Дзуттӕгтӕм 2:1—18

2  Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах хъӕуы, цы фехъуыстам, уымӕ нӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарын+, цӕмӕй нӕ уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса+,  уымӕн ӕмӕ кӕд зӕдты+ дзыхӕй загъд ныхас афтӕ фидар уыд, ӕмӕ, йӕ сӕрты чи ахызтаид ӕмӕ йӕм чи нӕ байхъуыстаид, уый-иу, рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ ӕфхӕрд баййӕфта+,  уӕд мах та куыд аирвӕздзыстӕм+ ӕфхӕрдӕй, ӕппӕты фыццаг нӕ Хицау+ кӕй тыххӕй дзырдта+, уыцы диссаджы ирвӕзындзинад+ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм+, уӕд? Уыцы ирвӕзындзинады хабар ӕцӕг кӕй у, уый махӕн та радзырдтой, уымӕн ӕй йӕхицӕй чи фехъуыста, уыдон.  Ӕмӕ ма йӕ Хуыцау дӕр равдыста нысӕнттӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ алыхуызон хъомысджын хъуыддӕгтӕй+, стӕй, йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй* йӕ фӕндонмӕ+ гӕсгӕ кӕй хай кӕны+, уымӕй дӕр.  Мах цы фидӕны зӕххы+ кой кӕнӕм, уыцы зӕхх зӕдты бар нӕ бакодта.  Фӕлӕ уый тыххӕй иу чидӕр афтӕ загъта: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай?+ Кӕнӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл ды тыхсай?+  Зӕдтӕй йӕ бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы+ худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл, дӕ къухты фыдӕбонӕн ӕй сӕвӕрдтай хицауӕй+.  Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын»+. Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ къӕхты бын куы ӕрӕвӕрдта+, уӕд ын йӕ бар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта+. Ӕцӕг, нырма нӕ уынӕм, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр цӕуа йӕ бар+,  фӕлӕ уынӕм, Йесо,– зӕдтӕй гыццыл дӕлдӕр ӕвӕрд чи ’рцыди, уый+,– кад+ ӕмӕ намысӕй кӕй схайджын, мӕлӕт кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй+. О, Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ уый мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр+. 10  Уымӕн ӕмӕ, ӕппӕт дӕр кӕмӕн у+ ӕмӕ ӕппӕт дӕр кӕй фӕрцы ис ӕмӕ йӕ бирӕ фыртты кадмӕ чи кӕны+, Уымӕ раст касти, цӕмӕй сӕ кӕй фӕрцы ирвӕзын кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕджы+ алцӕмӕй ӕххӕст скодтаид хъизӕмӕртты руаджы+. 11  Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕггӕнӕг дӕр ӕмӕ, кӕй сыгъдӕг кӕны+, уыдон дӕр иууылдӕр иу+ фыдӕй сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕггӕнӕгмӕ худинаг нӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ йе ’фсымӕртӕ хона+. 12  Уый афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн ме ’фсымӕртӕн. Ӕмбырды астӕу дӕ кадӕн зардзынӕн»+. 13  Ӕмӕ ноджыдӕр зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ ууыл дардзынӕн»+. Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «Ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мын Йегъовӕ кӕй радта, уыцы сывӕллӕттӕ дӕр»+. 14  Ӕмӕ «сывӕллӕттӕ» туг ӕмӕ фыдӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр сси туг ӕмӕ фыд+, цӕмӕй йӕ мӕлӕты руаджы+ йӕ тых асӕтта+, мӕлӕт хӕссыны хъомыс кӕмӕ ис, уымӕн+, ома Хӕйрӕгӕн+, 15  ӕмӕ ссӕрибар кӕна+, мӕлӕтӕй тӕрсгӕйӕ+ цӕрӕнбонты цагъар чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр+. 16  Уымӕн ӕмӕ уый зӕдтӕн баххуыс кӕнынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ Авраамы байзӕддӕгтӕн+. 17  Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ алцӕмӕй дӕр суыдаид «йе ’фсымӕрты»+ хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын+, ӕмӕ цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдты+ тыххӕй фидауынгӕнӕг+ нывонд ӕрхастаид. 18  Фӕлварӕнты йӕхӕдӕг кӕй хъизӕмар кодта+, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.