Дзуттӕгтӕм 4:1—16

4  Уӕдӕ, Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый нырма йӕ тыхы ис+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нӕ чидӕр аккаг нӕ разынд+.  Хорз хабар махӕн куыд фехъусын кодтой+, афтӕ йӕ фехъусын кодтой нӕ фыдӕлтӕн дӕр+. Фӕлӕ, цы дзырд фехъуыстой, уый сын пайда не ’рхаста+, уымӕн ӕмӕ сӕм нӕ уыди, чи йӕм байхъуыста+, уыдонмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад+.  Мах та, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон, цӕуӕм йе ’нцойадмӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: «Гъемӕ сӕм смӕсты дӕн, ӕмӕ расомы кодтон+: „Уыдон ме ’нцойадмӕ+ нӕ бацӕудзысты“»+, кӕд йӕ хъуыддӕгтӕ, дуне куы фӕзынд, уӕд*+ конд фесты+, уӕддӕр.  Ӕвдӕм боны тыххӕй уый иу ран афтӕ загъта: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр улӕфын райдыдта»+.  Ӕмӕ та ноджыдӕр загъта: «Уыдон ме ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзысты»+.  Хорз хабар+ фыццаг кӕмӕн фехъусын кодтой, уыдон сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады+ тыххӕй уыцы ӕнцойадмӕ нӕ бацыдысты. Фӕлӕ ма уӕддӕр кӕмӕндӕрты сӕ бон у бацӕуын.  Гъе уымӕ гӕсгӕ ногӕй сбӕрӕг кодта иу бон, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ фӕстӕдӕр загъта Давиды псаломы, «абон», зӕгъгӕ,– уӕлдӕр куыд загъд у, раст афтӕ: «Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут»+.  Навины фырт Йесо+ сӕ куы бакодтаид ӕнцойады бынатмӕ+, уӕд уый фӕстӕ Хуыцау ӕндӕр боны кой нал кодтаид+.  Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон+. 10  Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыд, уый+ йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй+, Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ. 11  Гъемӕ уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй нӕ тӕригъӕды мачи бафта ӕмӕ уыдонау ӕгоммӕгӕс ма суа+. 12  Хуыцауы ныхас+ у удӕгас+ ӕмӕ дзы ис стыр тых+, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ+ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны+ ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый*+, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ* ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы+ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ. 13  Ӕмӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына+ – дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом+. 14  Уӕдӕ нын ахӕм цытджын хистӕр сауджын кӕй ис,– Йесо, Хуыцауы Фырт+, уӕлӕрвтӕм+ чи ссыд, уый,– уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр ӕргом дзурӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй+. 15  Уымӕн ӕмӕ нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу+. Уый махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта+. 16  Гъемӕ уӕдӕ баввахс уӕм+, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ* ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувӕм+, цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕд». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.
Комк. «афтӕ ахизы, ӕмӕ фӕхицӕн кӕны уд ӕмӕ зӕрдӕ». «Уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «нуӕрттӕ» кӕнӕ «ӕрхӕджытӕ».
Комк. «стыр хорзӕхы паддзахбадӕнмӕ».