «уымӕй дӕр, мардӕй уӕлдай чи нал уыд».
Комк. «Чырысти».
Комк. «уымӕн ӕмӕ ӕдзынӕг каст».