Дыккаг закъон 1:1—46
1 Ацы ныхӕстӕ Моисей загъта ӕгас Израилӕн Иорданы+ раз, ӕдзӕрӕг быдыры, Суфы раз цы быдыртӕ ис, уым, Фаран+, Тофел, Лаван, Асироф+ ӕмӕ Дизагавы ’хсӕн.
2 Хоривӕй Кадес-Варнимӕ+ у иуӕндӕс боны цыд, Сеиры хӕхбӕстӕм цы фӕндаг цӕуы, ууыл.
3 Цыппорӕм+ азы, иуӕндӕсӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон Моисей Израилы фырттӕн загъта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста зӕгъын, уый.
4 Уый уыд, аморейты паддзах Сигоны+,– Есевоны чи царди, уый, ӕмӕ Васаны паддзах Огы+,– Астарофы+ чи царди, уый, Едрейы+ куы ныддӕрӕн кодта, уый фӕстӕ.
5 Моавы бӕстӕйы, Иорданы раз, Моисей ацы закъон+ ӕмбарын кӕнын райдыдта ӕмӕ загъта:
6 «Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын Хоривы+ загъта: „Ацы хӕхбӕсты бирӕ рӕстӕг фӕцардыстут+.
7 Ныр сыстут ӕмӕ ацӕут, аморейтӕ+ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхбӕстӕм ӕмӕ, сӕ фарсмӕ цы бӕстӕтӕ ис, уырдӕм: Аравӕмӕ+, хӕхбӕстӕм+, Шефелӕмӕ, Негевмӕ+ ӕмӕ денджызы былмӕ+. Ацӕут ханаайнӕгты+ бӕстӕм, стӕй суанг Ливанмӕ+ ӕмӕ стыр цӕугӕдонмӕ, Евфратмӕ+.
8 Ӕз ацы зӕхх дӕттын сымахӕн. Ацӕут, Йегъовӕ уӕ фыдӕлтӕн, Авраам, Исахъ+ ӕмӕ Иаковӕн+, цы зӕххы тыххӕй расомы кодта, сымахӕн ӕмӕ йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн* ратдзынӕн+, зӕгъгӕ, уырдӕм ӕмӕ йӕ бацахсут“.
9 Уыцы рӕстӕг уын ӕз загътон: „Сымахӕн разамынд дӕттон – уыцы уаргъ мӕнӕн иунӕгӕй хӕссын мӕ бон нӕу+.
10 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ сбирӕ кодта, ӕмӕ уын ныр, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+.
11 Ӕмӕ ма уӕ Йегъовӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцау, цы стут, уымӕй мин хатты фылдӕр фӕкӕнӕд+ ӕмӕ уын раарфӕ кӕнӕд+, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ+.
12 Куыд у мӕ бон иунӕгӕй ахӕм уӕззау уаргъ хӕссын, ӕмӕ сымахӕн разамынд дӕттон ӕмӕ ӕмӕ уӕ хылтӕн быхсон?+
13 Уӕ мыггӕгтӕй равзарут зондджын, ӕмбаргӕ+ ӕмӕ фӕлтӕрд+ лӕгты, ӕмӕ сӕ ӕз уӕ сӕргъы сӕвӕрдзынӕн“+.
14 Ӕмӕ мын сымах загътат: „Цы нын зӕгъыс, уый хорз хъуыддаг у“.
15 Уӕд уын ӕз уӕ мыггӕгты хистӕрты, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрд лӕгты, уӕ сӕргъы сӕвӕрдтон: кӕй дзы мин адӕймаджы сӕргъы сӕвӕрдтон, кӕй – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, кӕй – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, кӕй – дӕс адӕймаджы сӕргъы, кӕй та дзы уӕ мыггӕгты разамонджытӕй сӕвӕрдтон+.
