Дзуттӕгтӕм 3:1—19
3 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ*, уӕларвмӕ хуынд адӕм+, дзӕбӕх ахъуыды кӕнут, ӕргом кӕй тыххӕй дзурӕм+, зӕгъгӕ, уый у зӕхмӕ ӕрвыст*+ ӕмӕ хистӕр сауджын, ууыл – Йесойыл.
2 Моисей+ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы хӕдзары* иузӕрдион куыд уыд+, афтӕ уый дӕр иузӕрдион+ уыди, апостолӕй ӕмӕ йӕ хистӕр сауджынӕй чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцауыл.
3 Фӕлӕ хӕдзарӕй хӕдзараразӕг кадджындӕр куыд вӕййы+, афтӕ уый+ дӕр Моисейӕ стырдӕр кады аккаг уыд+.
4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау+.
5 Моисей Хуыцауы хӕдзары алы хъуыддаджы дӕр уыд иузӕрдион, куыд лӕггадгӕнӕг+, афтӕ, ӕмӕ йӕ лӕггад амыдта, фӕстӕдӕр цы хъуамӕ раргом уыдаид, уымӕ+.
6 Чырысти та иузӕрдион уыди, куыд Хуыцауы Фырт+, афтӕ, йӕ Фыды хӕдзармӕ йӕ хъус куыд дардта, уыцы хъуыддаджы. Ӕмӕ уыцы хӕдзар та стӕм мах+, кӕд, нӕ бон сӕрибарӕй дзурын кӕй у, ууыл ӕмӕ, сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, уыцы ныфсыл кӕронмӕ фидар хӕцӕм, уӕд+.
7 Хуыцауы сыгъдӕг тых+ афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+,
8 уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ мӕ ӕдзӕрӕг быдыры+ куы смӕсты кодтой+, куы мӕ фӕлвӕрдтой+, уӕд куыд бакодтой, афтӕ.
9 Кӕд цыппор азы+ дӕргъы мӕ хъуыддӕгтӕ+ сӕхи цӕстӕй уыдтой, уӕддӕр мӕ фӕлвӕрдтой.
10 Ӕмӕ мын уый тыххӕй уыцы фӕлтӕр фенад, ӕмӕ загътон: „Ӕдзух сӕ зӕрдӕты фӕдыл адзӕгъӕл вӕййынц+, нӕ мын базыдтой мӕ фӕндӕгтӕ“+.
11 Гъемӕ сӕм смӕсты дӕн, ӕмӕ расомы кодтон: „Уыдон ме ’нцойадмӕ+ нӕ бацӕудзысты“»+.
12 Уӕдӕ уӕхи хъахъхъӕнут, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ удӕгас Хуыцауӕй+ мачи адард уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ма суа хӕлд ӕмӕ, уырнындзинад кӕм нӕй, ахӕм.
13 Ӕмӕ ма цалынмӕ афтӕ зӕгъӕн ис, «абон»+, зӕгъгӕ, уӕдмӕ алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут+, цӕмӕй уӕ тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.
14 Уымӕн ӕмӕ нын Чырыстийӕ хай ӕрмӕстдӕр уӕд ис+, кӕд ӕмӕ нӕ райдианы цы уырныдта, ууыл фидар хӕцӕм кӕронмӕ дӕр+,
15 цалынмӕ ма Фыстад дзуры: «Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ мӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы смӕсты кодтой+, уӕд куыд бакодтой, афтӕ».
16 Фӕлӕ чи уыдысты, Хуыцауы чи фехъуыста ӕмӕ йӕ уӕддӕр чи смӕсты кодта, уыдон?+ Моисей Египетӕй кӕй ракодта, уыдон нӕ уыдысты се ’ппӕт дӕр?+
17 Науӕд Хуыцауӕн цыппор азы дӕргъы ӕнад чи уыд?+ Тӕригъӕды фӕндагыл чи ацыд ӕмӕ се стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдон нӕ уыдысты?+
18 Стӕй, йӕ коммӕ чи нӕ каст, уыдоны йеддӕмӕ кӕмӕн расомы кодта+, ме ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзыстут, зӕгъгӕ?+
19 Уӕдӕ йӕ уынӕм: уыдонӕн йе ’нцойадмӕ бацӕуын сӕ бон уый тыххӕй нӕ баци, ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕ уыд+.