Дзуттӕгтӕм 5:1—14

5  Адӕмӕй хистӕр сауджын чи свӕййы, уыдонӕй алкӕцы дӕр ӕвӕрд ӕрцӕуы Хуыцауы хъуыддаджы сӕргъы+, адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн, цӕмӕй кувинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕсса+.  Уымӕн йӕ бон у, ӕнӕзонгӕйӕ чи рӕдийы, уыдоны ӕмбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл дӕр уӕз кӕнынц йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ+.  Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссын фӕхъӕуы канд адӕмы тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕхи тыххӕй дӕр+.  Стӕй уыцы кадджын бынаты адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхи нӕ сӕвӕры+, фӕлӕ йӕ Хуыцау сӕвӕры+ – Аароны+ куыд сӕвӕрдта, афтӕ.  Ӕмӕ Чырысти дӕр хистӕр сауджын куы сси+, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи не скадджын кодта+, фӕлӕ йӕ скадджын кодта+, афтӕ йын чи загъта, «ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд»+, зӕгъгӕ, уый.  Афтӕ ма ӕндӕр ран дӕр загъта: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм»+.  Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ+ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас+ ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй.  Кӕд йӕ Фырт уыди, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл+.  Ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст куы сси+, уӕд ын Хуыцау йӕ бар бакодта, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕсы+, уыдоны ӕнусон ирвӕзындзинад+, 10  уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын+. 11  Уый тыххӕй нӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ зын у сымахӕн бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут+. 12  Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ сымах хъуамӕ ахуыргӕнджытӕ+ уаиккат, фӕлӕ та уын ногӕй амонын хъӕуы Хуыцауы ныхӕсты+ «абетӕ»+. Ахӕм уавӕрмӕ ’рцыдыстут, ӕмӕ уын хъӕбӕр хӕринаг нӕ+, фӕлӕ ӕхсыр дӕттын хъӕуы. 13  Йӕ хӕринаг ӕхсыр кӕмӕн у, уый рӕстдзинады дзырдӕн ницы зоны, уымӕн ӕмӕ нырма гыццыл сывӕллон у+. 14  Хъӕбӕр хӕринаг та у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн, йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд+, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта, уыдонӕн+.

Фиппаинӕгтӕ