Дзуттӕгтӕм 12:1—29

12  Уӕдӕ нӕ алыварс уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ*+ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый+ ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд+, ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис+, ууыл фӕразонӕй+ згъорӕм+,  уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕгмӕ+ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ+, ома Йесомӕ, лӕмбынӕг кӕсгӕйӕ. Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста+, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс+.  О, йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр чи кодта, уыцы тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн+ чи бафӕрӕзта, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта+.  Уыцы тӕригъӕды ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ сымах афтӕ нӕма хӕцыдыстут, ӕмӕ уӕ туг ныккӕла+,  фӕлӕ уӕ бынтондӕр ферох, Хуыцау уын йӕ фырттау цы ныффӕдзӕхста, уый+: «Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы уайдзӕф кӕна, уӕд дӕхимӕ ма ныхъхъус+,  уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны, ӕмӕ йӕ фырттыл кӕй нымайы, уыдонӕй алкӕй дӕр бафхӕры*»+.  Сымах фидар кӕй лӕуут, уый фӕрцы ахуыр кӕнут раст зондыл+. Хуыцау сымахӕн у, фыд йӕ фырттӕн куыд уа, афтӕ+. Ӕмӕ ахӕм фырт ис, ӕмӕ йын йӕ фыд зонд ма бацамона?+  Кӕд уын, алы сывӕллонӕн дӕр зонд куыд фӕамонынц, афтӕ зонд ничи амоны, уӕд та фырттӕ не стут, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ+.  Стӕй нӕ алкӕмӕн дӕр уыди зӕххон фыд. Уыдон-иу нын зонд амыдтой+, ӕмӕ сӕ мах нымадтам. Ӕмӕ уӕд, сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи сси нӕ Фыд, уый коммӕ та куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм, кӕд ӕмӕ нӕ цард уымӕй аразгӕ у?+ 10  Уыдон нын цыбыр рӕстӕджы дӕргъы, сӕхимӕ раст куыд каст, афтӕ амыдтой зонд+, уый та нын зонд амоны нӕхи пайдайӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын уӕм+. 11  Раст у, адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы+. Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг+ – раст хъуыддӕгтӕ+. 12  Уӕдӕ бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта+ ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ+ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны. 13  Ӕмӕ уӕхицӕн аразут раст фӕндӕгтӕ+, цӕмӕй къуылыхӕн йӕ къах ма фелвӕса, фӕлӕ сдзӕбӕх уа+. 14  Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайут+ ӕмӕ уымӕ тырнут, цӕмӕй сыгъдӕг уат+, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хицауы ничи фендзӕн+. 15  Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут, цӕмӕй уӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа+, стӕй цӕмӕй уе ’хсӕн маргджын уидаг+ тау ма суадза ӕмӕ уын мацы бӕллӕхтӕ ракӕна ӕмӕ дзы бирӕтӕ ма фӕхъӕстӕ уой+, 16  стӕй ма цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау+ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл+. 17  Куы йӕ зонут, уый фӕстӕ ма йӕ бӕргӕ фӕндыд, цӕмӕй арфӕдзинадӕй уымӕн дӕр хай уыдаид+, фӕлӕ йын дзы ницы рауад+, уымӕн ӕмӕ кӕд йӕ фыдӕн цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, уӕддӕр йӕ фӕндӕн фӕивӕн нал уыди+. 18  Ӕмӕ сымах та, къухӕй бавналӕн кӕмӕ уыд ӕмӕ арт чи калдта+, уыцы хохмӕ нӕ баввахс стут+. Стӕй нӕдӕр сау мигъмӕ баввахс стут, нӕдӕр саудалынгмӕ, нӕдӕр тыхдымгӕмӕ+ 19  ӕмӕ нӕдӕр уадындзы уастмӕ+ кӕнӕ дзурӕджы хъӕлӕсмӕ+ – уыцы хъӕлӕс чи фехъуыста, уыдон лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын иу ныхас дӕр мауал загътаид+. 20  Уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарстысты, цы сын бафӕдзӕхста, уымӕй: «Фосӕй искӕцы йӕхи хохыл куы ахафа, уӕд ӕй дуртӕй амарут»+. 21  Стӕй, цы федтой, уый дӕр сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Фыртӕссӕй мыл ризӕг бахӕцыд»+. 22  Сымах баввахс стут Сионы хохмӕ+ ӕмӕ удӕгас Хуыцауы горӕтмӕ+ – уӕларвон Иерусалиммӕ+ ӕмӕ ӕнӕнымӕц зӕдтӕм+, 23  иумӕ чи ӕрӕмбырд, уыдонмӕ+, ӕмӕ сӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕмӕн сты+, уыцы фыццаггуырдты ӕмбырдмӕ+ ӕмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг+ чи у, уыцы Хуыцаумӕ, стӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй гуырд чи у+ ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст чи сси+, уыцы рӕстгӕнджытӕм 24  ӕмӕ ног бадзырды+ ӕхсӕны лӕг+ Йесомӕ ӕмӕ ныл кӕй бапырх кодта, уыцы тугмӕ+, Авелы тугӕй хуыздӕр чи дзуры, уымӕ+. 25  Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, чи дзуры, уымӕ нӕ хъусут+. Кӕд, Хуыцауы номӕй адӕмы зӕххыл чи фӕдзӕхста+, уымӕ чи нӕ хъуыста, уыдон нӕ аирвӕзтысты, уӕд мах та куыд аирвӕздзыстӕм, уӕларвӕй чи дзуры, уымӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд?+ 26  Уӕд йӕ хъӕлӕсӕй банкъуыст зӕхх+, фӕлӕ ныр та зӕгъы: «Ноджы ма иу хатт ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр»+. 27  Ацы ныхӕстӕ, «ноджы ма иу хатт», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, цы банкъуыст, ома Хуыцау цы нӕ сарӕзта, уыдӕттӕ, фесӕфдзысты+, цӕмӕй, фенкъуысӕн цӕмӕн нӕй, уый баззайа ӕнустӕм+. 28  Уӕдӕ, фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм+, уый зонгӕйӕ, дарддӕр дӕр фидар хӕцӕм Хуыцауы стыр хорзӕхыл – уый фӕрцы йын у нӕ бон, йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнын, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ+, 29  уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕвдисӕнты ахӕм стыр мигъ».
Комк. «ехсӕй фӕнӕмы».