16 Уыцы рӕстӕг уӕ тӕрхонгӕнджытӕн загътон: „Уе ’фсымӕрты хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ, искӕмӕн йе ’фсымӕримӕ науӕд ӕрцӕуӕггагимӕ+ исты быцӕу куы уа, уӕд, хъуамӕ тӕрхон кӕнат рӕстӕй+.
17 Тӕрхон кӕнгӕйӕ макӕй хъулон кӕнут+. Байхъусут-иу хуымӕтӕг адӕймагмӕ дӕр ӕмӕ кадджын адӕймагмӕ дӕр+. Адӕмӕй ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг Хуыцау у+. Исты хъуыддаг уын-иу зын равзарӕн куы уа, уӕд-иу мӕнмӕ ӕрбацӕут, ӕмӕ йӕ ӕз равзардзынӕн“+.
18 Уыцы рӕстӕг уын радзырдтон, цы уӕ хъӕуы аразын, уыдон иууылдӕр.
19 Уый фӕстӕ рацыдыстӕм Хоривӕй ӕмӕ ацыдыстӕм, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕдзӕрӕг быдырыл+,– уӕхӕдӕг ӕй федтат,– аморейтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхбӕстӕм цы фӕндаг цӕуы, ууыл+, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппынфӕстаг ӕрцыдыстӕм Кадес-Варнимӕ+.
20 Ӕмӕ уын ӕз загътон: „Сымах ӕрбацыдыстут, аморейтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхбӕстӕм, ӕмӕ йӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕтты махӕн+.
21 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ ацы зӕхх радта сымахӕн+. Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ йӕ бацахсут, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут+“.
22 Фӕлӕ мӕм сымах иууылдӕр ӕрбацыдыстут ӕмӕ мын загътат: „Нӕ разӕй искӕй арвитӕм, цӕмӕй уыцы зӕхх басгарой ӕмӕ нын бӕрӕг ӕрбахӕссой, цы фӕндагыл нӕ хъӕуы ацӕуын ӕмӕ цы горӕттӕм бацӕудзыстӕм, уымӕй“+.
23 Уыцы хъуыддаг мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнӕй равзӕрстон дыууадӕс лӕджы – фӕйнӕ лӕджы алы мыггагӕй дӕр+.
24 Уыдон ацыдысты ӕмӕ ссыдысты хӕхбӕстӕм+, стӕй схӕццӕ сты Ешколы+ дӕлвӕзмӕ ӕмӕ йӕ басгӕрстой.
25 Уырдыгӕй семӕ рахастой уыцы зӕххы дыргътӕй+ ӕмӕ нӕм сӕ ӕрбахастой. Ӕмӕ нын хабӕрттӕ ракодтой ӕмӕ загътой: „Нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын цы зӕхх дӕтты, уый у хорз зӕхх“+.
26 Фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыд уырдӕм ацӕуын+ ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ рацыдыстут+.
27 Уӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Йегъовӕ нӕ йе сӕфт уыны+, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ракодта Египеты+ зӕххӕй, цӕмӕй нӕ аморейты къухтӕм ратта ӕмӕ нӕ ныццӕгъда+.
28 Кӕдӕм цӕуӕм? Не ’фсымӕртӕ нын нӕ зӕрдӕты тас бауагътой+. Афтӕ дзурынц: „Цы адӕм дзы цӕры, уыдон махӕй тыхджындӕр ӕмӕ бӕрзонддӕр сты+. Сӕ горӕттӕ сты стыр, сӕ фидаргонд къултӕ ӕххӕссынц суанг арвы онг+. Стӕй дзы федтам енакимты+ дӕр“.
29 Уӕд уын ӕз загътон: „Ӕппындӕр сӕ ма тӕрсут+.
30 Уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уӕ разӕй. Уый йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй+, уӕ цӕстыты раз Египеты зӕххыл куыд кодта+,
31 стӕй ӕдзӕрӕг быдыры+ дӕр, афтӕ. Уым ӕнӕхъӕн фӕндагыл уыдтат, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ йӕ къухтыл кӕй хаста+, фыд йӕ фырты куыд хӕсса, афтӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ“+.
