Дзуттӕгтӕм 6:1—20

6  Уӕдӕ иугӕр Чырыстийы+ тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ+ фӕстейӕ ныууагътам, уӕд ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ+, ногӕй та бындур ӕвӕрынмӕ ма бавналӕм+, ома та нӕ ногӕй исчи ма райдайа ахуыр кӕнын алыхуызон ахуырӕдтыл: мард хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕнын+, Хуыцауыл баууӕндын+,  алыхуызон аргъуыдтӕ+, къухтӕ ӕвӕрын+, мӕрдты райгас+ ӕмӕ ӕнусон тӕрхоныл+.  Уӕвгӕ, суыдзыстӕм фӕлтӕрдджын, кӕд Хуыцау зӕгъа, уӕд+.  Кӕддӕр Хуыцау йӕ рухсмӕ кӕй ӕрбакодта+, уӕларвон лӕвары ад чи базыдта+, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи схайджын+,  Хуыцауы диссаджы ныхасы ад чи банкъардта+ ӕмӕ, ӕрцӕуинаг дунейы* Хуыцауы хъаруйӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕудзӕн, уый чи федта+,  фӕлӕ уырнындзинады фӕндагӕй чи ахауд+, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис+, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй хъӕдыл байтындзынц ӕмӕ йӕ адӕмы раз худинаг кӕнынц+.  Зӕгъӕм, зӕхх къӕвдатӕй куы бафсӕды, ӕмӕ йыл чи кусы, уыдонӕн, цӕмӕ йӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый куы ратты+, уӕд уыцы зӕхх Хуыцауӕй арфӕгонд вӕййы.  Сындзыты ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы бын куы фӕуа, уӕд та ницӕмӕн бӕздзӕн, ӕлгъыст фӕуыдзӕн+ ӕмӕ йыл ӕппынфӕстаг арт бандзардзысты+.  Фӕлӕ кӕд уыдӕтты кой кӕнӕм, уӕддӕр ӕй, нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, фидарӕй зонӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут – ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, уый. 10  Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый+ – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн+. 11  Фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй уӕ алчидӕр дарддӕр дӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайа ӕмӕ уын цы ныфс+ ис, ууыл кӕронмӕ+ фидарӕй ӕууӕнда+, 12  цӕмӕй зивӕггӕнаг ма суат+, фӕлӕ, Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта+, уыдоны фӕзмат+. 13  Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта+, уӕд расомы кодта йӕхицӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ бон йӕхицӕй уӕлдӕр никӕмӕй уыд расомы кӕнын+, 14  ӕмӕ загъта: «Ӕз дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕмӕнг сбирӕ кӕндзынӕн»+. 15  Хуыцау Авраамӕн ацы хъуыддагӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уый фӕразондзинад куы равдыста, уӕд+. 16  Адӕм расомы кӕнынц, сӕхицӕй уӕлдӕр чи вӕййы, уымӕй+, ӕмӕ се ’хсӕн ныхас ууыл ахицӕн вӕййы, уымӕн ӕмӕ уыцы сомы вӕййы бӕлвырдгӕнӕн, афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕн+. 17  Раст афтӕ Хуыцау дӕр, йӕ фӕнд ӕнӕивгӕ кӕй у, уый+, йӕ хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдонӕн+ ноджы ирддӕрӕй равдисынвӕнд куы скодта, уӕд йӕ ныхас сомыйӕ сфидар кодта, 18  цӕмӕй, Хуыцауӕн йӕ бон цы дыууӕ ӕнӕивгӕ хъуыддаджы нӕу фӕсайын+, уыдон мах – йӕхи Хуыцауы уазӕг чи бакодта, уыдоны,– разӕнгард кӕной, цы ныфс+ нын ис, ууыл фидар хӕцынмӕ. 19  Уыцы ныфс+ махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕмӕ нӕ бакӕндзӕн мидӕмӕ, ӕмбӕрзӕны фӕстӕмӕ+. 20  Уырдӕм нӕ разӕй бахызти+ ӕмӕ нын фӕндаг бакодта Йесо – ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «цардӕвӕрды».