32 Фӕлӕ сымах уӕддӕр не ’ууӕндыдыстут уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл+,
33 уӕ разӕй чи цыди ӕмӕ, уӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтаиккат, ахӕм бынат-иу уын чи агуырдта+, ууыл. Цы фӕндагыл уӕ хъуыд цӕуын, уый цӕмӕй уыдтаиккат, уый тыххӕй уӕ Хуыцау ӕхсӕвы цыди арты, бонӕй та – мигъы+.
34 Йегъовӕ та уын уыцы рӕстӕг уӕ ныхӕстӕ иууылдӕр хъуыста. Ӕмӕ смӕсты ӕмӕ расомы кодта+:
35 „Уӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы хорз зӕхх ацы адӕмӕй, ацы фыдзонд фӕлтӕрӕй, иу дӕр нӕ фендзӕн+.
36 Фендзӕн ӕй ӕрмӕстдӕр Йефоннийы фырт+ Халев. О, уый йӕ фендзӕн. Халевӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн ратдзынӕн, кӕуыл цыд, уыцы зӕхх, уымӕн ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр каст Йегъовӕйы коммӕ+.
37 Сымах тыххӕй ма Йегъовӕ мӕнмӕ дӕр смӕсты ӕмӕ загъта: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы зӕхмӕ+.
38 Навины фырт Йесо, дӕ лӕггадгӕнӕг, бацӕудзӕн уырдӕм“+. Хуыцау Йесойы бафидар кодта+, уымӕн ӕмӕ Йесо бакӕндзӕн Израилы уыцы зӕхмӕ, цӕмӕй йӕ бынӕн райсой.
39 Уырдӕм бацӕудзысты уӕ сывӕллӕттӕ, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, сӕхицӕн сӕ акӕндзысты+, зӕгъгӕ,– хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый чи нӕма зоны, уыцы фырттӕ. Ӕз уыцы зӕхх уыдонӕн ратдзынӕн ӕмӕ йӕ уыдон бацахсдзысты.
40 Ныр та иннӕрдӕм фӕзилут ӕмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацӕут“+.
41 Уӕд мын сымах загътат: „Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтам+. Мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ схӕцдзыстӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ!“ Ӕмӕ уӕ алчидӕр йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ йӕ астӕуыл ӕрбабаста. Афтӕ уӕм каст, ӕмӕ хохмӕ ссӕуын ӕнцон уыдзӕн+.
42 Фӕлӕ мын Йегъовӕ загъта: „Афтӕ сын зӕгъ: „Ма ссӕут хохмӕ ӕмӕ ма схӕцут, уымӕн ӕмӕ ӕз уемӕ нӕ дӕн+ ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ ныппырх кӕндзысты“+.
43 Ӕз уын уыцы ныхӕстӕ загътон, фӕлӕ сымах уӕддӕр нӕ байхъуыстат. Сымах Йегъовӕйы ныхасы ныхмӕ рацыдыстут+ ӕмӕ уӕ фырсӕрбӕрзондӕй бафӕлвӕрдтат хохмӕ ссӕуын+.
44 Ӕмӕ уыцы хохыл чи цард, уыцы аморейтӕ уӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ уӕ мыдыбындзытау фӕстейӕ асырдтой+ ӕмӕ уӕ дӕрӕн кодтой Сеиры ӕмӕ суанг Хормӕйы онг+.
45 Сымах раздӕхтыстут ӕмӕ Йегъовӕйы раз ӕрдиаг кӕнын райдыдтат, фӕлӕ уӕм Йегъовӕ нӕ хъуыста+, хъуыды дӕр уӕ не ’ркодта+.
46 Ӕмӕ Кадесы фӕцардыстут бирӕ рӕстӕг+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «мыггагӕн».